Сæрдыгон райдзаст райсом мæ лæгъз æмæ уæрæх сосæвæндагыл  мæ хæдтулгæ скъæфы Знауыры районы Хъорнисы хъæуырдæм. Бахæццæ дæн ацы хъæуы цæрджытæ Джиоты Роберт æмæ йæ цардæмбал Джиголаты Малвинæ амондджынæй дыууæ кæстæры кæм хъомыл кæнынц, уыцы хæдзары кæртмæ. Ацы фембæлды тыххæй цалдæр боны размæ бадзырдтам. Мæ бацыды сæр та уыд, цæмæй семæ аныхас кæнон  бинонтæ, уарзт æмæ иузæрдиондзинады боны фæдыл. Уыд улæфты бон, бакодтой сæ райсомы митæ æмæ нын стæй ныхас бацайдагъ. Фыццаг мæ ныхас семæ райдыдта, зæгъгæ, уæ хъуыдымæ гæсгæ, чи сты бинонтæ.

Роберт: Ацы фарстæн гæнæн ис æмæ сдзуапп кæнай бирæ хуызты. Уыцы дзуаппытæй, мæ хъуыдымæ гæсгæ иу у уый æмæ бинонтæ сты стыр паддзахады чысыл паддзахадтæ, цыран сæйраг хæстæ æххæст кæнынц æмкъæйттæ. Сæ цард, се нтыстытæ цахæм уой, уый æнæхъæнæй дæр баст у сæ дыууæйыл. Цардæмбæлттæ кæрæдзи æмбарынхъом куы уой, уæд уый у æнтыст æмæ амонд дæр. Уымæн æмæ адæймаг райсом йæ куыстмæ зæрдæрайгæйæ куы ацæуы, уæд уыцы бон йе ‘нтыстытæ дæр вæййынц хуыздæр. Алы æмбæстаг дæр хæс

джын у æмæ йын уа бинонтæ. Бинонтæ кæмæн нæй, ахæмтæн æз кæнын тæригъæд дæр. Нæ сæ ныууадзын æнæ бауайдзæф кæнгæйæ дæр. Уымæн æмæ царды сæ разы цы сæйрагдæр хæс ис, уый не ‘ххæст кæнынц.

Малвинæ: Бинонтæ цы сты, уый хуымæтæджы фарст нæу æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мæнæн дæр æнцон нæу уымæн сдзуапп кæнын. Зæгъдзынæн уый æмæ алы сылгоймаг дæр хæсджын у æмæ цард фенын кæна цалдæр кæстæрæн. Схъомыл сæ кæна афтæ, цæмæй се нтыстæй рухс кæна йæ зæрдæ. Æххуыс æмæ ныфс уой, цы адæмы хсæн сты, уыдонæн. Бинонтæ сты адæймаг йæхицæй фылдæр кæй уарзы уыдон æмæ уыцы уарзондзинад хъуамæ хæсса цалынмæ йæ бон у, уæдмæ.

Бинонтæ æмæ уарзт. Уæ хъуыдымæ гæсгæ цахæм иудзинæдтæ ис ацы дыууæ дзырдæн?

Роберт: Сты дыууæ дзырд, фæлæ сын, мæ хъуыдымæ гæсгæ ис иу нысаниуæг. Уымæн æмæ æнæ уарзт, æнхъæл дæн æмæ бинонтæ дæр нæ вæййы. Æвзæнгтæ фыццаг уарзгæ бакæнынц, уый фæстæ та бинонтæ скæнынц. Æниу мæм афтæ дæр кæсы æмæ уарзтæн сæфы йæ сæйраг нысаниуæг, кæны æдыхдæр. Афтæ уымæн зæгъын æмæ, иуæй иу æвзæнгтæ равдисынц ахæм уарзт æмæ ма сæм æндæртæ тæхуды дæр бакæнынц. Бацæрынц, фæзыны сын кæстæр æмæ цыдæр, арæх рæгъмæ рахæссинаг чи нæ вæййы, ахæм аххосæй уарзтæн йæ фæд дæр нал разыны. Фæд нæ, фæлæ сæ кæрæдзийæн, йæ зæгъын дæр мæм нæ цæуы, фæлæ фестынц знæгтæ.

Малвинæ: Ирон сылгоймаг уарзтыл дзура, уæлдайдæр та газеты фарсыл, уый мæм аив нæ кæсы, фæлæ мæ кæд фæрсыс уæд мæ хъуыдымæ гæсгæ уарзт у хæзна. Уыцы хæзна сæйраджыдæр фæзыны сылгоймаджы фæрцы. Уымæн æмæ уый фæрцы равзæрынц бинонтæ, царды фæзыны алыгъуызон æнтыстытæ. Ацы бæрæгбоны сæраппонд мæ зæрдæ алы ирон сылгоймагæн дæр зæгъы цæмæй уой уарзон æмæ уарзой сæхæдæг дæр.                                                                                         

    ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.