Ивгъуыд къуыри, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты актон залы уагъд æрцыд зынгæ ирон поэт, прозаик, драматург, революционер Гæдиаты Цомахъы райгуырды 135 азы боны цытæн юбилейон изæр. Хуынд æрцыдысты университеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ, Фысджыты Цæдисы æмсæрдар, университеты ахуыргæнæг Хъазиты Мелитон, поэт Бахъаты Нугзар, ирон литературæйæн табугæнджытæ.

Мадзал бацæттæ кодта университеты ирон литературæйы кафедрæ профессор Плиты Гацыры сæргълæудæй. Куыд зонæм, афтæмæй ирон кафедрæйы цур йæ куыст кæны студентон клуб «Къоста». Ацы клубæн дæр къухдариуæгад кæны Плиты Гацыр. Ам арæх сорганизаци кæнынц студенттимæ фембæлдтытæ, зындгонд фысджыты юбилейтæ æмæ мысæн изæртæ. Сæйраг нысаниуæг та клуб «Къоста»-йæн у  ирон æвзаджы райрæзын кæнын, цæмæй студенттæ æрбангом уой кæрæдзимæ, фылдæр зонындзинæдтæ исой ирон литературæйæ.

Мысæн изæр бацæуæн ныхасæй байгом кодта университеты ахуыргæнæг Плиты Серго. Уый стыр бузныг загъта ирон литературæйы кафедрæ æмæ ирон филологийы деканатæн, ацы юбилейон изæр кæй бацæттæ кодтой, уый тыххæй. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ ахæм цымыдисон мадзæлттæ пайда сты студенттæ æмæ ахуыргæнджытæн дæр, нæ фидæны фæсивæд хъуамæ зоной æмæ аргъ кæной нæ зындгонд рухстауджытæ æмæ фысджытæн.

Дарддæр Гæдиаты Цомахъы цард æмæ сфæлдыстадыл æрдзырдта Плиты Гацыр.

Гæдиаты Цомахъ – тох æмæ сæрибары зарæггæнæг. Йæ курдиат уыд æппæтвæрсыг. Йæ цард, йæ куыст, йæ зонд – æнгом баст уыдысты Ирыстоны хъысмæтимæ, национ хæдбардзинадыл тохимæ. Кæд царды рацыд зын фæндагыл, уæддæр йæ намысыл нæ бауагъта къæм абадын.

Цомахъ, адæмон фыссæг Секъайы фырт у. Райгуырд Хъуды комы, Ганисы хъæуы. Мæгуыр тыхст уавæры кæй цардысты, уымæ гæсгæ ралыгъдысты Цæгат Ирмæ.

Цомахъ райдайæны ахуыр кодта Джызæлы хъæууон скъолайы, фæстæдæр, фондз азы дæргъы, Дзæуджыхъæуы дины скъолайы. 1897 азы уый бацыд Стъараполы семинармæ æмæ 1903 азы та ссис Тартуйы университеты студент,  уым ахуыр кодта истори æмæ филологи. Архайдта революцион змæлды.

Фыццаг уырыссаг революцийы рæстæджы, революцион змæлды кæй архайдта, уымæ гæсгæ Цомахъ ныууагъта йæ ахуыр. Фæстæмæ æрбаздæхт Ирыстонмæ. Уыцы рæстæджы æм-бæлтты къордимæ уагътой «Ирон газет». Ам раргом Цомахъы публицистон курдиат. Уый бæрæгæй равдыста, адæм цы зын уавæрты цардысты, бæстæ цы уавæры уыди, уый. Æмæ æппæт уыдæттæ уыдысты революцион змæлды аххосæгтæ. «Нал ис цæрæн, – зæгъынц адæм, – фыццаджы цардæй. Нал фæразæм нæ тыхстæй, нæ тухитæй. Нæ маст нæ хъуырмæ схæццæ… Æнæвгъау нæ æфхæрдтой… Уæлæмæ скаст нæ нæ уагътой… Адæм бамбæрстой, хицаудзинад уæларвæй æрхаугæ кæй нæу, уый, æмæ райдыдтой хæцын… Хицæуттæ, æрмæст цас фылдæр ратоной, уый мæт йеддæмæ ницы кæнынц, адæмы цард нæ зонынц, адæмы маст сæ зæрдæмæ нæ исынц. Паддзахады тæрхондоны та хъуамæ уой адæ-мæн йæхи æвзаргæ, йæхицæй ист лæгтæ».

Газеты ахæм революцион хъуыдытæ кæй уагътой, уымæ гæсгæ æрцыд æхгæд. Уыцы азты æр-цыдысты фыст Цомахъы хуыздæр æмдзæвгæтæ.

Революцион змæлд куы æрсабыр, уæд Цомахъ фæстæмæ аздæхт Тартумæ. Фæлæ йæ 1908 азы мартъы мæйы æрцахстой æмæ дыууæ азы фæбадт ахæстоны. Ам, ахæстоны дæр ныффыста мидисджын æмдзæвгæты цикл «Ахæстоны фыстытæй». Поэт йе ‘мдзæвгæты равдыста ахæсты уæззау уавæртæ хуызджын реалистон нывты, йæ хъизæмар, йæ тохы бæрзонд нысан, йæ рухс бæллицтæ. Равдыста рæстдзинад агурæг, тохгæнæг Адæймаг.

1910 азы Цомахъ æрвыст æрцыд Сыбырмæ цæрæнбонтæм. Бахауд, æнæнхъæлæджы, зын уавæрты. Уый Наташæ Мусьпанмæ фыста: «Абон мæхи хуыз-дæр æнкъарын, фæлæ та райсом мæ хъæлæсæй туг куы скæла, бæлæстæ калгæйæ ме ‘нгуылдзтæ хырхы хъæдыл куы ныссæлой, уæд ахæм зæрдæбын ныхæстæ ныффыссын мæ бон нал бауыдзæн».

Зын уавæрты уæвгæйæ, уæддæр йæ зæрдæ не сивта йе ‘хсæнадон æмæ этикон идеалтыл. Уым сыбыры хай чи фæци, уыдон æмæ бынæттон адæмы сывæллæттæн йæхи хъæппæрисæй сарæзта скъола: «Нæ ахуыргæнæг, нæ дохтыр, нæ зондамонæг»  афтæ йæ хуыдтой бынæттон цæрджытæ. Агуырдта мадзæлттæ кусынæн, адæммæ рухс хъуыдытæ хæссынæн, уыдон сæраппонд хицауадæн мысыд алы æфсæнттæ, зæгъæм, куадзæн кæныны æфсон арæзта æмбырдтæ, каст лекцитæ.

Февралы революцийы фæстæ, 1917 азы, Цомахъ æрбаздæхт Ирыстонмæ. Райдыдта йе ‘хсæнадон куыст, уымæн йе ‘мдзæвгæтæй хъуыст тохы хъæр. Мидхæсты рæстæджы Цомахъ кодта æхсæнадон æмæ рухсадон уы-наффæдонты æнувыд æмæ хъæппæрисджын архайд.

20-æм азты уый йæ тыхтыл нæ ауæрста, кодта æхсæнадон-рухсадон куыст. Уыд газет «Рæстдзинад»-ы фыццаг редактор, пединституты разамонæг, зонад-иртасæн институты сæргълæууæг. Уыцы рæстæджы  ма кодта литературон-сфæлдыстадон куыст дæр. Берлины ирон типографийы,  1925 азы рацыд йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд «Царды фæйлауæнтæ». Цомахъ бæстонæй ныффыста очерктæ ирон классиктæ Къоста, Секъа æмæ æндæрты цард æмæ сфæлдыстадыл.

Плиты Гацыр ма æрдзырдта Цомахъы прозæйы тыххæй. Уый загъта, зæгъгæ, Цомахъы прозæ кæд бæрцæй чысыл у, уæддæр йæ мидис у ахадгæ. Цомахъ йæ радзырд «Царды уæз»-ы равдыста мæгуыр кусæг лæджы трагикон хъысмæт, йæ бинонты тæригъæттаг уавæр. «Фыдæлты намыс»-ы уый æвдисы фыдæлты царды уаг куыд хæлд æмæ ног æгъдæуттæ царды куыд фидаргонд цыдысты, уый.

Гæдиаты Цомахъ уыд йæ рæстæджы цауты архайæг, тох кодта адæмы фарныл. Адæм уыцы историон заманы сæ бæллицтæ, сæ фæндиæгтæ бастой социалон революцийы уæлахизыл, æмæ Цомахъ дæр цыд  уыцы фæндагыл.

Цомахъ йæ цардæй ахицæн 1931 азы сæрды.

Юбилейон изæры ма раныхас кодта Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар, университеты ахуыргæнæг Хъазиты Мелитон. Уый поэты тыххæй загъта, зæгъгæ, Цомахъ царды дæр, сæрибары сæрыл революцион тохы дæр, поэзийы дæр, прозæйы дæр, драматургийы дæр, публицистикæйы дæр, литературæзонынады дæр æмæ алы хъуыддаджы дæр дзуапп лæвæрдта йæ номæн. Афтæ, Цомахъ, хуыдтой сырдты паддзахы, ома, Домбайы.

Гæдиаты Цомахъ æцæг домбай уыдис. Афтæ чи зæгъы, зæгъгæ, ном æрмæст фæхегæнæн у, уыдон рæдийынц. Адæймагæн йæ ном йæ уды фарн февдисы. Æмæ Цомахъ суанг уæларвон зæдты æвзаг – поэзийы дæр уыдис æцæг домбай. Бирæ, тынг бирæ цæмæйдæрты уыдис æмæ у бафæзминаг. Æмæ йын йæ дзырды рæсугъд кæ-лæнтимæ никæй æвзаг фæивддзаг кæндзынæ. У зæлланггæнаг, нæр-гæ æмæ, суадоны донау, сыгъдæг; сабийы хæкъуырццытау – æхцон,  зæгъы Мелитон.

Хъазиты Мелитон ма фыссæджы тыххæй дзургæйæ, æрхаста, Джыккайты Шамил афтæ кæй загъта, «Зындон у ирон поэты цард. Нæй йын фадат нæдæр цæрынæн, нæдæр кусынæн. Афонæй раздæр рафтынц тыхцард æмæ æнæбары куыстæй», уый. “Уым æгæр раст дæр у, – зæгъы Мелитон – фæлæ мах ирæттæ стæм – æцæг ирон худинаг йæ сæрмæ нæ хæссы æмæ Цомахъ, гæнæн уæвгæйæ, йæхи кой уымæн никуы кодта. Йæхи сæрыл, куыд æмбæлы, афтæ никуы тыхст. Поэзи йын рухс кувæндонæй рухсдæр бынат уыдис”.

Мелитон ма радзырдта Цомахъæн йæ фыд Секъаимæ сæ ахастыты тыххæй. Нафи зæгъы: «Бирæ зындзинæдтæ бавзæрста йæ царды Секъа, фидар хæххон лæг. Бафæрæзта сын, батыдта сæ, фæлæ йын 1908 азы 7 марты йæ уарзон фырт Цомахъы куы ‘рцахстой, уæд ын уый йæ зæрдæ амардта».

Фыд йæ фыртыл цы, зæгъæн ис, генион æмдзæвгæ сфæлдыста «Цъиу йæ лæппыныл хъарæг кæны», уый кæсгæйæ зæрдæйы тугтæ ныттæдзынц, йæ аивтæй адæймаджы нал фæфæнды фæхицæн кæнын: «Мæ уалдзæджы цин ды уæддæр уыдтæ»; «Æркалд дыл цъити, къæдзæх хох – дуртæ» … Ирон лæг йæ хъæбулмæ йæ зæрдæйы уарзт æргом никуы æвдыста, фæлæ йæ Секъа раргом кодта фæсномыгæй – цъиу æмæ йæ лæппыны ахастыты хуызы. «Мæ зæрдыл æз дарын кæддæриддæр  Мæ фыды ныстуан, мæ фыды ныхас», – зæгъы фырт. Æмæ афтæ зæгъдзæнис æрмæстдæр уарзæгой хъæбул.

Хъазиты Мелитон ма æрдзырдта Цомахъæн йе ‘взаджы тыххæй. «Цомахъæн йе ‘взаджы цъуппыл сыгъзæрин æвæрд уыдис. Йæ поэзийы дæр, йæ прозæйы дæр, йæ драматургийы дæр, йæ публицистикæ æмæ литературæзонады дæр уый цы сыгъзæрин æвзагæй фæкодта куырыхон ныхас, уый стыр бæллиццаг æмæ цымыдисон у. Ныр адæмы знæгтæ, дзырд «советонимæ» цыдæриддæр баст у, ууыл дуртæ фæлдахынц, фæлæ зонадон литературæйы Цомахъы ирон советон литературæйы бындурæвæрæг хуымæтæджы нæ хуыдтой». Мелитон цæвиттонæн æрхаста Епхиты Тæтæрийы ныхæстæ:  «1905  азы революцийы  9-æм январы тыххæй доклад кодта Гæдиаты Цомахъ. Бæрзонд, саулагъз, хæрзконд Цомахъы ныхæстæ мæ зæрдæйы иннæрдæм хызтысты. Уый афтæ дæсны дзырдта, æмæ йæм хъусынæй не ‘фсæстæн. Мæ зæрдæйы мын райгуырын кодта диссаджы æнкъарæнтæ».

Цомахъ алыхуызон мадзæлттæй куыд арæхстджын æмæ зæрдæбынæй пайда кодта, цæмæй аив дзырд бæрзонд истаид йæ фарн дзыллæмæ хуыздæр хъуыстаид, уыдон сæрмагонд стыр зонадон куысты аккаг сты. Уымæн æмæ сæ бирæ, тынг бирæ ис рæгъмæ рахæссинаг, рæзгæ фæсивæдæн бафæзминаг миниуджытæ. Уыдæттæ махæн сты боныгон цырагъы рухсæй агуринаг. «Секъайы уарзон хъæбул Цомахъ йæ номыл гадзрахатæй никуы рацыд – уыдис ирон аив дзырды æцæг домбай», – йæ ныхас бакæронмæ кодта Хъазиты Мелитон.

Мадзалы ма æндæр æмæ æндæр факультеты студенттæ аив бакастысты Гæдиаты Цомахъы æмдзæвгæтæ.  Юбилейон изæр рауад цымыдисон.

Мадзалы кæрон Плиты Гацыр стыр бузныг загъта уазджытæн, мадзалы хайадисджытæн, студенттæн, сæ архайдæй кæй барæсугъд кодтой юбилейон изæр.

ДЗЕБЫСАТЫ Г.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.