СИСТЫ ТУРНИРЫ УÆЛАХИЗДЗАУТÆ ÆМÆ ПРИЗЕРТÆ

Ацы бонты Минеральные водыйы фæндзæм хатт уагъд æрцыд  уæлдæр категорийы тренер Валерий Поповы номарæн фæндзæм гом турнир боксæй. Турниры хайад райстой 23 бæстæйы 200 спортсменæй фылдæр, куыд  Ставрополы край, Хъæрæсе-Черкеси, Кæсæг-Балхъар, РЦИ-Алани, Ростовы областæй, Краснодары край, афтæ  ма Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны боксертæ дæр. Ерыстæ уагъд цыдысты æртæ кары категорийы.

Турниры фыццаг бынæттæ бацахстой Гæджиты Гурам, Харебаты Тамаз, Куымæридтаты Владислав æмæ Икъоты Тамерлан. Æвзист майдантæ рамбылдтой Бабаты Станислав, Кокойты Лев,  Багаты Арсен, Козаты Вадим æмæ Хацырты Хетæг. Афтæ ма ирон боксертæй æртæйæ систы бронзæйон майданты хицæуттæ. Спортсменты тренер Дзигойты Ацæмæз куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уыдон æрвылаз дæр хайад райсынц ацы турниры æмæ æнæ призон бынæттæй никуы баззайынц. «Иннæ хатт бацархайдзыстæм ноджы фылдæр фыццаг бынæттæ бацахсыныл», – загъта уый.

Номарæн турниры хуссарирыстойнаг тренер Дзигойты Ацæмæз нымад æрцыд хуыздæр тре-нерыл æмæ йын лæвæрд æрцыд сæрмагонд приз – Кубок.

 

СПОРТИВОН ХЪÆБЫСХÆСТ

Ирон богал Сотиты Асланбег фæуæлахиз уæгъдибар хъæбысхæстæй дунеон турниры, кæцы уагъд цыд Бухаресты 4-6 сентябры. Уый хæцыд 97 кг уæзы категорийы æмæ йæ ныхмæлæуджытæй алкæмæйдæр уыд тыхджындæр. Бетанты Дэвид та ссис æвзист призер 79 кг уæзы категорийы онг спортсменты ‘хсæн. Афтæ ма  Хосонты Азæмæт та, кæцы уыд Грецийы командæйы сконды, фæуæлахиз 125 кг уæзы категорийы онг богалты ‘хсæн.

Ерысты грекъаг-римаг хъæбысхæстæй та уæлахиздзаутæ систы Тыбылты Георги æмæ Джиоты Дмитри.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.