Цхинвалы кæронмæ бахæццæ Хуссар Ирыстоны президенты призты рамбулыны сæраппонд дунеон турнир ленк кæнынæй. Ерысты финалон хаймæ æрбацыд РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта турниры хайадисджытæн.

«Тынг æхсызгон мын у, Уæрæсейæ нæм афтæ бирæ спортсментæ кæй æрцыд, тынг æхсызгон мын у, нæ ерысты æмвæзад кæй бæрзонддæр кæны, тынг æхсызгон мын у ленкгæнджыты бæрæггæнæнтæ кæй хуыздæр кæнынц, уый. Бузныг мæ фæнды зæгъын РХИ-йы ленк кæныны федерацийы президент Евгения Терлеевайæн, республикæйы спорты ацы хуызы размæцыды тыххæй йæ тыхтыл кæй нæ ауæрды, уый тыххæй», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Ерыстæ уагъд цыдысты дыууæ боны дæргъы æмæ сæ хайад райстой куыд Хуссар Ирыстонæй, афтæ Уæрæсейы горæттæй 123 æвзонг спортсмены. Призтыл тох кодтой Цхинвал, Невинномысск, Пятигорск, Кочубеевское, Ессентуки æмæ Черкесскы минæвæрттæ. Ерысты хайадисджытæй бирæтæ дыккаг хатт æрцыдысты Цхинвалмæ.

«Тынг хорз ерыстæ сты. Фыццаг хатт ам куы уыдыстæм, уæд нæ зæрдæмæ турнир афтæ тынг фæцыд, æмæ ныл афтæ тынг хорз сæмбæлдысты, æмæ нæхицæн загътам, иннæ хатт дæр æнæмæн-гæйдæр кæй æрцæудзыстæм. Æмæ та ам стæм ногæй», – йæ хъуыдытæ загъта Ессентукийы командæйы тренер Галина Табачкова.

Ерысты хайадисджытæ дих уыдысты  цалдæр кары къордыл. Уыдон тох кодтой ленк кæныны ахæм стильты куыд баттерфляй, брасс, уæгъдибар стилæй, комплексон стилæй æмæ фæсонтыл ленк кæнынæй. Турниры фæстиу-джытæм гæсгæ хорзæхджын æрцы-дысты хуыздæр ленкгæнджытæ.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.