11-æм октябры Хуссар Ирыстоны æхсæнад цытимæ банысан кодта Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты 90 азы юбилей, кæцы уагъд цыдис Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры. Цытджын мадзалмæ æрбацыдысты нæ республикæйы разамонджытæ РХИ-йы Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, афтæ ма Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, нæ бæстæйы раздæры президенттæ Цыбырты Людвиг æмæ Тыбылты Леонид, Уæрæсейы Федерацийы, Цæгат Ирыстон-Аланийы, Абхаз æмæ Донбассы уæлдæр ахуыргæнæндæтты æмæ зонадон уагдæтты минæвæрттæ, нæ университеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ, ректор Тедеты Вадимы сæргълæудæй.

Мадзаламонæг Дзуццаты Тамерлан мадзалмæ æрбацæуджытæ бæрæгбоны сæраппонд раарфæ кæныны фæстæ зæрдыл æрлæууын кодта Хуссар Ирыстоны педагогон институт университеты статусмæ куыд æмæ кæй фæрцы рахызт, йæ фæзындæй абонмæ цы вазыгджын фæндæгтыл рацыд, уыдæттæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты сырæзты истори æмæ куыд рæзтис, уый фæдыл æвдыст æрцыд видеоæрмæг, кæцы æххæст уыд рагон æмæ нырыккон кадртæй. Видеоæрмæджы æвдыст æрцыдысты ирон адæмы размæцыд æмæ уæлдæр ахуырадон уагдон бакæныныл, чи тыхст, ахсджиагыл æй чи нымадта, уыдоны къамтæ. Уыдон уыдысты: Тыбылты Алыксандр, Тедеты Петр, Уанеты Захар, Санахъоты Гæбил, Коцты Би-дзина æмæ æндæртæ. Æрæмбырдуæвджытæ базонгæ сты, ныртæккæ университеты ахуыр кæнынæн цы уавæртæ ис æмæ куыд ифтонг у, студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ цы мадзæлтты райсынц хайад, æппæт уыдæттимæ.

Афтæ-ма видеоæрмæджы æрымысыдысты, абон не ‘хсæн чи нал сты, уыцы лекторты дæр. Залыбадæг адæм иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой уыдоны рухс нæмттæ.

Залы айзæлд Хуссар Ирыстоны паддзахадон гимн æмæ уый фæстæ сценæмæ хуынд æрцыдис университеты ректор, техникон зонæдты кандидат, профессор Тедеты Вадим Ботазы фырт. Уый юбилейы цытæн зæрдиаг арфæ ракодта университеты студенттæ æмæ ахуыргæнджытæн æмæ сын йæ цæст бауарзта æнтыстытæ, царды æппæт хæрзиуджытæ.

«Зынаргъ студенттæ, цыдæриддæр нæ университеты арæзт цæуы, уыдон иууылдæр сымахæн сты. Уымæн æмæ сымах стут нæ фидæнаразджытæ æмæ уæ стæм сæрыстыр. Уæ сæйраг хæс у ахуыр кæнын æмæ зонындзинæдтæ исын, кæддæриддæр сæм зæрдиагæй тырнут», — загъта университеты ректор.

Тедеты Вадим ма бузныг загъта университеты коллективæн се ‘нувыд куысты æмæ райгуырæн бæстæмæ æгæрон уарзондзинады сæраппонд, уæззау дуджы сæ бон бахъахъхъæнын кæй бацис нæ бæстæйы иунæг уæлдæр ахуыргæнæндоны æмæ йын йæ кад æмæ традицитæ дæлæмæ кæй не ‘руагътой, уый тыххæй. Тедеты Вадим цыбыртæй æрдзырдта факультетты ахуырадон процессы æмбæлон æмвæзадыл, ныртæккæ университет стыр хъусдард кæй здахы ахуыр-хъомыладон куыст фæхуыздæр кæнынмæ æмæ уый фæдыл цы мадзæлттæ уагъд цæуынц, уыдæттыл.

«Нæ республикæйы царды æппæт къабæзты дæр ивындзинæдтæ цæуы, уыцы нымæцы ахуырады фадыджы дæр. Бирæ дæсгай азты дæргъы Хуссар Ирыстоны адæмæн уæлдæр ахуырад райсыны иунæг фадат аразæг у нæ университет. Йæ сырæзтæй нырмæ уый рауагъта бирæ цæттæ кадртæ. Университет ис йæ рæзты фæндагыл æмæ мæ ныфс ис хуыздæрæй-хуыздæр кæй кæндзыстæм, уымæн æмæ нæ фарсмæ ис стыр Уæрæсе æмæ йæ бирæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæ, кæцытæ махæн сты нæ хæлæрттæ æмæ нæм абон дæр фæуазæг сты не стыр циныл бацин кæныны тыххæй. ХИПУ бирæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæ æмæ зонадон центртимæ бафыста бадзырдтæ æмæ уый та ууыл дзурæг у æмæ нын размæцыд æмæ æнтыстытæ кæй уыдзæн. Университет æхсæнадон царды рæзты хъуыддагмæ йе стыр хайбавæрд кæй хæссы, уый тыххæй РХИ-йы раздæры Президент Бибылты Анатолийы барамынд-мæ гæсгæ хорзæхджын æрцыдыстæм Кады орденæй», — банысан кодта ректор.

Уый ма йæ раныхасы стыр бузныг загъта Президент Гаглойты Аланæн, лæмбынæг хъусдард сæм кæй дары æмæ сæ фарсмæ кæй ис, уый тыххæй. Юбилеймæ цы бирæ уазджытæ æрцыдис, уыдоны дæр сæрмагондæй сбуц кодта Тедейы фырт.

Университеты юбилейон бæрæгбоны цытæн ма студенттæн æмæ ахуыргæнджытæн раарфæ кодта бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан. Уый йæ раныхасы банысан кодта республикæйы иунæг уæлдæр ахуыргæнæндон кæй у зындгонд зонад-иртасæн центр, кæцыйæн стыр аргъ æмæ кад кæнынц куыд нæ бæстæйы, афтæ уымæн æддейæ дæр.

«Абон ацы юбилейон бæрæгбон канд университеты коллектив æмæ студентты нæу, фæлæ хуссарирыстойнаг адæмы иумиаг бæрæгбон. Уымæн æмæ кæддæр 90 азы размæ Ирыстоны рухстауджытæ цæуыл тох кодтой æмæ цæмæ бæллыдысты, уый сæ къухты бафтыд æмæ ирон дзыллæйад ахуырыл ныххæцыдысты. Университетæн ис йæхи традицитæ æмæ уыдоныл схъомыл сты бирæ ахуыргонд фæлтæртæ. Нæ уæлдæр ахуыргæнæндоны сæрыстырдзинад сты уыцы рауагъдонты плеядæ, кæцытæ стыр хайбавæрд бахастой нæ паддзахаддзинады рæзтмæ æмæ абон уыдоны раст архайд æмæ зондджын къахдзæфты руаджы стæм хæдбар паддзахад. Мæн фидарæй уырны, нæ университет йæ разы цы хæстæ æвæры, уыдон ын сæххæст кæнын кæй бантысдзæн æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты кад æмæ ном бæрзонд кæй хæсдзæнис. Æз абон залы уынын мæ ахуыргæнджытæй бирæты æмæ уыдоны номæй æппæт коллективæн дæр зæгъын бузныджы ныхæстæ. Мæ зынаргъ хæлæрттæ, мæ зæрдæ уын зæгъы уæ куыст æмæ ахуырады стыр æнтыстытæ æмæ фидар æнæниздзинад», — банысан кодта Гаглойты Алан.

Хуссар Ирыстоны фыццаг Президент, университеты раздæры ректор, историк Цыбырты Людвиг дæр арфæ ракодта университет æмæ æппæт хуссарирыстойнаг адæмæн бæрæгбоны цытæн æмæ цыбыртæй банысан кодта йæ рæстæджы æмæ университеты ныртæккæйы ахуыры уавæрты тыххæй.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетæн ма сæ юбилейон бæрæгбоны сæраппонд арфæ ракодтой нæ республикæйы Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов æмæ цытджын уазджытæ. Уæрæсейы æмæ æндæр хæларадон бæстæты уæлдæр ахуыргæнæндоны ректортæ сæ арфæйаг раныхæсты фæстæ университетæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Цытджын мадзалы дыккаг хай адарддæр кодтой цымыдисон концертон программæйæ, цыран хайад райстой университеты сфæлдыстадон къордтæ æмæ зарæггæнджытæ, афтæ ма нæ республикæйы æмæ Цæгат Ирыстоны популярон зарæггæнджытæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.