Ацы хæдзарад бирæ рæстæг нæ уæвынад кæны, фæлæ уый ныхдур нæу куысты размæцыдæн. Райдианæй фæстæмæ йæ сæргълæууæг, Къостайыхъæуы цæрæг Джиоты Ацæмæз  йæхимæ æнкъары бæрндзинад, бацархайы алы куыст дæр, гæнæн уæвгæйæ, рæстæгыл æмæ агротехникæйы домæнтæм гæсгæ сæххæст кæныныл. Фыццаджыдæр  бацархайдта йæ бæрны зæххы фадыг æрæмбонд кæныныл, цæмæй байтыдты фæзуæттæ хызт уой знаггадæй. Ивгъуыд аз æмæ а-уалдзæджы хуым кæнынтауыны куыстытыл батыхст рæстæгыл æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Уый фæстиуæгæн куыддæр тауынæн бæзгæ боныгъæд ракодта, афтæ бацархайдта уыцы куыстытæ афоныл æмæ цыбыр æмгъуыдтæм сæххæст кæныныл.

 Хъæбæрхоры культурæ æдæппæт байтыдта 18 гектары æмæ дзы хæрзгъæд тыллæг та райста 25 тоннæйы. Уымæй дарддæр ма цъой та байтыдта 10 гектары, æркарста йæ  æмæ дзы иууыл иумæ бафснайдта 1500 холлагон тыхтоны. Уыдон ауæй кодта, фосдарды куыст чи кæны, уыцы æмбæстæгтæн.

Ацы хæдзарадон куыстыты активон хайад чи райста,  уыдоны нымæцы сты механизатортæ: Гаглойты Юри, Мæлдзыгаты Алан, Бибылты Мэлс, Гаглойты Алик, Джиоты Вадик æмæ Цхуырбаты Иван.

Хæдзарады разамонæджы фæнд у рагацау мæр фидæн азы байтыдтæн бацæттæ кæнын, уый та уыдзæн, куыддæр мæр æрфæлмæн уа æмæ хуым кæнынæн сбæзза, афтæ.

                                             Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.