БАЙТЫДТОЙ ӔФСИРОН КУЛЬТУРӔТӔ

 Фӕстиуджытӕ арӕзт ӕрцыд, Цхинвалы районы фермерон хӕдзарадтӕ цы куыст бакодтой, уымӕн. Статистикон хайады зонӕнтӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй фӕззыгӕнд мӕнӕу тыд ӕрцыд 99 гектары ӕмӕ уалдзыгӕнд культурӕ та – 89 гектары. Хицӕнтӕй сисгӕйӕ, Къостайыхъӕуы паддзахадон хӕдзарад мӕнӕу ӕмӕ хъӕбӕрхор байтыдта фӕйнӕ 44 га. Зӕхкусӕгон-фермерон хӕдзарад «Аз» фӕззыгӕнд мӕнӕу байтыдта 15 га, «Цъунар» -10 га ӕмӕ «Алан» та – 30 га. Хъӕбӕрхоры культурӕ ӕппӕты фылдӕр байтыдта «Икъорта»-йы хӕдзарад – 30 га, фӕйнӕ 10 га байтыдтой «Цъунар» «Фат» ӕмӕ «Ӕндидзынад», 7 га та байтыдта «Аз»-ы хӕдзарад. Сысджыйы культурӕ ӕдӕппӕт тыд ӕрцыд 22 га, уыцы нымӕцы «Сӕуӕхсид» -11 га, «Аз»- 7 га ӕмӕ 4 га та байтыдта «Цъунар»-ы фермерон хӕдзарад. Районы хӕдзарадтӕ ивгъуыд азты люцернӕ иууыл иумӕ байтыдтой 31,5 га, уыцы нымӕцы фӕйнӕ10 га байтыдтой «Рухс» ӕмӕ «Икъорта», 4 га байтыдта «Тын»-ы хӕдзарад ӕмӕ «Виктория» та – 1,5 га. Цыппар хӕдзарадӕн та эспарцеты культурӕ байтауын бантыст 20 га.

ФОСДАРДЫ КЪАБАЗЫ

Цхинвалы районы фосдарды куыст кӕнынц 11 хӕдзарады ӕмӕ сӕм ӕдӕппӕт нымадӕуы 252 стуры, уыцы нымӕцы хъуццытӕ сты 150. Хицӕнтӕй сисгӕйӕ, фылдӕр стуртӕ чи дары, уыдон раззагдӕр у «Арцеу»-ы хӕдзарад нымадӕуы йӕм 97 стуры, уыдонæй хъуццытӕ сты 44. «Алан»-ы фосдарджытӕм ис 35 стуры, уыцы нымӕцы хъуццытӕ – 32, «Тъбет»-ы хӕдзарады 25 стуры, хъуццытӕ – 8, «Фат»-мӕ нымадӕуы 22 стуры, фӕйнӕ 20 стуры дарынц «Цъунар» ӕмӕ «Тын»-ы хӕдзарадтӕ. Фысвосы куыст районы кӕны ӕрмӕстдӕр «Алан»-ы хӕдзарад ӕмӕ сӕ нымӕц у 200 сæры. Бӕхтӕ дарынц «Алан» – 6, «Сидук» – 2 ӕмӕ фӕйнӕ бӕхы та ис «Цъунар» ӕмӕ «Фат»мæ.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.