Экономикон рæзты министрад фехъусын кодта республикæйы 2019 азы фыццаг æмбисы социалон-экономикон рæзты фæстиуджытæ, кæцымæ гæсгæ дзурæн ис æвæрццаг тенденцитыл æмæ æвдисы экономикæйы реалон секторы уавæр.

Куы райсæм сæйраг экономикон фæстиуджытæ, уæд январы мæйæ июны мæймæ, æмткæй, мидæггагон продукцийы гуырахст 2018 азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, фæфылдæр ис 237 503, 5 сомы (9,6 проценты) æмæ уыд  2 714 693 мин сомы.

Сæудæджерадон продукцийы гуырахст, сæудæджерадон хуызы лæггæдтимæ æмæ паддзахадон æмæ æнæпаддзахадон секторты арендæйы æфтиæгтæ уыдысты 560 583, 9 мин сомы, кæцы 78 982 мин сомы фылдæр у (16,4 проценты), 2018 азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ.

РХИ-йы 2019 азы январь-июны капиталон арæзтады фæдыл ба-кæнгæ куыстыты гуырахст фæ-фылдæр ис 331 626, 4 мин сомы æмæ уыдис 988 983, 7 мин сомы.

Товарты æрзылды рæзты темп æмæ цæрджытæн аргъыл æмæ цардуагон лæггæдты гуырахст 2018 азы банысангонд рæстæджы уыд 102, 9 проценты, ацы аз та уыцы рæстæджы – 123, 4 проценты.

2019 азы январь-июны æддагбазарадон æрзылд уыдис 1 182 250, 9 мин сомы.

Хъæууон хæдзарады продукцийы гуырахст РХИ-йы хæдзарадты æппæт категориты, уыдоны нымæцы хисæрмагонд хæдзарадты, уыд 407 074, 1 мин сомы аргъ.

Бастдзинады куыстуæтты иумæйаг æфтиаг, куыд паддзахадон, афтæ æнæпаддзахадонты уыд 183 769, 5 мин сомы.

2019 азы январь-июны нысан æрцыд фæллойады базары æвæрццаг динамикæ.

Регистрацигонд æгуыст адæмы нымæц 2019 азы январь-июны фæкъаддæр ис 1 011 адæймаджы. Цæрджыты куыстæй сифтонг кæныны фæдыл номхыгъдты ныртæккæ ис 1 137 адæймаджы.

Ацы азы æхсæз мæйы фæстиуджытæм гæсгæ, мæйы дæргъы астæуккаг куыстмызд у 17 309 мин сомы, 2019 азы январь-июны мæйы дæргъы астæуккаг куыстмызды рæзты темп 2018 азы аналогон бæрæггæнæнæй у 104, 9 проценты фылдæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.