ЛÆГГАД ДЫУУÆРДÆМ У

Нæй ахæм ныййарæг, йæ кæстæры хорз кæй нæ фæн-ды, кæд алкæмæн æндæр æмæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ уыдоны царды раст фæндагыл бафтауын йæ бон не свæййы, уæддæр. Ныййарæг йæ уд фæхъары, цæмæй царды ма фæцуда, ифтонг уа, ныфс ын уа. Æмæ йын ф-лæггад кæны, цалынмæ йе уæнгты тых раихсыйы, йæ зонд нæ фæцуды, уæдмæ. Йæ кæстæр кардзыды азтæм бахизы, уæддæр йæ аудинаг уый у, йæ тыхст ууыл вæййы.

Фæлæ, хъыгагæн, алы кæстæр рæгъыдзыд нæ разы-ны, аргъ кæнын нæ базоны ныййарæджы лæггадæн æмæ йын лæггадæй дзуапп нæ радты. Йæ рæдыд бамбары æр-мæстдæр уæд, йæхæдæг ныййарæг куы свæййы æмæ кæстæры ‘рдыгæй фаг лæггад куынæ райсы.

Ахæм цаутæн нæ фыдæлты царды бынат нæ уыд, кæд-иу уыд, уæд – тынг стæм хатт. Уæд æндæргъуызон уыд сæ цардуаг. Цы фидар æгъдæуттæм гæсгæ цардысты, уыдо-ны сæрты ахизæн нæ уыд æмæ-иу чи ахызт, уый та адæ-мы цæсты йæ кад дæлæмæ кодта. Уыцы æгъдæуттæй сæ иу уыд хистæрæн, ныййарæгæн аргъ æмæ лæггад кæнын. Ахæм цаутæн ма   нæ фыдæлты царды бынат уый тыххæй нæ уыд æмæ иу хæдзары бирæ бинонтæй цардысты, стæй – цалдæр фæлтæрæй. Æмæ алчи йæ хæстæ зыдта, кæрæдзийы æмбæрстой, кæстæр хистæрмæ хъусын фæ-рæзта æмæ йын йæ амындтытæ æххæст кодта, иста дзы царды фæлтæрддзинад. Афтæ хистæр кæстæрæн лæггад кодта, кæстæр та – хистæрæн. Æмæ, зæгъгæ, хистæрæн йæ бон лæггад кæнын нал уыд, уæд ын йæхицæн лæггад кодтой йæ кæстæртæ йæ царды кæронмæ.

Ныр дуг ахæм нал у. Цæхгæр фæивта. Фыдæлтæй нæм цы хорз æгъдæуттæ æрхæццæ сты, уыдон цудынц. Нал фендзынæ, кæнæ та тынг стæм хатт фендзынæ, бирæ кæстæртæ кæм ис, ахæм бинонтæ. Иу, дыууæ, стæм хатт æртæ сывæллоны цы бинонты ‘хсæн байрæзынц, уыдо-ны, сæ амæндтæ ссаргæйæ, фæфæнды хицæнæй цæрын æмæ фæхицæн вæййынц сæ хистæртæ – ныййарджы-тæй. Цы загъдæуа, æндæр рæттæм, æгæрыстæмæй дард фæсарæнтæм чи фæлыгъд цæрынмæ, уыдонæй та? Сæ иутæ дæр æмæ сæ иннæты дæр сæ æрвылбонон аудинæгты бын нал равдæлы ныййарджытыл хъуыды кæнынмæ, сæ тыхсты рæстæджы сæ фарсмæ балæууынмæ. Ныййарджытæн та се  ‘ппæт хъуыдытæ уыдоныл вæййынц.

Афтæмæй фылдæр хатт сæ бирæ кæстæртæй æнæ кæстæр аззайынц сæ зæры бонты. Уыцы бонты, фæкæсын, лæггад кæнын сын куы фæхъæуы. Фæзæгъынц, зæгъгæ, лæггад дыууæрдæм у. Фæсмон ыл нæ хъæуы – кæддæр фæстæмæ дæхимæ раздæхдзæн. Ныййарæг кæстæры раз йæ хæс бафиды – схъомыл æй кæны, царды фæндагмæ йæ ракæны. Кæстæры хæс дæр у, цæмæй ныййарæджы раз йæ хæс æххæст кæна, уæлдайдæр та,  зæры бонты йæ фарсмæ балæууын куы фæхъæуы.

 

НЕКРОЛОГ

Некролог, не ‘хсæнæй чи фæхъæуы, уыдонæй алкæ-уыл нæ фыссынц.  Ныффыссынц æй, адæмы ‘хсæн йæ архайдæй зынгæ фæд чи ныууагъта, бирæ хæрзты сын чи бацыд, ахæм адæймæгтыл. Æмæ уым мæгуырæй, фауинагæй ницы ис. Йæ архайд, йæ царды фæндаг, цы стыр, бæрнон бынæтты фæкуыста, уый адæмæн ногæй сæ зæрдыл æрлæууын кæнынц.

О, алкæуыл некролог фысгæйæ нæу. Ахъуыды ма кæ-нут, алкæуыл куы фыссиккой, уæд дзы цы рауаид! Мардæй æвзæр ничи зæгъы æмæ некролоджы дæр æвзæрæй цы хъуамæ ныффыссай? Æмæ ахæм хорз «характеристи-кæтимæ» махæй алчи дæр, йæ фæстаг фæндагыл цæугæйæ, Барастыры раз куы балæууа, уæд афтæ нæ бафæрсдзæнис, кæд иууылдæр афтæ хæрзтæ стут, кæд уæ бынат иууылдæр дзæнæты аккаг у, уæд ма зындонмæ та кæй хъуамæ барвитон? Уый æмбарынц ам, уæлæуыл æмæ алкæйы тыххæй уымæн нæ фыссынц некролог. Фыссынц равзаргæтыл, разагъта адæймæгтыл. Фæлæ уыдоныл фысгæйæ дæр алцæмæ раст цæстæй хатт нæ акæ-сынц. Цæвиттон, стыр бынæтты кусæг куы фæхъæуы не ‘хсæнæй, уæд ын йæ некролоджы æрнымайынц, иу бæрнон бынат куыд ивта иннæмæй. Фæлæ нæ фыссынц, цæмæн ивта ахæм бынæтты – сургæ-иу æй акодтой, æви ног бынаты йæ сæр тынгдæр хъуыди. Нæ ныффыссынц, йæ зонд, йæ арæхстдзинады руаджы арæзта карьерæ, æви йæ размæ схойæг уыдис, йæ арм ыл чидæр æвæрдта. Цал æмæ цал вæййы ахæмтæ, кæцытæ стыр бынæтты фæ-куыстой, фæлæ сæ куыст фæстæмæ йедтæмæ размæ не ‘ггуырст. Фæлæ куы амæлы, уæд æм некролог фембæлы. Æмæ йыл ныффыссынц. Некрологы куыд вæййы, афтæ – æппæлæн ныхæстæ.

Æрмæстдæр адæмы мысынады баззайы амæлæг адæймаг, цахæм уыд, æрмæстдæр ахæмæй.

 

ÆНÆМБÆРСТ ДУНЕТÆ

Рантыстыстæм æнæмбæрст дунейæ, цæрæм æнæмбæрст дунейы æмæ ацæудзыстæм æнæмбæрст дунемæ…

 

АСТÆУ ТАСЫ…

Хорз у, æви æвзæр, адæймагæн йæ астæу куы таса? Иугъуызон дзуапп ын радтæн нæй.

Хорз уымæй у æмæ цард куыстæй аразгæ у, æмбисонд дæр афтæ амоны, куыст цардæн – фæрæз, зæгъгæ. Гъе æмæ цæмæй кусай, уый тыххæй астæуы тасын кæнын хъæуы. Магусайæ æнæхъуаджы нæ фæдзурынц, зæгъгæ, йæ астæу куыстмæ нæ тасы. Нæ йын фæтасы æмæ цардыл нæ фæхæст вæййы, нæ йæ ссары æмæ цæрæнбонты æндæртæй æнхъæлцау уæвгæйæ, йæ бонтæ фервиты. Цы бæллицтæ йæм фæзыны, уыдон ын йæ зивæджы аххосæй æххæст не ‘рцæуынц.

Уый æмæ дын йæ астæу куыстмæ кæмæн тасы, ахæм адæймаг! Цас ын бантысы йæ царды дæргъы, цас! Саразы йæ цард, йæхи куыд фæнды, йæ фадæттæ æмæ йæ уавæртæ куыд амонынц, афтæ. Фæлæггад кæны йæ зæронд ныййарджытæн, царды фæндæгтыл бафтауы йæ кæстæрты. Нымад вæййы адæмы ‘хсæн.

Астæуы адæймаг йæхæдæг тасын кæны. Цы куыст æй фæнды бакæнын, уымæ.

Уый хорз у, раппæлинаг хъуыддаг у.

Гъе, фæлæ адæймаг йæ астæу æрмæст куыстмæ нæ тасын кæны. Хъыгагæн, бирæ ис ахæмтæ, кæцытæ сæ астæу тасын кæнынц бæрзонд бынаты бадæджы, æнхъæл кæмæй у, ахæмты раз. Чи йæ тынгдæр тасын кæны, чи – къаддæр. Æмæ уымæй сæ уд хъарынц сæ хорзæх сын сса-рыныл, цæмæй сæм чи не ‘мбæлы, ахæм хæрзиуджытæй истытæ раскъуыной. Уый иутæн бантысы, æндæртæн – нæ. Уый кæнгæ у, кæй разы тасын кæнынц сæ астæутæ, уыдонæй. Бирæтæ уарзынц, сæ разы сæ астæутæ куы тасын кæнынц æмæ сын сæ хъуыддаг дæр саразынц. Би-рæтæ та нæ уарзынц, уарзгæ нæ, фæлæ сын æнæуынон сты ахæмтæ æмæ сæ астæу риссын цы фæкæнынц, æн-дæр ницы рауайы сæ хъуыддагæй.

Адæмы цæсты ахæмтæ нæ ахадынц, сæ зæрдæ сыл бахуды.

Адæймаг! Зон астæу кæд, кæм æмæ цы хъуыддаджы тасын кæнын хъæуы, уый.

 

КУЫВД

Рæстæг уæт ирд æмæ сыгъдæг. Алчи дæр йæ фæнда- джы куыд уына, алкæмæн дæр дзы æнцон æмæ æхцон улæфæн куыд уа…

 

АЛЫ АХУЫРГОНД

ЗОНДДЖЫН У?

«Ахуыр адæймаг дзы рауайæд», – ахæм вæййы, ног-гуырдæн зæрдæбынæй цы куывдтытæ ракæнынц, уыдонæй сæ иу. Æмæ уый та дзурæг у, нæ адæм ахуырæн, ахуыры руаджы рухс цардæн цы нысаниуæг лæвæрдтой, уымæн. Уыцы куывд ивгъуыд æнусы фæзынд, уый размæ дугты йыл ахъуыдыгæнæн дæр никæмæн уыд йæ бон иу стæмтæй дарддæр.

Ахуыргонд адæймагæн кæддæриддæр хорз кад уыдис хуымæтæг адæмы ‘хсæн. Стыр ахуыргонд-иу чи ссис, уый-иу адæм «профиссыр» хуыдтой йæ ахуыргонд номмæ гæсгæ æмæ-иу дзы сæрыстыр уыдысты. Афтæ у ныр дæр, кæд сæ зонадон куыстытæм æмæ ма сфæлдыстадон кусджыты куыстытæм дæр цымыдис къаддæр кæны, уæддæр.

Ахуыр адæм, ома, зондгуыст чи кæнынц, уыдон цалдæр къордыл дих кæнынц. Ис, профессионалон ахуырад чи райста сæрмагонд ахуыргæнæндæтты, ис уæлдæр ахуырад чи райста æмæ ма ис, академион ахуырад чи райста, ахæм ахуыргæндтæ. Иутæ цы зонындзинæдтæ райсынц, уыдонмæ гæсгæ фæкусынц, æндæртæ сæ мæлæты бонмæ вæййынц агурæнты, иртасæнты, сæ уд фæхъарынц зонады ногæй ногдæр ныхæстæ зæгъыныл.

Афтæ зыны, цыма зондгуыстыл хæст чи сты, уыдон иууылдæр зондджын, куырыхон сты. Фæлæ, цымæ афтæ у? Хъыгагæн, нæ. Гæнæн ис адæймагæй рауайа хорз ахуыргонд, фæлæ хорз, зондджын, куырыхон ма уа.  Зонындзинæдтæ царды цы къабазы райсы, уыдон фаг нæ вæййынц царды хи дарыны цæвиттойнаг уаг, царды иумæйаг уагæвæрдтæ иттæг хорз æххæст кæнын, адæмы дæхимæ æрыхъусын кæнынмæ арæхсынæн.

Куыд фæтк, афтæ стыр ахуыргæндтæ зондджын, куырыхон вæййынц, кæд сæ зондджын хъуыдыты кæцыдæр хай сæхицæн хатт нæ бантысы сæ царды сæххæст кæнын, уæддæр. Сæ зондамындтæй фæпайда кæнынц фидæны фæлтæртæ.

Куырыхон, æвæццæгæн, куырыхон уымæн вæййы æмæ зоны, кæд æмæ кæм, цы æмæ куыд архайын хъæуы, кæд æмæ кæм цы дзурын хъæуы, хи дарыны уагæй цæвиттон куыд æвдисын хъæуы, æндæртæ цы нæ зонынц, цы нæ уынынц, уыдон кæй зоны, зæрдæйæ сæ кæй æнкъары æмæ уыны.

Ис ахæм ахуыргæндтæ, кæцытæ ацы ном хæссынц, фæлæ сæ зондджын, куырыхон зынтæй рахондзынæ. Гæнæн ис, цы къабазы архайынц, уым сын æнтыстытæ уа, фæлæ сæ куырыхон ма рахонай. Ахæмтæ бирæ сты æмæ Пушкин дæр, æвæццæгæн, уымæн загъта «ахуыргæндтæ – бирæ, зондджынтæ та – цъус», зæгъгæ.

Зондджын, куырыхон уæвын, æвæццæгæн, ахуырдзинадимæ тынг баст нæу. Уый, куыд курдиат, афтæ æрдзæй рахæсгæ уыдзæн, стæй хъомыладæн дæр йæхи уæзгæ нысаниуæг уыдзæн. Бирæты фæфæнды ахæм уæвын æмæ архайгæ дæр фæкæнынц зондджын митæ кæныныл, куырыхон ныхæстæ кæныныл, фæлæ уыдон æрдзон нæ вæййынц, вæййынц тыхаразгæ æмæ адæммæ гомгæрц-цæй разынынц.

Цас зондджын стæм мах, адæм, уый нæ цардæй дæр бæрæг у. Махæн нæ бон у æнцонæй кæйдæр фæхъыг кæ-нæм, бафхæрæм, æгæрыстæмæй йæм марæн кард дæр райсæм. Афтæ – нæхимæ ахасты дæр. Æмæ хæрамдзинад, фыдæхдзинад уæвынц не ‘хсæн. Фæлæ не ‘хсæн ис кæрæдзиæмбарынад, уарзондзинад, кæрæдзийæн ха-тыркæнынад дæр æмæ уыдон уæлахиз кæнынц.

 

НÆХИ МА БÆРГÆ СРАСТ КÆНÆМ…

Мардæй æвзæр ничи фæзæгъы – кæнæ хорз, кæнæ та – æппындæр ницы. Раст у, алкæуыл йæ уæлион царды хорзы ном не сбады, стæй хорз дæр æнæкъæм нæ вæййы, фæлæ дзы алкæйы дæр йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кæнæм хорз ныхæстимæ. Мардæн æгъдау дæттын хъæуы, кад ын кæнын хъæуы. Марды æгъдæуттæ æххæст кæнгæйæ, кад кæнæм нæхицæн дæр. Æнæмæлгæ ничи у æмæ куыд кад кæнæм мардæн абон, афтæ кад кæндзысты махæн дæр кæддæр, нæ фæстаг фæндагыл нæ фæн-дараст кæнгæйæ.

Ацы хъуыддаджы адæм фæтк хъахъхъæнынц, æгъдау зонынц. Фæлæ цы уынæм нæхи, нырма цардыл ифтонг чи стæм, уыдоны ‘хсæн та? Мах, хъыгагæн, бирæ хатт схæц-цæ кæнæм ныхмæвæрд æмбарынадтæ. Кад кæнын кæмæн фæхъæуы, уый хатт нæ фæуынæм æмæ иуварс аззайынц, нæ цæсты та сахадынц, кады аккаг чи нæ вæййынц, хи стауынмæ чи арæхсынц, æнхъæлы цæстæй кæмæ фæ-кæсынц, ахæмтæ. Хатт хорз æвзæрæй нал фæхицæн кæнæм æмæ фæрæдийæм, гъе та нæ æнцонæй фæрæдийын кæнынц. Феппæлæм, уаз ныхæстæ фæкæнæм, кæмæ æмбæлы, уымæн нæ, фæлæ – æндæрæн. Бафхæрæм ныхасæй æмæ хатт физикон æгъдауæй дæр, кæй нæ фæхъæуы æфхæрын, уый, уымæн æмæ æз куыд хъуыды кæнын, уый афтæ нæ хъуыды кæны, æз адæмы ‘хсæн мæхи куыд дарын, уый афтæ нæ дары йæхи, æз куыд цæрын, афтæ уымæн йæ зæрдæмæ нæ цæуы… Махæн не ‘хсæнæй куы фæхъæуы,  кад кæнын кæмæн фембæлы, ахæм адæймаг, йе ‘цæг дунемæ куы ацæуы, уый фæстæ нæ сæртыл дыууæ къухæй ныххæцæм, оххытæ æмæ оффытæгæнгæ, цы адæймаджы фесæфтам, зæгъгæ, кад кæнын, лæггад кæнын, рæвдауын æй куы хъуыди, зæгъгæ.

О, рауайы афтæ æмæ кадджын адæймагæй æндæр кæмæндæр хуыздæр фæкад кæнæм. Æмæ уый та дзурæг у, рæстдзинад нæ царды бæрцыл кæй у. Нæхи ма сраст кæнæм, адæймаджы йæ фæстаг фæндагыл куы фæндараст кæнæм, уæд. Хорзæй хорз фæзæгъæм, йæ удæгасæй æвзæр адæймаджы ном чи хаста, уымæй дæр нæ цæст бауарзы хорз ныхæстæ зæгъын.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.