Ивгъуыд æнусы æмбисты нæ царды цы стырдæр æмæ зынгæдæр зæрдылдарæн бæрæгбонтæ фæзындысты, уыдонæй сæ иу у космонавтикæйы бон. 1961 азы адæймагад æвдисæн  ссис стыр историон цауæн – адæймаг йæхицæн фæндаг айгæрста космосмæ. Æгас дунейыл уайтагъд ныхъхъæр, уыцы фæндаг чи айгæрста, уый ном – Юри Гагарины ном. Ацы адæймаг æмæ йе стыр сгуыхтдзинад зынаргъ систы нæ адæмæн дæр. Йæ ном хæссы Цхинвалы уынгтæй сæ иу, афтæ ма нæ горæты 12-æм астæуккаг скъола дæр, уым ын йæ кæрты æвæрд æрцыд бюст. Уымæй дарддæр ма æрвылаз дæр нæ республикæйы уагъд цæуынц алыгъуызон мадзæлттæ Космонавтикæйы боны цытæн.

Юри Гагарины атахтыл ацы аз 60 азы кæй сæххæст, уый банысан кодтой Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъолайы дæр.

Мадзалы хайад райстой скъолайы ахуыргæнинæгтæ, ахуыргæнджытæ, горæты администрацийы ахуырады управленийы бæрнон кусджытæ. Ацы боны цытæн уыдонæн раарфæ кодта, мадзал бацæттæгæнæг, къласæн æддейæ хъомылады фарстыты фæдыл директоры хæдивæг Тедеты Ноннæ. Уый цыбыртæй æрдзырдта, ацы зæрдылдарæн бонæн æгас дунейы цы ахсджиаг нысаниуæг ис, ууыл. Банысан кодта, зæгъгæ, Юри Гагарин космикон нау «Восток»-ыл дунейы фыццаг хатт æрзылд зæххы алыварс 108 минутмæ æмæ уымæй байгом кодта космикон атахтыты ног дуг.

Дарддæр Юри Гагарины цард æмæ сгуыхтдзинады тыххæй мадзалы дзырдта 7-æм къласы ахуыргæнинаг Дудайты Ацæмæз. Банысан кодта, уый кæй райгуырдис Смоленскы областы  Клужины хъæуы, зæхкусджыты бинонты æхсæн. Ахуыр кодта техникумы, аэроклубы. Уый фæстæ бацыд космонавтты отрядмæ. Афæдз дæр нæма рацыд, афтæмæй Гагарин сарæзта йæ историон атахт космосмæ.

7-æм къласы ахуырдзау Гуыцмæзты Эдуард та æрдзырдта космос æцæгæлон кæй нæу ирон адæмæн дæр. Фыццаджыдæр банысан кодта Гагарины æрыздæхт космосæй баст кæй у не ‘мбæстаг Гасситы Ахмæты номимæ. Растдæр уый сæмбæлд фыццаг космонавтыл æмæ уымæн  радта рапорт, атахт æнтысгæйæ кæй ацыд, уый тыххæй. Ацы историон факты тыххæй дзурынц фотокъамтæ дæр.

Космосимæ баст уыд не ‘мзæххон Хасситы Левайы ном дæр.  Уый цæттæ кодтой атахтмæ, фæлæ 1965 азы йæ райгуырæн горæт Цхинвалмæ цыбыр æмгъуыдмæ улæфты æрцæугæйæ тра-гикон æгъдауæй фæмард. Æмæ, зæгъгæ, ацы трагикон цау нæ уыд, уæд гæнæн уыд æмæ махæн дæр уыдаид нæхи ирон космонавт.

Мадзалы хайадисджытæ йын иу уысм æмырæй алæууынæй ссардтой йæ рухс ном.

Мадзалы раныхасæй раныхасгæнæджы æхсæн сæ арæхстдзинад æвдыстой скъолайы  вокалон  къорд  «Улыбка»  сæ ахуыргæнæг  Гæззаты  Маринæйы  разамындæй. Уыдонæн сæ зарджытæ уыдысты космос æмæ космонавттыл. Уыдоны тыххæй уыдысты се ‘мдзæвгæтæ 7-æм къласы ахуыргæнинæгтæ Гасситы Нинæ æмæ Дзæгъиаты Аланæйæн.

Мадзалы æмдзæвгæтæ кастысты райдиан кълæсты ахуырдзаутæ Ходты Дарья, Цоциты Амандæ æмæ Елойты Дианæ дæр.

Мадзалы раныхас кодта горæты администрацийы управленийы кусæг Сиукъаты Ольгæ. Уый бузныджы ныхæстæ загъта, ахæм цымыдисон мадзал чи бацæттæ кодта, уыдонæн. Йæ раныхасы  банысан кодта, ахæм мадзæлтты ауадзыны ахсджиагдзинад. Не суинаг фæлтæр, зæгъгæ, хъуамæ зоной сæ хъайтарты сгуыхтдзинæдтæ.

Бæрæгбон æнæ кафтæй нæ фидауы æмæ «Чызджыты кафт» аив æххæст кодтой Джиоты Дианæ æмæ Хæбæлаты Каролинæ.

Мадзалы Тедеты Ноннæ йæ хъусдард аздæхта ахуыргæнинæгтæм, цæмæй сæ ахуыр æмбæлон æмвæзадыл цæуа. Уымæн æмæ 5-æм скъола у цæвиттойнаг. Бирæ хорз ахуыргæнджытæ сæм ис.  Уыдонæй Бестауты Азæ æмæ Уалыты Розæ систы адæмон ахуыргæнджытæ. Дæс ахуыргæнæгæй хæссынц сгуыхт ахуыргæнæджы нæмттæ, дæс ахуыргæнæджы та хорзæхджын сты Кады грамотæтæй.

Мадзалы раныхас кодта æмæ ахуыргæнинæгтæн, ахуыргæнджытæн æмæ мадзалмæ æрбацæуджытæн бæрæгбоны цытæн зæрдиаг арфæ ракодта скъолайы директор Туаты Мадинæ. Уый райгондæй банысан кодта, мадзал ауагъд кæй æрцыд бæрзонд æмвæзадыл æмæ сын йæ цæст бауарзта ноджы стырдæр æнтыстытæ.

«Ацы бæрæгбон æрмæст махмæ æмæ Уæрæсейы нæ, фæлæ нысан кæнынц æппæт дунейы адæмтæ дæр. Бузныг Юри Гагаринæн, ацы сгуыхтдзинад саразын ын кæй бантыст, уый тыххæй. Бузныг йæ ныййарджытæн дæр, ахæм аккаг фырт райгуырæн бæстæйæн кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй. Уыдон, Гагарин космосмæ кæй атахт, уый фехъуыстой радиойæ… Æмæ, уæд йæ фыд афтæ бакодта, зæгъгæ, чизоны æмæ мах лæппу у. Æцæгæйдæр, разындис уый. Йе сгуыхтдзинад сымахæн хъуамæ уа фæзминаг. Чизоны æмæ ныртæккæ уе ‘хсæн дæр ис фидæны космонавттæ, фидæны хорз адæймæгтæ æмæ стыр кад скæной сæ Ирыстонæн», – загъта йæ ныхасы кæрон.

Мадзал ма цымыдисон уымæй уыд, æмæ йæ кæм уагътой, уыцы фойе уыд бæрæгбонвæлыст. Уым къултæ фæлыст уыдысты космонавтикæйы темæйыл конд нывтæй. Уыдон уыдысты  скъолайы 5-11 кълæсты ахуыргæнинæгты куыстытæ. Стыр куыст бакодта семæ нывкæныны ахуыргæнæг Куымæридтаты Розæ. Цымыдисон уыд, Уалыты Розæйы разамындæй ахуыргæнинæгтæ цы къулын газет бацæттæ кодтой, уый дæр. Уым бакæсæн уыд æрмæджытæ Гасситы Ахмæты, Хаситы Левы æмæ Токаты Григорийы тыххæй.

Мадзалмæ æрбацæуджытæн ма ам фадат уыдис Гасситы Нинæйы конд нывимæ базонгæ уæвынæн. Уый 2017 азы хайад райста, космосмæ атæхыны тых-хæй Уæрæсейы цы конкурс расидтысты, уым. Хайад дзы истой бирæ скъоладзаутæ, куыд Хуссар Ирыстонæй, афтæ Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр регионтæй дæр. Уыцы конкурсы Нинæйæн уыд стыр æнтыст, кæд нырма æртыккаг къласы ахуыр кодта, уæддæр. Æмæ дзы райгондæй баззадысты, скъолайы кад бæр-зонд кæй систа, уый тыххæй ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.