Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон таможнæйон комитеты Сæрдар Цхуырбаты Муратæн йæ райгуырдыл 50 азы сæххæсты цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Мурат Зауыры фырт!

Зæрдиаг арфæ дын кæнын дæ царды нысаниуæгджын бон – дæ райгуырдыл 50 азы сæххæсты цытæн!

Паддзахадон таможнæйон комитеты раз цы нысæнттæ æмæ хæстæ æвæрд ис, уыдон ирдæй æмæ реалонæй æмбарын, дæ адæймагон фидардзинад æмæ активон æмбæстагон позици, куыстхъомдзинад æмæ бæрндзинад гуырын кæнынц дæ коллегæты, хæлæртты æмæ æввахс адæмы стыр кадкæнынад.

Куысты дæ хъæздыг фæлтæрддзинад у паддзахадон таможнæйон политикæ æнтыстджынæй реализаци кæныны бындур, закъонон бартæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны интерестæ æххæст кæнын.

Уадз æмæ дарддæр дæр дæ нысанмæздæхт, сæрмагонд хъомысад лæггад кæнæд егъау æмæ хъæугæ куысты Хуссар Ирыстоны социалон стабилондзинад æмæ адæмы фæрныгад хъахъхъæныны фæдыл.

Дæ райгуырды боны дын, цытджын Мурат Зауыры фырт, мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ æнтыстытæ дæ бæрнджын архайды»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.