Кæдæй нырмæ кувæм Хуыцаумæ

Хуыцаумæ ирон адæм кувынц мингай азты. Царды æппæт хæрзтæ дæр Хуыцауæй курын ирон адæмы хъуыдыкæнынад æмæ зондахасты бирæ раздæр ныффидар чырыстон, пысылмон æмæ æппæт динты фæзындæй дæр. Уый тыххæй йæ хуыдтой: Дунескæнæг Хуыцау, Дунесфæлдисæг Хуыцау, Иунæг Стыр Хуыцау, Иунæг Кадджын Хуыцау, Дунерадтæг Хуыцау, Дунеуромæг Хуыцау…

Нæ рагфыдæлты æмбарынад æмæ уырнынадмæ гæсгæ зæххон-уæлион дунейы цыдæриддæр ис, цыдæриддæр дзы цæуы, уыдон иууылдæр сты Хуыцауы фæндонæй. Уый у зæхх, дон, уæлдæф æмæ адæймаджы сфæлдисæг дæр, Хуыцауы бон алцы дæр у, зæдтæ æмæ йæм дауджытæ хъусынц иууылдæр, æнæ Хуыцауы барвæндæй сæ йæ бон никæмæн ницы у. Уымæ гæсгæ уый ныхмæ сдзурын, уый ныхмæ схæцын йæ ныфс ничи хаста, ничи йыл уæлахиз кодта. Æнæхъуаджы нæй Нарты кадджыты ахæм хъуыды: Батрадз зæдтæ æмæ дауджытæн сегасыл дæр тых у Хур æмæ Хуыцауæй фæстæмæ. Йæ ныхмæ схæцын нæ бафæрæзта Даредзанты Амыран. Нæ йыл фæтых сты Нартæ дæр. Æмæ фыдвæды бæсты равзæрстой æвæд.

Цоппай æмæ «Цоппай кæнын»

Нырыккон ирон адæмæн сæ иу хай кæнæ дзырд «Цоппай» хъусгæ дæр никуы фæкодтой, кæнæ та йын дæттынц æппæрццаг нысаниуæг. Уымæн æмæ йæ тынг арæх фехъусæм ахæм хуызы, хатт – фидисы хуызы дæр… Æгæр бирæ рацу-бацу æмæ змæлыны тыххæй кæмæ амæсты вæййынц, уымæн фæзæгъынц:

«Цы цоппай кæныс?»

Уыцы уайдзæф æви фидисæн йæ хъуыды вæййы, ома, дзæгъæлы цы рацу-бацу кæныс…

Афтæмæй та цоппай кæнын бынтондæр баст нæу æппæрццаг хъуыдытæ æмæ æмбарынадимæ. Цоппай ирон адæммæ фæзынд рагзаманты. Арв-иу кæй ныццавта, æрвдзæфæй-иу чи амард, ахæм адæймагыл кæугæ нæ кодтой, нæ, дам, фæтчы. Афтæ сæм каст, цыма уымæй бацæудзысты Арвуациллайы хъыджы. Кæрæдзи фæстæ æрлæугæйæ-иу кувгæ æмæ заргæ зылдысты йæ алыварс. Куырдтой-иу хатыр Уациллайæ, фæндыд сæ базонын, цæй тыххæй сæм фæхъыг. Æмæ-иу æм райдыдтой кувын:

«Кувдзыстæм дæм, дæ номыл нывæндтæ кæндзыстæм, æрмæст нæ дæ цæхæр, дæ азарæй бахиз!».

 Уыцы æгъдау хуындис Цоппай.

Æрвадиуæггæнæг ирон мыггæгтæ хицæн таурæгътæм гæсгæ

Æрвадиуæггæнæг ирон мыггæгтæ хицæн таурæгътæм гæсгæ

*Дзалатæ – Хадыхъатæ

*Дзабитæ – Мытъылатæ

*Дзаттотæ – Дзангуыбеккатæ

*Дзæукъатæ – Тобойтæ

*Дзанæгатæ – Боцъотæ

*Дзахотæ – Биастæ- Хохойтæ- Токатæ

*Дзестæ – Кодзыртæ

*Дзидзойтæ – Готойтæ – Цæгæратæ – Габутæ – Джыбылтæ – Гуыбыттатæ

*Дзиратæ – Гуцъитæ

*Дзиратæ – Хъиргъутæ – Костантæ – Дзерантæ- Хуытыгатæ

*Дзоккатæ – Гаптæ – Гаджитæ – Годжитæ – Хъæрджынтæ

*Дзугатæ -Æмбалтæ – Челæхсатæ – Чеселатæ

*Дзукъатæ – Дулатæ

*Дзуццатæ – Огъуатæ

*Есиатæ – Уызегатæ – Мамыкъатæ – Парсиатæ – Огъуатæ – Хуытъинатæ

*Елойтæ – Бигъуылатæ – Маккæтæ

*Елойтæ – Гуылæртæ

*Елзайтæ – Цопанатæ

*Зантатæ – Сазонтæ – Созæтæ

*Зардантæ – Къолотæ

*Зассетæ – Хуыгатæ – Бæзатæ

Хъæлдзæг ныхæстæ

Сæры рыстæй фервæзынæн

Иу æдылыдзæф лæгæн бирæ кæрчытæ уыдис, сæ уынæр сæ хъуыдаттæй тыхст мæгуыр æмæ-иу йæ хъустыл ныххæцгæйæ Хуыцаумæ скуывта:

-Уæ, Хуыцау, мæ бинонты-иу мын фæрынчын кæн, цæмæй-иу сын карк аргæвдон æмæ сæ фервæзон!

Хиаргъмæ

Иу лæг кæйдæр хæрæг адавта æмæ йæ базармæ акодта уæй кæнынмæ. Цалынмæ æлхæнæг агуырдта, уæдмæ хæрæгы æндæр къæрныхтæ адавтой. Лæг хæдзармæ куы рбаздæхт, уæд æй фæрсынц:

– Цасмæ йæ ауæй кодтай?

– Йæхи аргъмæ… – дзуапп радта лæг.

Тæфæрфæс

Иу къæрных кæйдæр хæдзармæ бабырыд, бирæ фæракъах-бакъах кодта къуымты, фæлæ ницы ссардта давинагæй. Уæдмæ йæ фысымтæ баййæфтой æмæ къæрных сæ разы тæфæрфæсгæнæджы лæуд æркодта:

– Тынг фæмаст кодтон, афтæ мæгуыр кæй цæрут, уый тыххæй…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.