Мыхуыры рацыд ӕмӕ йӕ кӕсджытӕм фӕхӕццӕ сабиты уарзон журнал «Ногдзау»-ы ацы азы фӕндзӕм номыр. Ирон литературӕйы бындурӕвӕрӕг, номдзыд поэт, нывгӕнӕг, ӕхсӕнадон архайӕг Хетӕгкаты Къостайы райгуырдыл сӕххӕст 160 азы. Уый тыххӕй, журнал йӕ кӕсджыты цыбыртӕй зонгӕ кӕны фыссӕджы цард ӕмӕ сфӕлдыстадимӕ, ис дзы йӕ къам дӕр. Дарддӕр рубрикӕ «Журналы уазӕг»-ы редакцийы фарстатӕн дзуапп дӕтты нывгӕнӕг Хетӕгкаты Аслӕнбег. Рубрикӕ «Къостайы тыххӕй» мыхуыр сты, поэты тыххӕй стыр адӕймӕгтӕ цы загътой, уыцы хъуыдытæ. Æвзонг кӕсджытӕ дзы базонгӕ уыдзысты Абайты Васо, Всеволод Миллер, Александр Фадеев, Расул Гамзатов, Тугъанты Махарбег, Джусойты Нафи, Джыккайты Шамил ӕмӕ Хъодзаты Ӕхсары хъуыдытимӕ. Рубрикӕ «Ӕгъдӕуттӕ»-йы мыхуыр цӕуы Къостайы очерк «Особа»-йӕ скъуыддзаг.

«Ӕмдзӕвгӕтӕ», зӕгъгӕ, ахӕм рубрикӕйы бын та кӕсджытӕ базонгӕ уыдзысты Бады Хъазыбег, Бузойти Кермен ӕмӕ Сергей Городецкийы ӕмдзӕвгӕтӕ «Къостайы мад Мариайӕн», «Тӕхуды, Къоста!», «Коста Хетагурову». Поэты ӕмдзӕвгӕтыл бирӕ зарджытӕ фыст ӕрцыд, уыдонӕй сӕ иу – «Дзывылдар», журнал мыхуыр кӕны ӕд ныхӕстӕ нотӕтимӕ. «Викторинӕ» рубрикӕйы журналы редакци фарстатӕ дӕтты йӕ кӕсджытӕм поэты цард, йӕ нысаниуӕг, йӕ конд ныв ӕмӕ ӕндӕрты тыххӕй. Хетӕджы фырты тыххӕй Цӕгат Ирыстоны сгуыхт нывгӕнӕг Хетӕгкаты Хъазыбег фыссӕджы цард ӕмӕ сфӕлдыстады фӕдыл дзӕвгар нывтӕ сфӕлдыста, уыдонӕй журналы сты «Къоста хасты фӕстӕ», «Фембӕлд Къостаимӕ», «Хетӕгкаты Къостайы зианы бон» ӕмӕ «Номарӕн». Поэт бирӕ уарзта сывӕл-лӕтты, ныффыста сын ӕвӕджиауы ӕм-дзӕвгӕтӕ, бацӕттӕ сын кодта чиныг «Мӕ хӕрзӕггурӕггаг Иры сывӕллӕттӕн» ӕмӕ дзы сты «Балцы зарӕг», «Гино», «Фыдуаг», «Кӕмӕн цы», «Дзывылдар», «Зӕрватыкк», «Уалдзӕг», «Скъолайы лӕппу», «Фӕззӕг», «Лӕгау», «Сӕрд» ӕмӕ «Зымӕг».

   «Иры намыс»-ы мыхуыр ӕрцыд адӕмон хъӕбатыр-нарон богал «Хетӕгкаты Гоцъи», зӕгъгӕ. «Ахуыргӕнӕгӕн ӕххуысӕн» – ахӕм рубрикӕйы бын та мыхуыр ӕрцыд «Хетӕг-каты Къостайы райгуырды 160 азы бонмӕ». «Аивад»-ы та – «Ногдзау»-ы сты фыццаг ирон нывгӕнӕг Къостайы конд нывтӕ. Сты ма дзы ӕрмӕджытӕ ахӕм рубрикӕтимӕ, куыд «Афоризмтӕ», «Ирон хъӕуты», «Базон-базонтӕ»,  «Ахуыр  кӕнӕм  ирон  ӕвзаг»-ы, стӕй Дзӕуджыхъӕуы 8-ӕм астӕуккаг скъолайы 6-ӕм къласы ахуырдзау Дзуццаты Софийӕ ӕмӕ Нартыхъӕуы астӕуккаг скъолайы 9-ӕм къласы ахуырдзау Дзасохты Дионӕйы ӕмдзӕвгӕтӕ «Къостайы мыс-гӕйӕ» ӕмӕ «Мӕхи Къоста». «Ирон мыг-гӕгтӕ»-йы Хетӕгкаты мыггаджы тыххӕй фыссы Цхинвалы 1-ӕм астӕуккаг скъолайы ахуырдзау Хетӕгкаты И. «Ногдзау»-ы ма сты сканворд ӕмӕ дзырдбыд. Журнал аивадон ӕгъдауӕй сфӕлгонц кӕныныл хорз бакуыстой нывгӕнджытӕ Мамсыраты Хасан, Абайты Аркади ӕмӕ Айларты Владимир.

                                ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.