Цытджын æмбæстæгтæ! Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырысайы боны цытæн!

Паддзахадон триколор у сæрибардзинд æмæ хæдбардзинады сæраппонд тохы символ, адæмы кады æмæ намысы символ, Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады символ.

Тырысайы хуызтæ æвдисынц национ хиæмбарынады сæйраг æргъадтæ: урс у монондзинад, сыгъдæгдзинад, куырыхондзинады смивол; сырх – барад, тых, хъæбатырдзинад; бур – фарн, бæркад, хъæздыгдзинад.

Бирæ азты дæргъы ирон тырыса Райгуырæн зæххы хъахъхъæнджыты разæнгард кодта тох æмæ хъæбатырдзинадмæ, нæ зæрдæтæ нын тавта нæ историйы зын рæстæджыты, сæрыстыр дзы уыдыстæм уæлахизы бонты.

Абон мах цæрæм сабыр бæстæйы, æмæ нын урс-сырх-бур тырыса æххуыс кæны размæдзыд, дидинæфтаугæ паддзахад аразынæн.

Ацы нысаниуæгджын бон уын, зынаргъ æмбæстæгтæ, мæ цæст уарзы сабырад, фæрныгад алы бинонтæн дæр, ног æнтыстытæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент Бибылты Анатоли

 

__________

Цытджын æмбæстæгтæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын Республикæйы боны цытæн!

28 азы размæ Хуссар Ирыстоны историйы æрцыд иууыл ахсджиагдæр цау – Адæмон депутатты совет райста ССРЦ-йы сконды Хуссар Ирыстоны Советон Демократон Республикæйы суверенитеты тыххæй деклараци.

Уыцы документ æвдисæн у, Хуссар Ирыстоны адæм, сæ сæрибар хæдуагæвæрд æмæ хæдбар размæцыды æнæбайсгæ бар реализаци кæнгæйæ, алы хатт дæр кæй тырныдтой стыр Уæрæсейы фарватермæ бацæуынмæ, йæ алы историон этапы дæр иугонд Ирыстоны уæвыны тыххæй йе ‘нусон бæллиц æмæ Уæрæсейы Федерацийы æууæнкджын партнерæй баззайыны тыххæй йæ фæндон фидар кæнгæйæ. Æмæ абон йæ размæцыды уыцы здæхт у æнæивгæ.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Уæззау тохы йæ сæрибардзинад æмæ аккаг фидæны бар чи бахъахъхъæдта, Хуссар Ирыстоны уыцы адæмы хъæддыхдзинад æмæ лæджыгъæд æвдисæг бæрæгбоны уын мæ цæст уын уарзы сабырад, фæрныгад æмæ хорз цард дидинæфтаугæ Республикæ Хуссар Ирыстоны!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

 

__________

Цытджын æмбæстæгтæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырысайы боны цытæн!

Республикæйы гимн æмæ гербы æмрæнхъ нæ тырыса у бæстæйы паддзахадон символты сæйрагдæртæй иу, бæрæг кæны бæстæйы сæрибардзинад, хæдбардзинад æмæ суверенитет. Уый иу кæны нæ адæмы, сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ æвзæрын кæны нæ адæмы зæрдæты сæ бæстæ, сæ историйы тыххæй. Уыцы тырысаимæ Ирыстоны хъахъхъæнджытæ цыдысты тохмæ сæ Райгуырæн бæстæйы хæдбардзинады сæраппонд. Иунæг политикон æмæ социалон нысаниуæджы мадзал дæр æнæ тырысайæ уагъд не ‘рцæуы. Уый нæ зæрдæты хъал кæны патриотикон æнкъарæнтæ æмæ Ирыстоны ирд фидæны ныфс. Мах сæрыстыр стæм, æддагполитикон зындзинæдтæ æмæ нæ республикæйы алыварс вазыгджын уавæрмæ нæ кæсгæйæ, нын абон кæй ис нæхи тырыса, герб æмæ гимн!

Зынаргъ хæлæрттæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын бæрæгбоны цытæн! Мæ цæст уын уарзы сабырад, фидар æнæниздзинад, циндзинад æмæ фæрныгад.

Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

 

***

Зынаргъ æмбæстæгтæ! Цытджын хæлæрттæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ сæрмагондæй мæхи номæй уын арфæ кæнын Республикæйы боны цытæн!

20 сентябрь у паддзахадон бæрæгбонтæй иууыл ахсджиагдæр. Ацы бæрæгбон банымайæн ис нæ паддзахиуæгад сæндидзыны боныл, кæцы бындуриуæг кæны æхсæнадæмон барады нормæтæ, демократи æмæ гуманизмыл.

1990 азы 20 сентябры Хуссар Ирыстоны паддзахадон суверенитеты тыххæй Деклараци райсынæй фæстæмæ, нæ адæм зын фæндæгтыл рацыдысты хæдбардзинад æмæ дунейы йæ банымайыны, сабырад æмæ æмбарады принциптæм гæсгæ хæдбар паддзахад саразыны зын фæндагыл.

Ныртæккæ нæ Республикæйы стыр куыст цæуы адæмон хæдзарад сæндзидзын кæнын, сæудæджерад æмæ экономикæ райрæзын кæнын, социалон фарстатæ аскъуыддзаг кæныны сæраппонд.

Зынаргъ хæлæрттæ! Мæ цæст уын уарзы сабырад, фæрныгад, ног æнтыстытæ, ног фæллойадон уæлахизтæ нæ Ирыстоны хæрзиуæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.