Нæ республикæйы ныр цалдæр боны дæргъы цытимæ нысан кæныц ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон. Скъолаты, библиотекæты, клубты æмæ æндæр рæтты уагъд цæуынц алыгъуызон мадзæлттæ ирон æвзаджы тематикæйыл. Иу ахæм мадзал уагъд æрцыд Джиоты Владикы номыл Терегуаны астæуккаг скъолайы дæр.

Бæрæгбонон мадзалмæ æрбатымбыл сты скъоладзаутæ, ахуыргæнджытæ, хъæуы цæрджы-тæ æмæ бынæттон администрацийы кусджытæ. Скъолайы директор Тадтаты Ритæ йæ раныхасы æрдзырдта ирон æвзаджы историйыл, цæмæн æй нысан кæнынц 15 майы æмæ йын цавæр нысаниуæг ис.

«Мах хъуамæ æнувыд уæм не ‘взагыл, уымæн æмæ нын у хъæздыг. Ирон æвзаджы Абайты Васо дæр бæлвырдæй загъта, зæгъгæ, «нæй хъæздыгдæр æвзагæн скæнæн». Не ‘взаг хъæздыг куынæ уаид, уæд йæхимæ не ‘лвасид дунейы ахуыргæндты, – бирæ фæсарæйнаг зонадон кусджытæ дæр сæрмагондæй ахуыр кодтой ирон æвзаг, цæмæй йын арфдæр бамбарой йæ историон-этимологон нысаниуæг. Абоны бон не ‘мбæстæгтæй исчи иронау куы нæ фæзоны, уæд мын тынг зын вæййы. Уавæртæм гæсгæ æндæр бæстæйы чи райгуырд, ирон æхсæнады чи нæ схъомыл, уыдоны ма бамбарæн ис. Фæлæ ирон адæймагæн Ирыс-тоны цæргæйæ, нæй бар æмæ йæ мадæлон æвзаг ма зона. Кæд дæхи ироныл нымайыс, уæд æнæмæнхъæуæг у мадæлон æвзаг сахуыр кæнын», – банысан кодта йæ раныхасы скъолайы директор.

Уый фæстæ скъоладзаутæ  дзырдтой æм-дзæвгæтæ ирон æвзаджы тыххæй. Иумиагæй сисгæйæ, мадзал рауадис цымыдисон æмæ дзы æрæмбырдуæвджытæ райстой æхцондзинад.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.