Нӕ республикӕйы хъӕууонхӕдзарадон куыстытыл лӕуд чи у, уыдонӕй бирæтӕ ацы аз дӕр ӕфсирон культурӕтӕй ӕрзайын кодтой хъӕздыг тыллӕг. Уый та, сæйраджыдӕр, сӕ къухты бафтыд агротехникӕйы домӕнтӕ ӕххӕст кӕныны руаджы. Хъыгагӕн, алы хӕдзарад дӕр кæд тырныдта хъæздыг тыллæг райсынмæ, уӕддӕр амӕйразмӕ ихуарды аххосӕй сӕ тыллӕгӕрзад рауад бынтон цъус.

Хойрагон культурӕтӕй хъӕздыг тыллӕг чи ӕрзайын кодта, уыдоны нымӕцмӕ хауы Цхинвалы районы Къостайы хъӕуы фермерон хӕдзарад «Билурта» дӕр. Уымӕн разамынд кӕны бинонты хистӕр нӕлгоймаг Цхуырбаты Лев, кӕцы йӕ рӕстӕджы каст фӕци хъӕууон хӕдзарады хаххыл уӕлдӕр ахуыргӕнӕндон. Уымӕ гӕсгӕ теоретикон зонындзинӕдтӕй арӕхстджынӕй пайда кӕны практикон ӕгъдауӕй ӕмӕ уый та фадат дӕтты бӕркадджын тыллӕг ӕрзайын кӕ-нынӕн. Хӕдзарад ацы аз хъӕбӕрхоры культурӕ байтыдта 17 гектары, фӕззыгӕнд мӕнӕу 10 гектары ӕмӕ сысджы та 7 гектары фӕзуатыл. Цъӕх-цъӕхид ӕвзарты рӕзтӕй уӕлдзӕджы рухс кодта адӕймаджы зӕрдӕ. Рӕстӕгыл агротехникӕйы домӕнтӕ ӕххӕст кӕныны фӕстиуӕгӕн хъӕбӕрхоры тыллӕгӕй бафснайдтой 33 тоннӕйы, мӕнӕуӕй – 22 тоннӕ, хорз уыд сысджыйы культурӕйы тыллӕг дӕр. Уымӕй дарддӕр ма хъӕбӕрхорӕй холладжы тыхтӕттӕ бафснайдтой 700 иуӕджы, фӕззыгӕнд мӕнӕуӕй – 300 ӕмӕ сысджыйӕ та – 900 иуӕгӕй фылдӕр. Ӕппӕт ацы куыстыты хӕдзарадмӕ се ‘ххуысы къух фӕдардтой фӕлтӕрд механизатортӕ Бибылты М., Цхуырбаты С. ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Куыд ивгъуыд аз, афтӕ та ацы аз дӕр йӕ зӕххы фӕзуаты ӕфсирон культурӕ байтыдта ацы хъӕуы иннӕ фермер Хуыбиаты Батрадз дæр. Кӕд хуымгӕрдӕн хӕдзарады чысыл афӕстиат бӕрӕг аххосӕгтӕм гӕсгӕ, уӕддӕр ӕдӕппӕт тыллӕг бафснайдта 20 тоннӕйы.

    ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.