Нæ республикæйы Зонад æмæ культурæйы уæрæсейаг центр Культурæйы министрадимæ иумæ Космонавтикæйы боны цытæн нæ бæстæйы скъоладзау фæсивæды æхсæн расидтысты сфæлдыстадон конкурс ахæм темæйыл: «Этот загадочный космос». Уый тыххæй знонинформацион агентад «Спутник-Хуссар Ирыстоны» пресс-центры йæ брифингы рæстæджы фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Россотрудничествойы минæварады къухда-риуæггæнæг Сергей Скворцов.

Райдианы уал уый зæрдиаг арфæйы ныхæстæ загъта республикæйы цæрæг æппæт сылгоймæгтæн 8-æм марты бæрæгбоны цытæн. Дарддæр уый æрдзырдта сфæлдыстадон конкурсы фæдыл кæд æмæ куыд уагъд цæудзæнис, хайад дзы райсын кæмæн уыдзæнис йæ бон, уыдæттыл. «Махæн Космонавтикæйы бон банысан кæныны хъуыддаг ссис традицион. Алы аз дæр æй банысан кæнæм хуссарирыстойнаг скъоладзаутимæ. Ныр та ацы аз 12-æм апрелы нысан кæндзыстæм Юри Гагарины райгуырдыл 85 азы юбилей æмæ конкурс дæр æрæмных кодтам номарæн бонмæ.

Конкурс ауадзыны нысан у, цæмæй Хуссар Ирыстоны цæрджыты, уæлдайдæр та фæсивæды цымыдисдзинад арфдæр æмæ фидардæр кæна уæрæсейаг культурæ, зонад æмæ сæрмагондæй та космикон тыгъдады уæрæсейаг адæмы  æн-тыстытæ базонын», – загъта Сергей Скворцов.

Брифингы уазæджы ныхæстæм гæсгæ конкурс «Этот загадочный космос» уагъд цæудзæнис 11-17 азы кæуыл цæуы, уыцы ахуырдзау фæсивæды æхсæн. Конкурс ахъаз уыдзæнис нывкæнынмæ æвзыгъддзинæдтæ рабæрæг кæнынæн сæ хъуыдыты космос куыдæй уынынц ныры дуджы, æппæт уыдæттæ рафæлгъауынæн.

Сергей Скворцов ма куыд банысан кодта, афтæмæй конкурсы хайадисджытæн сæ бон у æмæ сæ куыстыты спайда кæной акварель, гуашь, карандастæ æмæ æндæр нывгæнæн æрмæджытæй. Куыстытæ æвзарыны рæстæджы сæйраг уыдзæнис уыдонæн сæ гъæд, оригиналондзинад, хихъæппæрис æмæ космосы цас хъæздыгдæр æмæ гуырахстджындæрæй равдисой, уый.

«Сфæлдыстадон конкурсы сывæллæтты куыстытæн аргъгæнджытæ уыдзысты компетентон жюри, кæцыйы сконды уыдзысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Нывгæнджыты цæдисы уæнгтæ æмæ нывгæнæнахуыргæнæдоны ахуыргæнджытæ. Хуыздæр куыстытæ æвæрд æрцæудзысты «Спутник – Хуссар Ирыстоны» сайтыл, цæмæй адæм хайад райсой онлайн-хъæлæскæныны хъуыддаджы. Фылдæр кæй куыстæн схъæлæс кæной, уый æнæмæнгдæр райсдзæнис приз», – банысан кодта Сергей Скворцов.

Роосотрудничествойы къухдариуæггæнæг ма куыд банысан кодта, афтæмæй конкурсы уæлахиздзаутæ хайад райсдзысты ахуырадон программæ «Здравствуй, Россия!»-йы. Ацы программæ та цымыдисон у уымæй, æмæ сывæллæтты кæй арвитынц балцы Уæрæсейы Федерацимæ. «Программæ у цымыдисон æмæ кусы бирæ азты дæргъы. Æрвылаз дæр æндæр æмæ æндæр бæстæты сывæллæттæ, уыдон æмрæнхъ хуссарирыстойнæгтæ дæр абалц вæййынц Уæрæсемæ, цæмæй æввахсдæр базонгæ уой йæ фенддагдæр бынæттимæ. Арæхдæр ахæм балцытæ организацигонд æрцæуынц Уæрæсейы Федерацийы столицæ – Мæскуымæ, Санкт-Петербург æмæ Казанмæ», – загъта Скворцов. Уый ма загъта, зæгъгæ, ацы информацийы фæдыл бæстон дæр  базонæн ис минæварады сайты руаджы, афтæ ма социалон хызæгтæ «Фейсбук» æмæ «Одноклассники»-йы.

Брифингы ма конкурс ауа-дзыны хорздзинады тыххæй йæ хъуыдытæ загъта агентад «Спутник Хуссар Ирыстоны» къухдариуæггæнæг Витали Раднаев дæр. Уый банысан кодта мадзалы нысаниуæг, зæгъгæ, ахсджиаг у сывæллæтты патриотикон æмæ хæрзæгъдауон хъомылады.

«Мах, «Спутник»-ы кусджытæ зæрдиагæй сæмбæлдыстæм ацы конкурс ауадзыны хъуыддагыл æмæ уын информацион æххуыс бакæндзыстæм. Активонæй нæ сайты мыхуыр кæндзыстæм конкурсы фæлгæтты цы мадзæлттæ уагъд цæуой, æппæт уыдон», – загъта Витали Раднаев. Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, ахæм мадзæлтты руаджы зæрдылдаринаг бонтæ рохуаты кæй нæ уыдзысты æмæ сæ кадимæ кæй нысан кæндзысты.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.