Нӕ горӕты Модӕты ательейы коллектив дӕргъвӕтин рӕстӕджы йӕ лӕггады хай кӕны куыд горӕты цӕрджытӕн афтæ республикӕйы хъӕууон фӕллойгӕнджытӕн дӕр. Фӕлӕ банысан кӕнын хъӕуы уый, ӕмӕ алцӕуыл дӕр, уæлдайдæр та бæстыхайыл рӕстӕг кæй уадзы йӕ фӕд мӕгуырауӕрдӕм. Уӕд ӕй ӕнӕмӕнг бахъӕуы аразӕджы аудгӕ къух, цӕмӕй та раздӕры хуызӕн сбада йӕ гаччы. Афтӕ рауад ацы куыстуаты бӕстыхайы уавӕр дӕр ӕмӕ йӕм рӕстӕгӕй рӕстӕгмӕ фӕзынынц аразджытӕ. Фæлæ уый та уымӕн, ӕмӕ йӕ кӕронмӕ цыбыр ӕмгъуыдмӕ сцалцӕг кӕнынӕн хъӕуы дзӕвгар ӕхцайы фӕрӕзтӕ ӕмӕ уый та хатт къух нӕ фӕамоны.

Куыд ма хъусын кодтам, афтӕмӕй дзы амӕйразмӕ арӕзтадон-цалцӕггӕнӕн куыстытӕ дзӕвгар бакодтой, уыцы нымӕцы йын байсӕрстой йе ‘ддаг къултӕ, раивтой зӕронд рудзгуытӕ ног, пластиконтӕй, фӕткмӕ ӕркодтой рухсы хӕххытӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Ныр та раивтой кусӕн хатӕнты дуӕрттӕ пластикон дуӕрттӕй. Уымӕй дарддӕр ма фыццаг уӕладзыджы ӕрӕвнӕлдтой мидӕггаг къултӕ сӕрдынмӕ ӕмӕ сын бантыст уым дӕр дзӕвгар куыстытӕ сӕххӕст кӕнын.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.