Йе ‘рдзон скондмæ гæсгæ Хуссар Ирыстонæн ис хорз уавæртæ дыргъы куыст райтынг кæнынæн æмæ уыцы ахсджиаг хъуыддаг сæндидзын кæныныл зæрдиагæй архайы республикæйы разамынад. Уый фæстиуæгæн нæм ныридæгæн  фæзынд фæткъуы æмæ æхсæры дыргъдоны фæзуæттæ. Ацы ахсджиаг куысты иу хай ивгъуыд аз сæндидзыдта Цхинвалы районы Къостайыхъæуы зæххыл æмæ дзы уæд дыргъдон ныккалдтой 18 гектары фæзуатыл. Уыдон сты Италийæ æрласгæ фæткъуыйы æртæ хуызы – «Местор», «Голден» æмæ «Гаппа», æдæппæт 61 мин талайы. Сæ самал кæныныл бакуыста уæрæсейаг инвесторы филиал ООО «Южный сад». Ацы филиалы директор Бекъойты Леуан куыд загъта, уымæ гæсгæ ма иу ахæм хъуамæ сагъд æрцæуа ацы аз уалдзæджы æмæ уыцы куыст дæр æххæст æрцыд цыбыр æмгъуыдты æмæ гъæдджынæй. Талатæ æрластой уалдзæджы райдианы æмæ коллектив æнхъæлмæ каст хорз боныгъæдтæм, куыддæр кусынæнбæзгæ бонтæ ракодта, афтæ æрæвнæлдтой сæ садзынмæ. Æрвылбон дæр, сæумæрайсомæй суанг изæрмæ 70 адæймаджы  куыстой æнæрынцойæ æмæ фондз боны дæргъы ныссагътой 65 мин талайы.

Кусджытæ дыргъдоны æххæст кæнынц агротехникæйы домæнтæ, фаг æфсæст сты донæй дæр. Ивгъуыд азы дыргъдон радта йæ фыццаг тыллæг, фæлæ ацы аз тыллæгæр-зад уыдзæн бæрæг фылдæр, фæткъуыйы фыццаг тыллæгмæ æнхъæлмæ кæсынц, æрæджы кæй ныссагътой, уыдонмæ дæр.

     ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.