11-æм марты горæт Цхинвалы скъола-интернаты уыд æцæг хъæлдзæг бæрæгбон. Уыцы бон уагдоны хъомылгæнинæгты хъæлдзæг хъæлæба дардмæ хъуыст. Сылгоймæгты дунеон боны цытæн скъолайы уагъд æрцыд конкурс «Цæй ут, чызджытæ», зæгъгæ. Конкурс сорганизаци кодтой скъола-интернаты организатор Харебаты Маринæ,  раздзог Икъаты Миленæ, драмон кружокы къухдариуæггæнæг Хъотайты Сæрмæт, хоры ахуыргæнæг Остъаты Олеся,  хореограф Гасситы Кристинæ, хореографийы ахуыргæнæг Собаты Ларисæ, 9-æм къласы хъомылгæнджытæ Бибылты Фатимæ æмæ Санахъоты Мая. Мадзалы хайад райстой скъола-интернаты 8, 9, 10 æмæ 11-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ. Ома, кæрæдзиимæ ерыс кодтой цыппар командæйы. Алы командæ дæр уыд цыппар ахуырдзауы скондæй.

Мадзалы хайадисджыты архайдæн аргъ кодта сæрмагонд жюри: РХИ-йы Адæмон ахуыргæнæг Бестауты Азæ, хæрзаудæн фонд «Подари крылья»-йы сæрдар Цхуырбаты Татьянæ, РХИ-йы дзыллон информацийы фæрæзты минæвар Хъотайты Аленæ æмæ хæрзаудæн фонд «Вместе»-йы сæрдар Битарты Заринæ. Мадзалмæ æрбацыдысты сывæллæтты ныййарджытæ, æв-джидартæ, хиуæттæ, скъолайы ахуыргæнджытæ, æрхонгæ уазджытæ.

Конкурс байгом кодта ацы скъолайы организатор Харебаты Маринæ. Уый арфæ ракодта æрæмбырдуæвджытæн Сылгоймæгты дунеон боны цытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, абон куыд хъарм уалдзыгон бон у, ахæм хъармдзинад æнкъардæуы ацы залы дæр. 8-æм марты бон у сæрмагонд бон, уæд, зæгъ, банкъардæуы уалдзыгон хъарм æмæ æцæг циндзинады уæвынад.

Мадзал амыдта ахуырадон уагдоны драмон кружокы къухдариуæггæнæг Хъотайты Сæрмæт. Райдианы  уал уый бакаст сылгоймагыл фыст æмдзæвгæ. «Цалдæр боны размæ мах цытджын æгъдауæй банысан кодтам Сылгоймæгты дунеон бон. Уымæ гæсгæ мæ арфæ ракæнын фæнды, ацы залмæ цы сылгоймæгтæ æрбацыдысты, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Абон нæ  хайадисджытæ рацæудзысты алыгъуызон фæлварæнтыл, фæлæ конкурсы фæстиуджытæм нæ кæсгæйæ, сымах ныридæгæн  иууылдæр стут уæлахиздзаутæ. Зынаргъ сценæмæкæсджытæ, сымах суыдзыстут цымыдисон мадзалы æвдисæнтæ. Ацы сценæйыл уагъд æрцæудзæн конкурс «Цæй ут, чызджытæ». Хонæм уæ хæлардзинад æмæ рæсугъддзинады дунемæ. Абоны бæрæгбон мах ауадздзыстæм ерысы хуызы, цыран чызджытæ æвдисдзысты сæ зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинад. Алкæцы конкурсæн дæр жюрийы уæнгтæ аргъ кæндзысты 5-баллон системæмæ гæсгæ», – загъта уый.

Командæтæ ерыс кодтой ахæм номинациты: «Арфæйы конкурс», цыран хайад истой командæйы уæнгтæ иууылдæр цыппар адæймаджы скондæй (лæвæрд ын цыд 2 минуты), «Хæдзарон хæслæвæрд» (Уалдзыгон фантази, дыууæ хайадисæджы), «Мæ уарзон хъайтар» (рæстæг ын лæвæрд цыд 3 минуты 1-2 хайадисæджы хайадистæй), «Бæрæгбонон хæринаг» (лæвæрд ын цыд 5 минуты, архайдтой дзы дыууæ хайадисæджы), «Музыкалон арфæ» (зарæг. 3 минуты, хайадисджыты нымæц уыд командæты фæндонмæ гæсгæ), «Рæсугъддзинады салон» (5 минуты, 2 хайадисæджы), «Табугæнджыты конкурс» (табугæнджытæ æххуыс кæнынц сæ командæйæн 2 минуты дæргъы), “Кафт хуыздæр сæххæст кæныны» конкурс (3 минуты, хайадисджыты нымæц командæты фæндонмæ гæсгæ), Конкурс «Подиум» (хайад дзы иста иу хайадисæг, хи къухтæй хуыздæр къаба бахуыйын).

Мадзаламонæг радгай сценæмæ хуыдта командæты. Сæ хайадисджытæ иууылдæр тырныдтой сæ номыртæ хорз сæххæст кæнынмæ æмæ сын æнтысгæ дæр кодта. Номинаци «Мæ уарзон хъайтар»-ы 9-æм къласы  командæ «Ух, ты» равдыста  инсценировкæ Хетæгкаты Къостайы «Фатимæ»-йæ (уыимæ ма экраныл æвдыст цыдысты скъуыддзæгтæ кинофильм «Фатимæ»-йæ). Фатимæйы роль тынг хорз сæххæст кодта Касаты Кетино æмæ Дзамболаты роль та – Дзабиты Руслан. 11-æм къласы командæ «Осетинки» та равдыста инсценировкæ Шекспиры «Ромео и Джульетта»-йæ. Джульеттæйы роль тынг хорз сæххæст кодта Лолоты Кристинæ æмæ Ромеойы роль та- Галуанты Эдуард. Тынг зæрдæмæхъаргæ рауад 10-æм къласы командæ «Веселые девчата»-йы инсценировкæ Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъа»-йæ. Мады роль сæххæст кодта Чугуты Алисæ,  8-æм къласы командæ «БЭМИС» та сценкæ равдыста Плиты Харитоны  поэмæ «Сæлимæт»-æй. Хорз ахъазыд Кокойты Динарæ.

Конкурс «Уалдзыгон фантази»-йæ дæр  цымыдисон рауадысты уалдзæгимæ баст ахуырдзауты уацмыстæ, кæцыты райзæрдæйæ æвдыстой жюрийы уæнгтæн.  Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ хъæлдзæг мадзал  æнæ цæссыгтæй кæй нæ ацыд. Скъоладзаутæй бирæты цæссыгтæ æркалдысты, ахуырдзаутæ мады тыххæй зарæг æххæст кæнгæйæ, сценæмæ сæ мæдты, сæ нанаты куы хуыдтой, уæд. Уымæн æмæ ацы скъолайы ахуыр кæнынц ахæм сывæллæттæ, кæцытæ сты бынтон  кæнæ та æрдæг сидзæртæ æмæ дзы мад кæмæн нæ уыд, мады къухты хъармдзинад æмæ рæвдыдæй чи фæцух,  уыдон сæ цæссыгтæ нæ баурæдтой.

Мадзал аххæссыд дыууæ сахат æмæ æрдæджы бæрц, фæлæ сывæллæтты ирд курдиатмæ кæсгæйæ, залмæ æрбамбырдуæвджытæ хатгæ дæр нæ фæкодтой рæстæджы цыд.  Уæлахиздзауты сбæрæг кæнын æнцон нæ уыд. Командæтæ кæд  иууылдæр тынг хорз цæттæ уыдысты, уæддæр хуыздæрты ‘хсæн вæййы ноджы хуыздæртæ. Конкурсы жюрийы уынаффæмæ гæсгæ 1-аг бынат адих кодтой 10 æмæ 11-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ, 2-аг бынат бацахстой 9-æм къласы ахуырдзаутæ æмæ 3-аг бынат та лæвæрд æрцыд 8-æм къласы ахуыргæнинæгтæн. Командæты уæнгтæ хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæй.

Жюрийы уæнг Бестауты Азæ арфæйы ныхæстæ загъта конкурсы организатортæн,  ахæм хорз мадзал кæй бацæттæ кодтой, уый тыххæй.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ цæмæй ахæм мадзал-конкурс бацæттæ кæнай, уый тыххæй бахъæуы бирæ хъарутæ бахардз кæнын. Бирæ бакуыстой конкурсы организатортæ ацы мадзал ауадзыны тыххæй æмæ сын бузныджы ныхæстæ зæгъын æмбæлы сæ æвæллайгæ куысты тыххæй. Ноджыдæр уын фылдæр бантысæд уæ бæрнон хъомыладон архайды.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.