Нæ Республикæйы адæм февралы мæйы 23-æм бон кадджын æгъдауæй банысан кæнынц Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон. Уый у, æфсады лæггад чи кæны, йæ райгуырæн зæхх æмæ йæ адæмы чи бахъахъхъæдта æмæ сæ бахъахъхъæнынмæ æдзухдæр цæттæ чи у, уыцы нæлгоймæгты æмæ сылгоймæгты бæрæгбон.

Ацы бон æрымысæм, нæ хæстон лæппутæй йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыдоны нæмттæ, афтæ ма нын ныртæккæ нæ сабырдзинад чи хъахъхъæны, уыдоны дæр.

Ирыстоны, æвæццæгæн, нæй ахæм къуым, алы аз Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæджы бон кæм нæ банысан кæнынц. Ацы бæрæгбон æхсызгонæй, цытджын уавæры банысан кодтой Цхинвалы районы Дменисы хъæуы дæр. Хъæуы Культурæйы хæдзармæ æрбамбырд сты хъæуы цæрджытæ, скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ, хъæуы администрацийы кусджытæ.

Мадзалмæ хуынд æрцыдысты Дменисы хъæуы цæрджытæ, фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ Бестауты Алан æмæ Лолоты Владик.

Мадзал байгом кодта æмæ бæрæгбоны цытæн Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн арфæйы ныхæстæ ракодта Культурæйы хæдзары директор Икъаты Ануси.  Раарфæ кодта ахуырдзаутæн дæр æмæ загъта:

– Арфæ уын кæнын бæрæгбоны цытæн. Нæлгоймæгты хæстæ бирæ сты, уыдонæй иууыл сæйрагдæр æмæ кадджындæр у Фыдыбæстæ хъахъхъæнын. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй уæ ныййарджыты фæндиаг байрæзат, Райгуырæн бæстæйæн уат аккаг хъæбултæ, хистæртæ та сымахæй сæрыстыр куыд уой, уый.

Æрæмбырдуæвджытæ иу минут æмырæй алæугæйæ ссардтой  Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджыты æмæ 1989-2008 азты Ирыстоны сæрвæлтау йæ сæр нывондæн чи æрхаста Дменисы хъæуæй, уыдоны рухс нæмттæ.

Скъолайы иуæндæсæм къласы ахуыргæнинаг Джиголаты Аланæ мадзалы  хайадисджытæн  радзырдта бæрæгбонæн йæ историйы тыххæй. Зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, 1941-1945 азты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон æфсæддонтæ уæлахизы сæрыл цы хъайтардзинад æмæ патриотизм æвдыстой, уый абоны фæлтæрæн у фæзминаг. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты æрлæууыдысты дменисæгтæ дæр. Райгуырæн зæххы сæраппонд бырстой знаджы ныхмæ æмæ æгаддзинад сæ сæрмæ нæ хастой. Бирæтæ нал æрыздæхтысты сæ райгуырæн хъæумæ. Мах сæрыстыр стæм уыдонæй. Мах, кæддæриддæр кад хъуамæ кæнæм  1941-1945 азты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты, Фыдыбæстæйы уæлахизы ном чи айхъуысын кодта, уыдоны æмæ 1989-2008 азты Ирыстоны сæрвæлтау йæ сæр нывондæн чи æрхаста, сæ царды хуыздæр азтæ нæ республикæйы хæдбардзинадæн чи радта, уыдоны сыгъдæг нæмттæн.

Скъоладзаутæ Уалыты Алан, Аулохты Миленæ, Сидамонты Владик, Лолоты Сергей, Андрей, Гурам æмæ æндæртæ аив бакастысты æмдзæвгæтæ райгуырæн бæстæ æмæ Фыды-бæстæ хъахъхъæнджыты тыххæй. Сценæйæ райхъуыст хъæлдзæг зарджыты зæлтæ. Культурæйы хæдзары хор азарыд зарджытæ «Катюша» æмæ «Кино идет». Хæдархайгæ къорд сæххæст кодта кæфтытæ «Дыууæ æмбалы кафт», «Хæххон кафт».

Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн зæрдылдарæн лæвæрттæ бакодта Икъаты Ануси.

Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты номæй бузныджы ныхæстæ загъта Бестауты Алан, кæй сын скад кодтой, уый тыххæй æмæ загъта, зæгъгæ, нæ кæстæр фæлтæры, æрыгон лæппуты хæс у, цæмæй суой Фыдыбæстæйы æцæг хъахъхъæнджытæ. Æфсæддоны дæсныйад у тынг кадджын. Кæддæ-риддæр æфсадæн йæ сæйрагдæр хæс уыдис Райгуырæн бæстæ знæгтæй бахъахъхъæнын. Бæргæ адæмтæ хæларæй куы цæриккой, бæстыл хæст куы нæ уаид, фæлæ хъуыддаг афтæ амоны æмæ паддзахад йæ арæнтæ æмæ йæ адæмы хъуамæ бахъахъхъæна. Мæн уырны, Фыдыбæстæйы аккаг хъахъхъæнджытæ кæй уыдзыстут сымах дæр æмæ нæ Ирыстоны кад бæрзонд кæй хæсдзыстут, уый.

Дзебысаты Г.

 

 

 

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.