Хетæгкаты Къостайы “Ирон фæндыр” у Аланыстоны поэтты монон рагфыдыбæстæ. Цал æмæ цал стихамайæджы сырæзт йæ алæмæтон зæлтæм хъусгæйæ! Цас курдиатджын адæм слæууыдысты уый фæрцы национ литературæйы тырысайы бынмæ! Къостайы аивзæл фæндыры хæрзаудæн æндæвдад сæ хуыдта, историон ахаст кæмæн уыдис, ахæм аивадон архайдмæ. Гъе уымæ гæсгæ “Ирон фæндыр” нымад цæуы Зæххы къорийы цытджындæр чингуытæй иуыл. Къостайы фæрцы йæ дуджы æвæрд æрцыд ХIХ æнусы ирон классикон литературæйы бындур. Ам цы хъуыдытæ æмæ поэзийы хуызтæ сæвзæрдысты, уыдон сæрæвæрæн систы æнæхъæн ссæдзæм æнусы дзырдаивадæн дæр. Хетæджы-фырты ныхасыздæхтон уагæвæрд  ссис ирон литературон æвзаджы суадон, æмæ, цы бæркадджын æвзартæ суагъта йæ сатæгæй, уыдон абон дæр сты фæзминаг. Уыцы бæрнон æмæ ахсджиаг куыст æххæстгонд цыдис тынг зын уавæрты, æмæ дзы уымæ гæсгæ æмзæрдæйæ, æмзондæй, æмуæхскæй архайдтой нæ адæмы цард-дæттæг тыхтæ æгасæй дæр. Æмбисондæн баззадысты Гæдиаты Секъа, Коцойты Арсен, Къубалты Алыксандр, Хъайтмæзты Аслæ-мырзæ, Гуырдзыбеты Блашка, Байаты Гаппо, Æмбалты Цоцкъо, Цæлыккаты Ахмæт, Брытъиаты Елбыздыхъо, Гæдиаты Цомахъ æмæ иннæты рухс нæмттæ.

Уыцы фæлварæн дуджы сфæлдыстадон интеллигенцийы монон фæтæгыл нымад цыдис Хетæгкаты Къоста. Æмæ уым диссагæй ницы уыд. Поэт æмæ йæ аивадон фæлтæры тæваг се ‘мдугонтыл уыдис æнæкæрон. Канд нæхи адæм нæ, фæлæ æгас Цæгат Кавказы цæрджытæ дæр сæ ныфсытæ бастой Къостаимæ. Автор, йæ “Ирон фæндыр”-ы рацыды фæстæ хасты уæвгæйæ, алы адæмты минæвæрттæй иста бирæ фыстæджытæ. Йæ хъуыдыты сыгъдæгдзинад, хи нывондæн хæссынмæ йæ диссаджы цæттæдзинад, æппынфæстаг, æнæфæцудгæ æууæнк сæрибар, æмбарад æмæ æфсымæрады идеалтыл  фидарæй баиу кодта ирон фысджыты æгасæй дæр, кæд сæ тохы мадзæлттæ кæрæдзийæ хицæн кодтой, уæддæр. Йе ‘мдугонтæй иу – Хъаныхъуаты Инал – уый тыххæй уырнинагæй фыста: “Фыссæг басудзы йæхи: хъарм бахъахъхъæнæн нæй, искæмæн æй куы дæттай, уæд”. Къостайы монон фæдонты миддунейы рæзгæ-ивгæ цард иу арæны лæууыдис уæды историон уавæрты ныхмæвæрдимæ. Сæрибар бæллицты уæлтæмæнадæй – историон цардарæзтмæ – ахæм уыд, Хетæджы-фырты алыварс чи лæууыдис, уыдоны æхсæнадон сагъæсты идеологион æмæ психологон уагæвæрд.

Къостайы дуджы ирон поэзимæ æрбацы-дис хизонынад æмæ национ химбарынады вазыгджын хъуыдытæ. Уый адыл нæ дзырдаивады хъæлæс райхъуыстис æххæст æмæ бирæвæрсыгæй. Æмæ уыцы бирæхуызад æмæ æххæстад систы адæмы хæрзаив зарæг. Цытджын поэты фæдонтæ аивадон æнтысты фæрцы райстой стыр ахадындзинад. Уыдон бахостой бирæ фæлтæрты зæрдæтæ æмæ сæ схорзæхджын кодтой зонды рухс, зæрдæйы хъарм æмæ уды рæсугъддзинадæй. Къостайы дугæн ирон литературæйы уыдис йæхи æнæбаивгæ комулæфты хæрздзæф. Æмæ уый, уыцы комулæфт, зынгæ сбæлвырд кодта поэты архайды дарддæры фæндаг. Хъуыддаг уый мидæг уыдис, æмæ Хетæджы-фырты размæцыд национ дзырдаивады райхъал кодта социалон прогрессы иумæйаг æууæлтæ. Уырдыгæй та скæнæн ис ахæм хатдзæг: “Ирон фæндыр” – уый хуымæтæджы чиныг нæу, фæлæ цытджын гуманисты, фидæны ивддзинæдты фидиуæджы зæрдиаг зарджыты алдымбыд. Уыдоны мидæг бацыд поэты цард, удыхъæд æмæ уарзт йæ иузæрдион адæммæ. Уымæ гæсгæ дзы мах уынæм “Ирон æхсæндзарды энциклопеди”. Йе сфæлдисæг нæ разы æрлæууы æрмæст поэтæй нæ, фæлæ дзыллæйы национ химбарынады бындурæвæрæгæй.

Куыд бафтыди йæ къухы ахæм алæмæтаг хъуыддаг сфæлдисын? Ацы фарстæн дзуапп ссарыныл ирон ахуыргæндты иу æмæ дыууæ фæлтæры нæ архайдтой. Сæ удвæллой куысты фæрцы бæрæггонд æрцыдысты вазыгджын æууæлтæ æмæ миниуджытæ. Фæлæ, Джусойты Нафи куыд загъта, афтæмæй дзы нырма дзуаппытæй фарстытæ фылдæр сты. Æмæ уымæн бамбарæн ис, уымæн æмæ ныхас цæуы, Къостайы ном æрдзон хуызы кæдæм бацыд, уыцы ирон адæмы монон рæзты ирддæр сыфтæй иуыл. Уымæ гæсгæ иу кæнæ иннæ æмбарынадæй аразгæ уыдзæн, поэты сфæлдыстадимæ баст зонадон-иртасæн æмæ литературон-критикон фарстытæ алыг кæнын чи сфæнд кæна, уымæн йæ хъуыддаг. Уымæй бацамонæн ис, ирон литературæйы размæцыдмæ фæстаг 100 азы цы цымыдисыл æмбæлæм, уый. Кæд 1939 азы А.А.Фадеев йæ развæлгъау ныхасы бацамыдта, зæгъгæ, “Къоста-поэты ном бацæудзæн Зæххы къорийы æппæты бæрзонд-дæр нæмтты рæгъмæ”, уæд, 20 азы фæстæ та Н.С.Тихонов фидарæй скодта ахæм хатдзæг: “Уый (Къоста – Х.Б.) ныридæгæн бацыд дунеон классикты цытджын бинонты ‘хсæнмæ”. Бафиппайыны аккаг у, уыцы цымыдис канд йæ поэтикон уацмыстæ кæй не ‘взæрын кæнынц, фæлæ йæ литературон-публицистон бынтæ дæр, уый.

Къоста йæ “Ирон фæндыр”-ы схызт аивадон ныхасæй архайыны бæрзонддæр æфцæгмæ. Æндæр ран афтæ тæхгæ-нæргæ ирдæй йæхи нæ равдыста генион поэты монон æххæстад. Уый уымæн афтæ рауад, æмæ Хетæджы-фыртмæ уыдис йæ адæмы судзгæ историйы стæм симфонион æнкъа-рынад. Гъе, ахæм уавæртæ æркæнынц адæй-маджы искæцы поэты æмбудынад уидæгты рухсы онг банкъарынмæ. Къостайы “фæндыры” симфонион æнкъарынад та ма уымæй уæлдай адæймаджы иннæрдæм ахизы, йæ буары чырæгты афтæ æрфидар вæййы, æмæ сæ райсы уацары. Уый фæрцы поэты хъисын фæндырæй цы зæлтæ айзæлы, уыдонæй алчидæр райсы арвæрдыны хуызтæ æмæ нæ баппары алæмæтаг æххæстады. Бынтон диссаг та уый вæййы, æмæ, æмиуадон æгъдауæй куыд рæсугъдæй айзæлынц, афтæ –  хицæн-тæй дæр. Къоста уыцы æвидигæ фæзындæн цардхъомыс тыхтæ куы лæвæрдта, уæд дзы ныуулæфыди йæ удварны уæлтæмæнад, æмæ дзы райгуырди æмбисонды чиныг, ирон æцæгдзинад æххæстæй кæм бацыд, ахæм æрвон фæзынд.

Ирон поэттæй Хетæджы-фырты уды симфони фыццагдæр чи банкъардта, уыдонæй иу уыдис Малиты Георги. Йæ рæстдзæвин хъуыды “Йе ‘мдзæвгæ – уды цæхæркалды” – уырнинагæй равдыста “кавказаг поэзийы зынгхъахъхъæнæджы” (Расул Гамзатов) бæрзонд нысаниуæг æмæ йе сфæлдыстады сæйраг миниуæг. Уыцы цæхæркалды рухс ссардта бузныгады æнкъарæнтæ йе ‘мдугонты ‘хсæн, ирон зæрдæты та  судзгæ ацыд. Цас карздæр уыди йæ иубæстон адæмы æфхæрд, уый бæрц тыхджындæр æмæ æнæсæттондæрæй хъуыстис йæ ныхас тыхбарады ныхмæ. Гоген нын уый тыххæй ныууагъта æмбисонды метафорæ: “Хæдхæцæгады ныхмæ тохæй гуырынц генитæ”. Йæ программон æмдзæвгæ “Ныс-туан” æмæ йæ иннæ уацмысты поэт-патриот, поэт-гражданин, поэт-гуманист хъусын кодта, фæстаг улæфты онг адæмæн лæггад кæнынмæ цæттæ кæй у, уый. Дзыллæйæн удуæлдайæ лæггад кæнын поэтæн уыдис йæ царды сæйраг мидис – йæ уды цæхæркалд.

Уыцы ныхæстæ Къостайæн цы нысан кодтой, уый тыххæй æппæты растдæр загъта поэт йæхæдæг: “Кувын æмæ уарзын, уарзгæйæ хъизæмар кæнын алкæй тыххæй… О, алкæй тыххæй! Уый сæвæрдтон æз мæхицæн царды нысанæн. Мæ разæнгарддзинадæн арæнтæ нæ уыдис”. Ацы ныхæстæ ма нын иу хатт куыд равдыстой, афтæмæй Хетæджы-фырты сфæлдыстады фæлдзусады æххæстад, фыццаджыдæр, агурын хъæуы йæ “Ирон фæндыр”-ы мидæг. Уыцы генион æмдзæвгæты æмбырдгонды автор, уыцы-иу рæстæг, цы поэтикон сгуыхт æмæ рухсхæссæджы удварн равдыста, уымæн нырма фаг аргъгонд не ‘рцыд. Поэты зæрдæйы тæгты æвидигæ уæлтæ-мæнад сфæлдыста  диссаджы нывæст уацмыстæ. Йæ алы рæнхъы дæр ирон уды хъæздыг мидис кæмæн бацыд, уыдон Леуаны фыртæн æрхастой æппæтадæмон бузныгад æмæ дун-дунеон номы кад.

Къоста йæ дзыллæйы дунембарынады аивта сæ ахаст поэзимæ, æнæсбаргæ йын фæуæрæхдæр кодта йæ хъусдард æнæцæугæ хæзнатæм. Йæ алыварс уæвынады æцæг-дзинады æнкъард фарстытæ поэт ахæм сатæг цæстытæй федта, адæмы æфхæрд йæ зæрдæмæ афтæ хæстæг райста, раст цыма фидæнæй æрбацæуæг адæймаг уыдис, æмæ, æцæг цард фенгæйæ, дисы бацыд. Йæ аивадон уацмысты æнæфæлхатгæнгæ нывты уый схызт Шекспиры трагизмы, Дантейы æнкъа-рынады, Тютчевы уынынады, Гоголы худынады æмæ Пушкины ирдады æмвæзадмæ. Æмæ уым ис “Ирон фæндыр”-ы æнусон кад æмæ рад, фарн æмæ æгъдау.

ХОЗИТЫ Барис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.