Куыд зонæм, афтæмæй 1991 азы 28 апрелы боны цыппар сахатыл, тугмондаг гæрзифтонг гуырдзиæгтæ Гуры районы Бершуеты хъæуы æрдыгæй æрбацыдысты Ленингоры районы Цъинагары хъæуы сæрвæттæм, цæмæй атардтаиккой цъинагайрæгты фос. Уыдон  фехстой фыййауы. Мигæнæны хъæрмæ хъæуы фæсивæд абадтысты уæзласæн машинæйыл æмæ атындзыдтой, æхст кæцæй фæцыд, уырдæм. Гуырдзиаг абырджытæ сæ куы ауыдтой, уæд сыл нæмыг нызгъæлстой машинæйы гуыффæмæ. Фæдисонтæй иутæ цæфтæ фесты, авдæй та мæлгæ акодтой. Авд цардбæллон лæппуйы сæ цард радтой сæ райгуырæн къуымы сæрвæлтау. Уыдон уыдысты Бибылты Гиви, Хуыбылты Отар, Хуыбылты Зауыр, Хуыбылты Таймураз, Мæргъиты Отар, Чертхъоты Славик æмæ Дудайты Тенгиз.

Ацы азы 28 апрелы та радон хатт Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад, Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, ацыдысты Цъинагары хъæумæ æмæ хайад райстой фыдохы мадзалы. Мадзалмæ æрбацыдысты фæмардуæвджыты бинонтæ, хиуæттæ æмæ хæстæджытæ.

Мадзалы райдиан республикæйы Президент Бибылты Анатоли дидинджытæ сæвæрдта фæмардуæвджыты цырты раз. Дидинджытæ сæвæрдтой фыдохы мадзалы иннæ хайадисджытæ дæр.

Мадзал уагъта Ленингоры районы Администрацийы культурæйы хайады Цъинагары зонæйы сæйраг специалист Уалыты Зоя.

Уалион цыбыртæй радзырдта æдзард хъайтарты тыххæй. Банысан кодта, зæгъгæ, цасфæнды рæстæг ма рацæуа, уæддæр уыцы цардмондаг æмæ райгуырæн зæхх уарзаг лæппуты рухс нæмттæ никуы ферох кæндзысты, цæрæнбонæм цæрдзысты, чи сæ зыдта æмæ сын сæ хъæбатырдзинад чи фехъуыста, уыдоны зæрдæты.

Республикæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны истори йемыдзаг у траурон цаутæ æмæ бонтæй, ирон адæм, зæгъгæ, бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой сæ хуссайраг æгъатыр сыхæгты æрдыгæй.

Республикæйы иунæг къуым дæр нæ баззад, гуырдзиаг агрессорты æгъатыр, тугмондаг къух кæдæм нæ бахæццæ. Уыдон æппындæр никæуыл ауæрстой, мардтой, æрмæст, хъæбатырæй сæ адæмы, сæ Райгуырæн бæстæ чи хъахъ-хъæдта,   уыдоны нæ, фæлæ ма  сывæллæтты, сылгоймæгты, зæрæдты, сыгътой Ирыстоны хъæуты.

Президент куыд банысан кодта, афтæмæй Цъинагары трагеди æнæхъæн республикæйы трагеди у æмæ нæ хъæуы рох кæнын, Фыдыбæстæйы сæрыл сæ сæртæ нывондæн чи æрхаста, уыдоны рухс нæмттæ æмæ æппæт дæр аразын хъæуы, цæмæй рæзгæ фæлтæр зоной хъайтарты, ма сæ рох кæной æмæ сын цыт кæной.   

«Цæмæй сын сæ рухс нæмттæ арæм, уый тыххæй мах æрвылаз дæр ардæм æрæмбырд вæййæм. Ацы хъайтарты нæмттæ дæр, куыд Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæй чи фæмард, уыдоны нæмттæ, ма хъуамæ уой рохгонд. Уыдон сæ цард радтой абоны æвзонг фæлтæры рухс фидæны тыххæй, Райгуырæн бæстæйы сабыр цард æмæ дидинæфтыды тыххæй. Уыдон сты æхсардзинад æмæ Райгуырæн бæстæмæ, сæ адæммæ уарзондзинады цæвиттон», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Йæ раныхасы кæрон Президент æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта сыгъдæг Куадзæны бæрæгбоны цытæн. Загъта сын сабыр царды æмæ Хуыцауæй арфæгонд цы уой, уый фæндиæгтæ.

«Не ‘мбæстæгтæй æнæаххосæй фашистон Гуырдзыстоны амæттæгтæ чи фесты, уыдонау Цъинагары трагедийы амæттæгты дæр мах никуы ферох кæндзыстæм. Æрмæст Ленингоры районы гуырдзиаг агрессортæ хъизæмары мардæй амардтой дæсгай адæймæгты. Алы фæмардуæвæджы ном нæ рох кæнын, махæй алкæйы хæс дæр у. Нæ историйы риссаг фарстаты кой нæ кæнын у рæстдзинад æм-бæхсын, фæмардуæвджыты рухс нæмттæн нæ кад кæнын. Уыдæттæм нæ кæсгæйæ, цард иу ран нæ лæууы, республикæ размæ цæуы, адæм ныфсджынæй кæсынц размæ.

Нæ историйы трагикон цауты зæрдыл даргæйæ, хъуыды кæнын хъæуы сомбоныл. Хуссар Ирыстон Уæрæсейы руаджы йæ къахыл слæууыд. Ныртæккæ нæ республикæйы къухдариуæгады ахсджиаг фарстатæ сты сабырадон куыст кæнын, уыцы нымæцы  Ленингоры районы проблемон фарстатæ скъуыддзаг кæнын. Уырны мæ, иумиаг тыхтæй цыфæнды зындзинæдтæ дæр кæй аиуварс  кæндзыстæм  æмæ  республикæйы  алы  къуымты дæр адæмы царды уавæртæ кæй фæхуыздæр кæндзыстæм», – банысан кодта йæ раныхасы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.