РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли хайад райста РХИ-йы Парламенты рабадты.

Рабадты райдианы республикæйы сæргълæууæг арфæ ракодта Парламенты депутаттæн æрбалæугæ Ног азы цытæн, бафæндыд æй уыдонæн фидар æнæниздзинад, афтæ ма сæ разы лæууæг хæстæ сæххæст кæнын, кæцытæ здæхт сты адæмы фæрныгад фæхуыздæр кæнынмæ.

Уый арфæ ракодта РХИ-йы Парламенты VI-æм æрсидты депутаттæн, азы дæргъы сæ бакæнгæ куысты, афтæ ма æнæмæнгхъæуæг закъæттæ райсыны эффективондзинады тыххæй. «Ацы аз махæн нæ къухты бафтыд республикæйы паддзахадон бюджет фæфылдæр кæнын æмæ йæ социалон къабазы ‘рдæм фылдæр аздахын. Депутаттæ сæххæст кодтой æххæстгæнæг хицауиуæгады фæндæттæ. Хицауадимæ уагъд æрцыд серьезон куыст, уый тыххæй уæ дæн райгонд. Сæ куыст сын нымайын рæстæмбисыл. Закъондæттынадон æмæ æххæстгæнæг хицауиуæгады æмархайдæн æнæдызæрдыгæй вæййы хуыздæр фæстиуджытæ», – банысан кодта Президент.

Бæстæйы сæргълæууæг ма загъта, зæгъгæ, 2019 азы бюджет практикон æгъдауæй у æххæстæй социалон. Уый хауы пособитæм, медикаменттæ самал кæнынмæ, социалон æгъдауæй хъахъхъæд чи не сты, æмбæстæгты уыцы категоримæ æмæ рынчын адæймæгтæм кæсыны фæдыл бафыстытæм. «Паддзахады хæстæ хъуамæ здæхт уой социалон æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынмæ. Плангонд æрцыдысты арæнгонд фадæттимæ сывæллæттæн æрвылмæйон бафыстытæ, пособитæ, социалон æмæ фæдзæхстон пенситæ фæфылдæр кæнын. Ацы нысæнттæ къухты бафтын кæныны тыххæй мах бахъуыд иуæй-иу министрадты бюджет фæкъаддæр кæнын», – загъта уый.

Президент ма банысан кодта, зæгъгæ, 2018 азы Инвестпрограммæ æххæст æрцыд. Ис объектты фæдыл сэкономигонд фæрæзтæ. Æнæ сымах æххуысæй уый нæ къухты нæ бафтыдаид», – загъта паддзахады сæргълæууæг Парламенты рабадты.

Уый æрсидт æппæт партитæм, цæмæй аргъ кæной кæрæдзийæн æмæ критикæ кæнгæйæ,   фарст аскъуыддзаг кæныны тыххæй хæссой хуыздæр варианттæ. «Цы æрдæг аз ма баззад, уымæн хатдзæгтæ аразгæйæ, мæн фæнды, цæмæй æвзæрстытæ ацæуой сабыр уавæры. Критикæ хъуамæ уа конструктивон, æмæ искæйы куыст критикæ кæнгæйæ, хъуамæ загъдгонд æрцæуой сæ фæндæттæ, проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй. Сидын уæм æнгом æмгуыстадмæ», – загъта Президент.

Уый фæстæ депутаттæ рахызтысты рабадты боны фæткмæ. Парламентаритæ æркастысты æвзарæн барты æмæ республикæйы æмбæстæгты референдумы хайад райсыны барты сæйраг гарантиты тыххæй Конституцион закъоны проектмæ. Депутаттæм кандидаттæм ахасты закъоны проекты иуæй-иу арæнтæ нысан кæнгæйæ, Президент банысан кодта сæ растдзинад. «Махæй алкæйы дæр фæнды, цæмæй цы депутатты æвзарæм, уыдон ма уой наркомантæ, нозтгæнджытæ, фæлæ уой адекватон адæймæгтæ. Цы ис уым æвзæрæй, æмæ адæймаджы уавæр фидар æрцæуа æмбæлон медицинон бæлвырдгæнæнтæй», – банысан кодта уый.

Закъон ист æрцыд фылдæр хъæлæстæй.

Рабадты рæстæджы депутаттæ æмхъæлæсæй райстой 2019 азы Паддзахадон бюджеты тыххæй закъон.

Йæ рады, Бибылты Анатоли арфæ ракодта закъон афоныл ист кæй æрцыд, уый тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, практикæ хъуамæ хъахъхъæд цæуа æрмæст бюджетмæ ахасты нæ, фæлæ æндæр ахсджиаг проекттæм ахасты дæр.

Рабадты кæрон Президент ноджы дæр раарфæ кодта алкæмæн дæр Ног азы æмæ Чырыстийы Райгуырды сæраппонд, бафæндыд æй уыдонæн царды æппæт хæрзиуджытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.