Адæмы историйы бæх æмæ бæхдарынæн уыди æгæрон стыр ахадындзинад. Уыцы хæдзарон æгомыг фосæй тынг пайда кодтой хæдзарадон куысты, балцы цæугæйæ æмæ хæсты рæстæджы. Хæсты рæстæджы дзы кæй пайда кодтой, уый руаджы фæзынди бæхыл бадыны æмæ ифтыгъд бæхимæ архайыны дæсныйад. Ирон адæммæ бæхыл хъазын тынг кадджын кæй уыди, уый æвдисæн у, уыцы дæсныйад-иу, фос дарыны фæтк кæмæ сфидар, уыцы адæмтæм кæй фæзынди, уымæн. Сæ мидисмæ гæсгæ бæхыл хъæзтытæн се ‘ппæты хуымæтæгдæрты нысан дæр уыди, барæг дæр æмæ бæх дæр цас хæстхъом сты, уый рабæрæг кæнын. Рагзаманты-иу фæцайдагъ сты  бæхыл цæугæ-цæуын фæлтæрæнтæ кæныныл, æмæ дугъ кæнгæйæ, бæхæй æргæпп кæнын æмæ фæстæмæ абадыныл. Фæлтæрдтой-иу сæ, цæмæй уыдаиккой хъаруджын, æвзыгъд, цæрдæг, ныфсджын, фæндвидар, саргъыл бадтаиккой фидар, бæхы алы фезмæлд æнкъардтаиккой.

 Бæхмæ зилын куыд зонай, уымæй аразгæ уыди йæ фæразондзинад. Цæмæй дугъон рог уыдаид, уый тыххæй йæ дардтой хъарм бæхдоны æмæ йын фылдæр лæвæрдтой хъæбæрхор æмæ цæкуытæ. Алцыдæр ын лæвæрдтой бæрцæй. Бон æмæ йын æхсæвы дæргъы цас арæхдæр лæвæрдтой, уыйбæрц йæ холлаг хордта зæрдиагдæрæй æмæ йын уыди фарсылхæцондæр.

Дугъоны-иу иннæ бæхтæй фæиртæстой.  Сæ хъус тынг дардтой, дугъон цæмæй сфæлтæра, уымæ, арæзтой йын, рæвдздæр змæлын цæмæй райдыдтаид, ахæм фæлтæрæнтæ. Уый тыххæй-иу бæхы фæлвæрдтой сабыр цæугæйæ, сæппæй, цыппарвадыгæй, сиргæ цыдæй. Уыцы хуызтæй йæ фæд-фæдыл барæй фæлвæрдтой, ома, дард фæндагыл фæразон уа. Куыд цырд у, уымæй та йæ цыбыр дæрддзæгмæ фæлвæрдтой.

Ӕнæуый йæм цы зылдысты, уымæй уæлдай ма ахсджиаг уыдысты бæхы хинтæ æмæ кæлæнтæй хизæг магион мадзæлттæ. Уый тыххæй-иу дугъоны цæттæ кæныны мадзæлттæ – бæхауæрдын – никæмæн хъæр кодтой, йæхиуыл та-иу ын бакодтой, дæлимонтæй йæ чи бахызтаид, ахæм нысæнттæ.

Дугъон йæхæдæг кæм архайдта, уыцы бæхылхъæзтытæ æмæ ерыстæ ирæттæм зæрдаивæй дихгонд цæуынц дыууæ къордыл – дугъ æмæ бæхыл хъазт.

Бæхыл хъазты, ома, дугъ кæнгæйæ, барæгæн йæ бæх хъуамæ уа коммæгæс, йæ алы фезмæлд дæр хъуамæ æнкъара æмæ топпæй дæр уа рæстдзæвин. Хъару хардзгæнæн фæлварæнтæн сæ фылдæр фæкæнынц  цыппарвадыгæй уайаг дугъоныл.  Кæд дугъ æмæ бæхыл хъазт æнгæстæ сты, уæддæр бæхыл хъазт йæ ахастмæ гæсгæ хицæн кæны бирæ цæмæйдæрты – бæхыл-иу хъазыдысты тынгдæр иумæйаг æмæ бинонты цардимæ баст бæрæгбонты æмæ цины хъуыддæгты рæстæджы. Дугътæ та-иу уагътой марды кæндты рæстæджы. Уæвгæ, дугътæ чындзæхсæвы рæстæджы дæр уагътой, уæд-иу бæхтыл дæр хъазыдысты. Чындзæхсæвты бæхыл хъæзтытæй зындгонддæр уыди тырыса скъæфын.

Чындзæхсæвы адæм бирæ уарзтой бæхыл хъазтмæ кæсын. Барæг-иу равдыста, бæх ын куыд коммæгæс у æмæ хæцæнгарзимæ архайынмæ куыд дæсны у, уыдæттæ.

Бæхыл хъæзтытæ кадджын уыдысты бæрæгбонты рæстæджыты дæр. Ахæм хъæзтытæ-иу сарæзтой Хуыцауы дзуары бæрæгбоны дæр. Уый уыди уалдзæджы, бон æмæ-иу æхсæв куы сæмхуызон сты, уыцы рæстæг. Бæх уыди, Хур кæй хуызы бацыди æмæ йæ архайд æрдзы тыхты райхъал кæнынмæ арæзт кæмæн уыди, ахæм сурæт. Уымæн-иу архайдтой уыцы бæрæгбоны дæр. Бæх зайæгхал рæзынгæнæг æмæ бæркадхæссæг  магион миниуджытæй хайджын кæй уыди, уымæ гæсгæ архайдта куыстимæ баст бæрæгбонты дæр.

Бæх дарын рагзаманты кæй фæзынд æмæ бæх семиотикон æгъдауæй куыд бæрзонд æвæрд цыд, уый руаджы нæ ферох ис, незаманты æрвон миниуджытæй æгæрон хайджын кæй уыд, уый. Куыд рабæрæг, афтæмæй рагон ирайнæгтæ табу кодтой бæхæн, уымæн æмæ бæх уыди, уæларвон тыхтæ зæхмæ кæй хуызы æрцыдысты, ахæм цæрæгой. Нæ рагфыдæлтæ куыд хъуыды кодтой, афтæмæй бæрзонд æмæ ныл-лæгæн, тагъд æмæ сындæгæн, рухс æмæ талынгæн уыдис иу уавæрæй  иннæмæ рахизыны нысаниуæг. Æцæгæйдæр, бæх хайджын у фыццаг миниуджытæй, уыдон та баст сты Хур æмæ стъалытимæ. Бæлвырддæр дзургæйæ, бæх у Хуры сурæтхæссæг. Индоевропæйаг æмæ индоирайнаг поэзийы арæх æмбæлы Хуры сурæт æмæ йæ хонынц “Уадæмдзу бæхджын Хур”.

Адæймаг бæхæй бирæ æнусты дæргъы кæй пайда кæны, уый фадат лæвæрдта, цæмæй фæзындаид алы цæстæнгасæй арæзт системæ. Ацы хæдзарон фосæн æгæрон семиотикон хъомыс кæй уыд, уымæ гæсгæ тынг рапарахат сты бæхыл хъæзты-тæ. Бæхыл хъæзтытæ зæрдæрухсы æмæ хиирхæфсыны мадзал уыдысты ирон адæ-мы æрвылбонон æнтъыснæг царды.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.