Историмæ цæуы 2018 аз. Йæ кæроны æмбæлы акæсын фæстæмæ, æмæ къухты цы бафтыд саразын, уымæн саргъ кæнын. Цы бантыстис æмæ дарддæр цæуыл хъæудзæн кусын, уый тыххæй дзуры РХИ-йы Хицауады Сæрдары Хæдивæг  Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади.

– Геннади Барисы фырт, цыбыртæй нын куы радзурис, цахæм уыд аивгъуыйгæ аз республикæйæн экономикæйы къабазы?

– Экономикæйыл куы дзурæм, уæд æнæспайдагæнгæ нæй нымæцтæй, уæлдайдæр та уымæн æмæ ис фæстиуджытæ, ис, цæимæ сæ абарæм, уый дæр.

Иумæйагæй сисгæйæ, 2018 аз йæ макроэкономикон бæрæггæнæнтæм гæсгæ уыд уый размæ азтимæ абаргæйæ, æнтыстджындæр. Цæвиттон, райсæм фæстаг дыууæ азы. Фæлæ уал зæгъдзынæн уый, æмæ республикæйы экономикон рæзты министрад нырма фæстиуджытæ кæй сарæзта, æрмæстдæр, аивгъуыйгæ азы фараст мæйæн. Уымæ гæсгæ æз æнцой кæндзынæн развæлгъау статистикон зонæнтыл.

Уыдонмæ гæсгæ сæйраг бæрæггæнæн  æмткæй мидæркæнгæ продуктты гуырахст æдзух рæзы. 2016 азимæ абаргæйæ, уый сырæзт 136 проценты. Астæуккаг ны-мадæй 116 проценты афæдзы дæргъы.

Афтæ ма зынгæ фæфылдæр сты паддзахадон бюджеты хи æфтиæгтæ. 2018 азы январæй сентябрмæ, 2017 азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, уыдон фæ-фылдæр сты 201 милуан 636 мин сомы (127,6 проценты), 2016 азимæ абаргæйæ та 377 милуан 564 мин сомы (168,1 проценты).

Паддзахады сæргълæууæг куыд баныфс æвæрдта, афтæмæй рæзы куыстмызды, сывæллæттæн æххуысты æмвæзад. 2016 азимæ абаргæйæ, астæуккаг куыстмызд фæфылдæр 3 402 сомы æмæ у 18 000 сомы, сывæллæттæн иурæстæгон æххуысы бæрц та азы райдианæй фæ-фылдæр 100 проценты æмæ у 10 000 сомы.

Зынгæ фæфылдæр сты таможнæйæ æфтиæгтæ – 644,6 проценты 2016 азимæ абаргæйæ, 321,1 проценты та 2017 азимæ абаргæйæ, афтæ ма сырæзт æд-дагбазарадон æрзылд дæр – 2017 азимæ абаргæйæ 129,6 проценты.

Æвæрццаг тенденцитæ æнкъардæуы æнæпаддзахадон секторы товарæрзылды дæр. Чысыл амалиуæгады субъектты 2016 азы бæрæггæнæнмæ абаргæйæ рæзты темптæ сты 590, 5 проценты, 2017 азы бæрæггæнæнмæ абаргæйæ та 205,8 проценты.

Фæфылдæр сты чысыл куыстуæтты бæрц. Аивгъуыйгæ азы Хуссар Ирыстоны регистраци æрцыдысты 419 чысыл куыст-уаты, уый у ивгъуыд азæй 72 куыстуаты фылдæр, 2016 азæй та  165 куыстуаты фылдæр. Ивгъуыд азимæ абаргæйæ, 201 адæймаджы фæфылдæр сты индивидуалон амалиуæггæнджытæ дæр.

Уыдæттæ дзурæг сты, амалиуæггæнæджы фæндагыл ныллæугæйæ, уыдон сæхи ныфсджындæрæй кæй хатынц. Уыцы нысанæн та хицауад аразы æмбæлон закъæттæ æмæ преференцитæ, ахæмтæ, куыд таможнæйон æмæ фиддонон ха-тыртæ, хатырон уавæртыл кредит дæттын æмæ æндæр ахæмтæ.

Зæгъæн ис, бæрæг ивындзинæдтæ кæй ис æмбæстæгты куыстæй ифтонг кæныны хъуыддаджы. Æгуыст адæймæгты нымæц ивгъуыд азы фæкъаддæр 436 адæймаджы, 2016 азимæ абаргæйæ та – 606 адæйма-джы. Сæ рад кæд æрхаудзæн, уымæ та æнхъæлмæ кæсынц 2 540 адæймаджы.

Ахæм сты 2018 азы сæйрагдæр экономикон бæрæггæнæнты фæдыл развæл-гъау зонæнтæ. Бæлвырддæр зонæнтæ зындгонд уыдзысты зымæджы кæронмæ, ацы азы кæронбæттæн фæстиуджытæ арæзт куы ‘рцæуой, уæд.

Куыдфæнды ма уа, ныридæгæн дзурæн ис, размæ змæлд кæй ис, кæй ис уæзгæ фæстиуджытæ бирæ здæхтыты, фæлæ уымæй куыст къаддæр нæ кæны. Дарддæр сæрмагонд хъусдард домы хъæууон хæдзарад, цыран дæр, иумиагæй сис-гæйæ, æнкъардæуы бæрæг рæзт – астæуккагафæдзон рæзты темп дзы у 100,7 проценты, фæлæ уый уыцы нымæц нæу, кæцымæ мах тырнæм. Ис, экономикæйы реалон секторы, социалон ифтонгад, æнæниздзинад хъахъхъæныны, инвестицион политикæ хуыздæр кæныны дарддæр цæуыл кусæм, уый.

Мæ ныхасмæ ма бафтаудзынæн уый æмæ экономикон рæзты министрад æрбалæугæ азæн кæй бацæттæ кодта социалон-экономикон рæзты прогноз æмæ план. Уыдоны хынцыд цæуынц 2016-2018 азты реалон фæстиуджытæ, къабæзты проблемон фарстатæ. Бæлвырд сæ æрцыдысты 2030 азмæ рæзты стратегимæ гæсгæ республикæйы райрæзты сæй-рагдæр здæхтытæ, арæзт æрцыд ма-дзæлтты реализацийы план.

2019 азы план цæуы æхсæнведом-ствойон къамис саразын, кæцы кусдзæн республикæйы рæзты даргърæстæгон стратегийыл æмæ агурдзæн фадæттæ йæ уагæвæрдтæ йын практикон æгъдауæй æххæст кæныны фæдыл.

Хæстæ æвæрд сты, махмæ ис кусыны фæндон æмæ мæ ныфс ис, иумиаг тыхтæй сæ этапгай кæй аскъуыддзаг кæндзыстæм.

Кæронбæттæны мæ фæнды Хуссар Ирыстоны æппæт цæрджытæн раарфæ кæнын Ног азы æмæ Чырыстийы Райгуырды сæраппонд. Алы бинонтæн дæр мæ цæст уарзы хорздзинæдтæ, циндзинад, æнæниздзинад!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.