Зынаргъ æмбæстæгтæ!

РХИ-йы Хицауады æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинады боны цытæн!

Ацы бон, 27 азы размæ æрцыд эпохалон цау, кæцы ссис Хуссар Ирыстоны паддзахиуæгад сæндидзын кæныны фæндаджы радон этап.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Совет, хæд-уагæвæрды барыл бындуриуæггæнгæйæ, адæмы фæндон хынцгæйæ, кæцы æвдыст æрцыд 1992 азы референдумы æмæ æндæр барадон документты, ист æрцыд Акт РХИ-йы паддзахадон хæдбардзинады тыххæй.

Æнæрлæугæ гуырдзиаг æфсæддон агрессийы уавæрты, кæцы здæхт уыд хуссарирыстойнаг адæмы скуынæг кæнынмæ, хæдбар паддзахад саразын уыд иунæг раст къахдзæф, кæцы ифтонг кодта Республикæйы æмбæстæгты бартæ æмæ сæрибардзинæдтæ.

Уæрæсейы Федерацийы хæларадон æххуысы фæрцы, кæцыимæ махæн ис эффективон æхсæнхицауадон æмархайд, мах æнтыстджынæй скъуыддзаг кæнæм нæ разылæууæг хæстæ. Абон Хуссар Ирыстон у хæдбар, нымад, демократон бæстæ, экономикæ размæ кæнын æмæ æхсæнадæмон æмгуыстад уæрæх кæнгæйæ.

Æмæ мæ ныфс ис, иумæйаг тыхтæй мах кæй адарддæр кæндзыстæм политикон институттæ æмæ æппæт æмвæзады хицауады органтæ фæхуыздæр кæныны куыст.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Мæ цæст уарзы алкæцы бинонтæн дæр амонд, сабырад, фæрныгад æмæ РХИ-йы аккаг фидæныл фидарæй æууæндыны ныфс.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

***

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Арфæ уын кæнын нæ ног историйы ахсджиаг бæрæгбонтæй сæ иу – Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хæдбардзинады тыххæй Акт райсыны цытæн!

1992 азы майы, хæдбардзинады тыххæй Акты райст уыд карз æнæмæнгхъæуындзинад, гуырдзыйы гарзджын агрессийы уавæрты куы сæвзæрыд хи хæдбар паддзахад саразыны фарст, кæцы бахъахъхъæдтаид адæмы физикон æмæ культурон æгъдауæй куынæг кæнынæй. Фæд-фæдылонæй, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй æдзухон хæстон архайдтытæм нæ кæсгæйæ, арæзт цыд паддзахад,  ист цыдысты закъæттæ æмæ барадон акттæ, кæцытæ нын фидар кодтой нæ хæдбардзинад, арæзт цыдысты атрибуттæ æмæ хицауады паддзахадон органтæ, фæсарæйнаг бæстæтимæ уæрæх кодтой политикон æмæ культурон бастдзинæдтæ, ома закъонон æгъдауæй хæдбардзинады Акт райсынæй дунеон барады нормæтæм гæсгæ фидар æрцыд Хуссар Ирыстоны суверенитет.

Нысаниуæгджын ма уый у, æмæ растдæр ацы бон, иу азы размæ, нæ бæстæйы политикон царды æрцыд ахсджиаг цау, 2018 азы 29 майы нæ республикæйы банымадта Сириаг Арабаг Республикæ.

Абоны бон не ‘взонг Республикæ цæуы демократон рæзты æмæ закъондæттынадон базæ хуыздæр кæныны фæндагыл, кæцы ахъаз кæны нæ хæдбардзинад сифтонг кæнынæн, цæрджыты фæрныгад æмæ æдасдзинад фæбæрзондæр кæнынæн.

Зынаргъ хæлæрттæ! Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы амонд, æнæниздзинад, фæрныгад, сабыр арвы бын царды фæндиæгтæ æмæ ног æнтыстытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.