Нæ горæты цæрджытæн сæ уарзондæр бынат у, горæты бæстыастæу цы Ногдзауты парк ис, уый. Ардæм, сæ кармæ нæ кæсгæйæ, сæхи ирхæфсынмæ, сæ рæстæг хъæлдзæгæй æрвитынмæ фæцæуынц канд чысыл сывæллæттæ æмæ фæсивæд нæ, фæлæ ма ацæргæ ардæм дæр. Паркæн кæд йæ территори егъау нæу, уæддæр хæрзвадат ран кæй ис, уымæ гæсгæ куыд нæ горæты цæрджыты, афтæ уазджыты дæр йæхимæ здахы. 2008 азы хæсты фæстиуæгæн ам ахизæнтæ нал уыд, алыгъуызон снарядтæ кæй рафæлдæхтой, кæй цæнгтæ ныскъуыдтæ кодтой æмæ хъæдхъиутæй чи лæууыдысты, уыцы бæлæстæй. Фæлæ Уæрæсейы Федерацийы æххуысæй нæ цард тагъд æндидзын райдыдта æмæ уый бандæвта Ногдзауты паркыл дæр. Хæрзарæзт æрцыд йæ территори. Сæвæрдтой дзы фæхсбандæттæ, фæзынд дзы фонтан, зындгонд аргъæутты персонажтæ æмæ та йæм ногæй цæуын райдыдтой нæ горæты цæрджытæ афæдзы алы афон дæр. Иу цалдæр азы размæ та Ногдзауты парк ноджы дæр йæ хуыз  фæивта  хуыздæрæрдæм  –  фæаивдæр, сывæллæттæн дзы æвæрд æрцыд хъазæнтæ, фæфылдæр цъæхдарæнты зонæ, зæронд фæхсбандæттæ ивд æрцыдысты ногтæй, парчы территори рухс кæнынц æхсæвыгон, цы рухсыцæджындзтæ дзы ис, уыдон. Сывæллæттæн дзы цы цалдæр хъеллаугæнæнтæ уыд, уыдонмæ ноджыдæр бафтыдтой цалдæр, цæмæй сывæллæтты рады лæууын бирæ ма хъæуа.

Парк ноджыдæр фæаив кодта Паддзахадон драмон театр куы сырæзт, театры фæстæ дæр хæрзарæзт куы æрцыд, уæд. Æрыгон техниктæн Ногдзауты паркы цы бæстыхай ис, уый дæр нал кæсы мæгуыргъуызæй æмæ хæстæфхæрдæй – æрцыдис капиталон цалцæг æмæ йæ хуыз скалдта. Бынтон аив та у парчы территорийыл цы хæрзарæзт кафе «Винченцо» ис, уый. Ардыгæй цы музыкæйы зæлтæ фехъуысы, уый æхцондзинад хæссы, ардæм улæфынмæ чи цæуы, уыдонæн. Уыдæттæ иууылдæр хорз сты, фæлæ… Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ Ногдзауты парчы нæй æхсæнадон къахæвæрæн!

Паркы алфæмблай кæд бирæ административон уагдæттæ ис, уыдонæй алкæйы дæр ис ахæм бынæттæ, уæддæр уыдон хæсджын не сты сæ дуæрттæ гомæй дарой æмæ паркмæ цы адæм цæуы улæфынмæ, уыдонæн сæрибарæй уа уырдæм цæуыны бар. Сабиты ныййарджытæ ацы проблемæйыл рагæй дзурынц, ныфс сæ уыд, парк хæрзарæзт куы цыд, уæд дзы æхсæнадон къахвæрæнæн дæр бынат кæй разындзæнис, фæлæ…

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.