Хуыбылты Валерийы номыл фæлладуадзæн парк нæ горæты цæрджытæн у сæ уарзондæр бынат. Æрвылбон дæр, боныгъæдмæ нæ кæсгæйæ, ам фæтезгъо кæны бирæ адæм. Тезгъо кæнынæн дзы арæзт æрцыдис дзæвгар фæндæгтæ. Улæфæн зонæйæн йæ территори ахсы 20 мин квадратон метры. Арæзт æрцыд Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Рахицæн ын кодтой 33,5 милуан сомы. Стыр парчы æвæрд æрцыд 37 фæхсбандон æмæ 100 фонары. Куыстытæ æххæст кодта арæзтадон фирмæ «Цхинвалы арæзтадон организаци». Парчы  арæзтад цыд цалдæр азы дæргъы. Æртæ азы размæ уый арæзт фæцис. Фæлæ йын хицау фæзынд æрмæстдæр апрелы мæйы райдианы, йæ балансмæ йæ райста горæты администраци. Нырмæ йæ кæй нæ айстой сæ балансмæ, уымæн уыд йæхи аххосæгтæ, бирæ дзы уыд баххæстгæнинæгтæ.

Арæзтады министрады зæгъынц, зæгъгæ, проект ивд æрцыд бирæ хатты. «Раздæры проекты æвдыст цыд сывæллæттæн хиирхæфсæн фæзуат – алыгъуызон хъазæнтимæ. Фæлæ фæзуаты бæсты уым бындуронæй арæзт æрцыдысты Леуахийы былгæрæттæ. Уымæ гæсгæ объект аразыны рæстæджы, ис афтæ зæгъæн, стыр къуыхцытæ кæй не ‘рцыд. Арæзтадон фирмæ йæ хæслæвæрд сæххæст кодта. Объекты цы цухдзинæдтæ ис, уыдон аххоссаг та у, парк æнæркаст кæй баззад дæргъ-вæтин рæстæджы, уый», – зæгъы Арæзтады министры хæдивæг Гуыцмæзты Илья.

Хистæр кары адæм куыд зæгъынц, афтæмæй раздæры парк уыдис цымыдисондæр. Ам уыд хиирхæфсæн центр. Цыдысты йæм алы кары адæм дæр, уагъд дзы цыд хъазтизæртæ, сабитæн дзы уыд алыгъуызон ирхæфсæнтæ, аттракционтæ. Йæ фæзуаты цы кафе-бар уыд, уым сценæйыл зындгонд зарæггæнджытæ уагътой концерттæ. «Арæх мысын уыцы дуг. Уым цы концертон зал уыд, уый сценæйыл мæхæдæг дæр зарыдтæн дыккæгæм скъолайы хоры скондимæ. Хъуыды кæнын, иу хатт та нæ горæтмæ уæрæсейаг эстрадон зарæггæнæг Маша Распутина куы æрцыд. Арæх иу æм цыдтæн классикон музыкæйы концерттæм дæр», – дзуры Зассеты Марго.

Уый ма мысы аттракцион «Хæйрæджы цалх»-ы дæр. Зæгъы, зæгъгæ-иу уырдыгæй ракæсгæйæ горæт зынд армы тъæпæнау. Цыма-иу æндæр горæтмæ бахаудтам, нæхи афтæ æнкъардтам. «Иу хатт та аттракцион фехæлд, фæлæ уæддæр мах ме ‘мбæлттимæ йæ уæлæ сбадтыстæм, лæппутæ нæ зилын байдыдтой æмæ йе ‘мбисмæ схæццæ стæм…», – дзуры йæ хорз тæлмæнтæ дарддæр Марго. Йемæ тезгъогæнæг сылгоймаг йæ къух ауагъта «Стыр парк раздæр чи бахъуыды кодта, уыдонæн абоны парк сæ зæрдæмæ нæ цæуы. Мысынц, ам тезгъо кæнгæйæ иу адæймаг йæхи æрдзы хъæбысы куыд æнкъардта. Ныр дæр æвзæр нæу, фæлæ йæ цыма æрмæстдæр тезгъо кæнынæн сарæзтой. 2019 азы парк арæзт куы æрцыд, уæд бынæттон телеуынынады мæхи хъустæй фехъуыстон, проекты нысангонд кæй сты сывæллæттæн хъазæн фæзуæттæ æмæ теннисон корт»

Ныр горæты администрацийы ныфс æвæрынц, Стыр парк æмбæлон уагмæ кæй æркæндзысты. «Нырма нæ дæлбар чысыл рæстæг йедтæмæ нæй. Уæхæдæг æй зонут – аразинæгтæ дзы бирæ ис. Æнхъæлмæ кæсæм финансон фæрæзтæ рахицæн кæнынмæ. Уый фæстæ бавналдзыстæм дефекттæ аиуварс кæнынмæ. Хæрзарæзтады фарстатæм ныридæгæн æрæвнæлдтам, æмбæлон уагмæ кæнæм цъæх зонæтæ», – загътой горæты пресс-службæйы.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.