Æрвылаз дæр 30-æм августы æппæт бæстæты банысан кæнынц Æбæрæгæй  сæфт адæймæгты дунеон бон. Ацы бон расидт æрцыд æхсæнады хъусдард æбæрæгæй сæфт адæймæгты хъысмæтмæ аздахыны нысанæн, кæцыты тыххæй ницы фæзонынц сæ бинонтæ дæргъвæтин азты дæргъы. Хуссар Ирыстоны дæр банысан кæнынц ацы бон æмæ æрæмысынц 140 адæймагæй фылдæры нæмттæ, кæцыты абоны онг дæр агурынц сæ бинонтæ æмæ сæ хиуæттæ дæсгай азты дæргъы. Се ‘ввахс адæмы сæрæгасæй феныны ныфс сын нæ  амард абоны онг дæр.

Царды æбæрæгдзинадæй зындæр ницы ис. Цы ма уа, уымæй зындæр æмæ  дæсгай, ссæдзгай азты дæргъы дæ хъæбулæй, дæ цардæмбалæй, де ‘фсымæрæй, дæ ныййарæг фыдæй, де ‘ввахс хионæй æппындæр мацы хабар зонай. Адæймаг амарди æмæ ирон æгъдау куыд амоны, афтæ йæ йе нусон бынатмæ  афæндараст кодтай, йæ сыджыты хайыл æй сæмбæлын кодтай, уымæн та цы у, æбæрæгæй сæфт адæймæгты хъысмæтимæ абаргæйæ. Сæ хиуæттæ сын сæ мæрдон хуыз кæй нæ федтой, уымæ гæсгæ сæ ныфс нæ мæлы æмæ æнхъæлмæ кæсынц æмæ кæсынц…  Сæ хæдзары дуар сын исчи куы æрбахойы, уæддæр сæм афтæ фæкæсы, цыма мæнæ уал азы дæргъы цы зынаргъ адæймагмæ æнхъæлмæ каст, уый, æппынфæстагмæ, æрбацыд йæ хæдзармæ æмæ дуар куы бакæнынц, уæд та йæ бамбарынц фыдæнхъæл кæй фесты, уый. «Ереды трагедийы амæттæгты се скъуыдтæ æмæ сыгъд уæлæдарæсæй иуæй-иуты сæ хиуæттæ куыд базыдтой, афтæ сын мах дæр сæ пысулты скъуыдтæй, се стæгдартæй исты уæддæр куы ссариккам, уæд сулæфиккам æмæ нæ хъысмæтимæ сразы уаиккам, науæд æнхъæлмæ кæсынæй æмæ сæ агурынæй тынг бафæлладыстæм», – фæзæгъынц æбæрæгæй сæфт адæймæгты хиуæттæ.

1992 азы 13-æм апрелæй фæстæмæ æбæрæгæй сæфтыл нымад цæуы не ‘мбæстаг Джиоты Барис дæр. Уыцы рæстæджы Джиоты Аланы (Парпат) хъæппæрисæй Фидауынгæнæг тыхты æрбацыдмæ хъуамæ арæзт æрцыдаид къорд ирон лæппуты скондæй. Барис æфсæддон ахуыртæ цыд Дзауы районы. Уый æбæрæгæй сæфт фæцис, Дзауæй-Цхинвалмæ цæугæйæ, фæндагыл æмæ дзы абоны онг дæр йæ бинонтæ æмæ йæ хиуæттæ æппындæр ницы хабар зонынц. Бирæ, тынг бирæ тæригъæдтæ æрцыд, ацы фæндагыл цæугæйæ, раздæры гуырдзиаг хъæуты территорийыл, бирæ ирон лæппуты туг ныккалд уым гуырдзиаг лæгсырдты аххосæй. Боря уыд Фыдыбæстæйы активон хъахъхъæнджытæй сæ иу. Гуырдзиаг тыхæйисджытæ ирон адæмы ныхмæ хæст расидыны фыццаг бонтæй фæстæмæ йын нал дæр æхсæв уыд æмæ нал дæр – бон. Гуырдзиаг фашисттæ та тынг хорз зыдтой Ирыстоны хъæбатыр хъахъхъæнджыты æмæ-иу уыдонæй сæ къухмæ чи бахауд, уыдон-иу сæрæгасæй нал сæмбæлдысты сæ хæдзæрттыл. Афтæ трагикон рауад Барисы хъысмæт дæр.

Джиоты Барис райгуырд 1952 азы 22-æм апрелы Лагодехы районы Понайы хъæуы. Астæуккаг ахуырад райста Дзауы скъола-интернаты. Ацы уацы авторæн дæр Барис уыд æввахс адæймаг, уымæн æмæ иуæй-иу мыггагæй уыдыстæм, æмæ иннæмæй та ахуыр кодтам иу скъолайы. Хæлар уыдыстæм, кæд уый мæнæй æртæ къласы раздæр ахуыр кодта, уæддæр. Скъолайы ахуыр кæнгæйæ, Барис алкæмæн дæр, куыд йе ‘мкъласонтæн, афтæ иннæ ахуырдзаутæн дæр уыд уарзон адæймаг, фырхæларзæрдæ кæй уыд, уымæ гæсгæ. Ахуыр кодта хорз, йæ уагахаст уыд цæвиттойнаг. Скъолайы фæстæ иттæг хорз нысæнттыл каст фæцис Цхинвалы профессионалон-техникон ахуыргæнæндон. Профессионалон дæсныйад райсыны фæстæ куыста мастерæй ацы ахуыргæнæндоны. Уыцы иурæстæджы ма йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны педагогон институты физкультурон факультеты. Баслужбæ кодта советон æфсады рæнхъыты дæр. Йæ хо Нинæйы ныхæстæм гæсгæ, Барис уыд сæ ныййарджытæн кæстæр хъæбул. Æмæ кæстæр хъæбулы та уæлдай уарзт фæкæнынц бинонтæ иууылдæр. Барисы дæр буц кодтой йе ‘фсымæр æмæ йæ хотæ. Бинонты ‘рдыгæй йæм уæлдай хъусдард здæхт кæй цыд, хъулон уарзт æй кæй кодтой, уый йын тынг бандæвта йæ удыхъæдыл. Уыд æргомзæрдæ, алы хатт дæр цæттæ уыд тыхст уавæры бахауæг адæймагæн баххуыс кæнынмæ. Йе ‘ддаг хуызæй куыд зæрдæмæдзæугæ уыд, афтæ уыд  йæ удыскондæй дæр.

Джиойы фырт йæ цард баиу кодта Уанеты Галинæимæ. Зæнæгæй сын рацыд иу чызг – Элинæ. Фæлæ Барис нæ бафсæст хъæбулы уарзтæй. Уый æгæрон уарзт кодта йæ хъæбулы, алы хатт дæр-иу тагъд кодта хæдзармæ йæ хъæбулыл ацин кæнынмæ, тырныдта исты лæварæй йын йæ зæрдæ балхæнынмæ. Нæ бафсæст йæ фыды уарзтæй Элинæ дæр. «Мæ фыд æбæрæгæй куы фесæфт, уæд мыл цыдис æрмæстдæр аст азы. Хæдзары-иу стæм хатт уыд. Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд кæй райдыдта, уымæ гæсгæ нæ республикæйы уыд æндыгъд уавæр æмæ-иу мæ фыд лæууыд постыты Фыдыбæстæ иннæ хъахъхъæнджытимæ. Хæдзармæ-иу æрбауад йæ пысултæ раивынмæ æмæ мæныл ацинтæ кæнынымæ. Æппынæдзухдæр дардта æфсæддон формæ. Тынг рæсугъд ыл фидыдта æфсæддон уæлæдарæс. Абоны онг дæр йæ фæлгондз мæ цæстыты раз сысты. Йæ хъæбысы-иу мæ фелвæста æмæ-иу мыл афтæмæй цинтæ кодта. Райдианы йæ уыйбæрц не ‘мбæрстон, мæ фыд кæй фесæфт æмæ йæ кæй никуыуал фендзынæн, фæлæ мыл азтæ куыд цыдысты, афтæ тынгдæр мысыдтæн мæ уарзон фыды. Ме ‘мцахъхъæнтæ-иу сæ фыдты размæ куы ралыгъдысты, фæнды хæдзары кæрты хъазгæйæ, фæнды – скъолайы, уæд-иу мæ цæссыгтæ æркалдысты. Бирæ хатт-иу мæм уынджы мæ фыды хуызæн чидæртæ фæкастысты æмæ-иу сæ фæстæ алыгътæн, папа, папа, хъæргæнгæ, фæлæ… Мæ фыд фесæфт мæ гуырæнбонæй дыууæ боны раздæр. Хъуамæ мын гуырæнбон сарæзтаид, балæвар та мын кодтаид мæ уарзон хъазæн, фæлæ йын нал бантыст… Абоны онг дæр йæ уарзæгой цæстæнгас æмæ мидбылхудт мæ цæстыты раз лæууы».

Элинæ абон йæхæдæг ныййарæг у,  чындзы фæцыд Цхуырбатæм. Йæ цардæмбал Алексеимæ сын ис дыууæ хъæбулы, чызджытæй сæ иуыл  цæуы 9 азы æмæ иннæуыл та – 5 азы. Элинæ каст фæцис ХИПУ-йы физикон культурæйы факультет. Кусы 2-æм астæуккаг скъолайы физкультурæйы ахуыргæнæгæй, афтæ ма уыцы иурæстæджы у ацы скъолайы волейболы секцийы тренер дæр.

    Абоны онг дæр йæ уарзон æфсымæрмæ æнхъæлмæ кæсы йæ хо Нинæ. «Æз уыдтæн Дзæуджыхъæуы æмæ федтон æвзæр фын. Дыккаг бон ратагъд кодтон æмæ Дзауы Барисы куы æрцагуырдтон, уæд мын загътой, зæгъгæ, дам, ацыд горæтмæ. Æрцыдтæн Цхинвалмæ, фæлæ йæ никуы ссардтон, нæдæр нæм  хæдзармæ æрбацыд. Ме ‘фсымæр уыд хæларзæрдæ адæймаг. Тынг уарзта мæ дыууæ фыртимæ хъазын. Амыдта сын алцы дæр, цъиутæ цы рæстæджы æмæ куыд зарынц æмæ афтæ дарддæр. Уыдон дæр æй тынг уарзтой æмæ райзæрдæйæ йемæ сæ рæстæг æрвыстой. Барис тынг рæхст хъæдæрмæджы куыстмæ. Сарæзта-иу алыгъуызон фигурæтæ æмæ-иу сæ балæвар кодта йæ бирæ хæлæрттæн, йæ хиуæттæн. Кæд куы фесæфт, уыцы бонæй 28 азы рацыд, уæддæр æм æнхъæлмæ кæсæм æмæ кæсдзыстæм, цалынмæ дзы исты хабар базонæм, уæдмæ», – радзырдта нын йæ хо Нинæ.

Барисæн уыд бирæ хæлæрттæ, уыдонæй сæ иу у волейболы скъолайы тренер, РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг Гатыгкоты Алик. Уый Барисимæ базонгæ ахуыргæнæндоны  физкультурæйы ахуыргæнæгæй куы куыста, уæд æмæ йе ‘мгары бахъуыды кодта, куыд тынг хорз адæймаг, афтæмæй. Аликмæ тренировкæ кодта Барисы чызг Элинæ. «Барисимæ æмгæрттæ уыдыстæм, кусгæ дæр иумæ кодтам. Куыста мастерæй. Уарзтой йæ сывæллæттæ, йæ къухтæй цыд алцы дæр. Алы хъуыддаджы дæр уыд рæвдз. Советон Цæдисы рæстæджы фæскомцæдисы структурæты дæр бакуыста æмæ йын уый фæахъаз æвзонг адæймæгты зæрдæтæм æнцонæй фæндаг арынæн. Æгæрыстæмæй-иу афтæ дæр дзырдтой, зæгъгæ, дам, Борик мæргъты æвзаг дæр зоны. Бирæ йæ уарзтой лæппутæ дæр, фæлæ хъысмæтæн цы загъдæуа, тынг хорз æмгарæй фæцух стæм. Арæх ын æрæмысæм йæ рухс ном», – загъта Гатыгкоты Алик.

Барисмæ бæргæ уыд царды плæнттæ, фæлæ йын сæ гуырдзиаг тугцъиртæ 40-аздзыдæй æрдæгыл аскъуыйын кодтой. Гуырдзиаг лæгсырдты аххосæй  æбæрæгæй сæфт куынæ фæуыдаид, уæд абон цин кæнид йæ хъæбулыл, йæ хъæбулы хъæбултыл, Ирыстоны хæдбардзинадыл. Йæ арæхстджын къухтæй нырма дæр пайдатæ хæссид йæ радтæг Ирыстонæн, фæлæ…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.