Нæ республикæйы паддзахадон  телерадиокомпани «ИР»-ы бæстыхайы та Ног азы хæдразмæ гом æрцыдис хæрзаудæн акци «Бæллицты фонтан». Ацы мадзал уагъд цæуы ныр æртыккаг аз   РХИ-йы Президент Бибылты Ана-толийы æххуысы руаджы æмæ дзы хайад исынц куыд нæ бæстæйы бæрнон кусджытæ, афтæ ма хуымæтæг цæрджытæ дæр. Сидзæр сывæллæттæ сæ фыстæджытæ Митын Дадамæ ауагътой фонтаны къаннæг науты æмæ сын акцийы хайадрайс-джытæ сæххæст кæндзысты сæ бæллицтæ. Ацы аз «къаннæг науты» нымæц у 280.

 «Бæллицты фонтан»-мæ фæуазæг сты Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад Наниты Игоры сæргълæудæй æмæ сæ бæллицтæ сæххæст кодтой 20 сывæллонæн. Ведомствойы сæргълæууæг систа æртæ къаннæг науы, кæцыты фыст уыдысты æртæ сывæллоны бæллицы – ноутбук, планшет æмæ телефон. Наниты Игорь куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы æртæ сидзæрæн Митын Дада ног азмæ сæ лæвæрттæ сæ къухты бафтаудзæнис.

Ацы хæрзаудæн акци «Бæллицты фонтан» чи уадзы, уыдон банысан кодтой, зæгъгæ, Мидхъуыддæгты министрад æрвылаз дæр активон хайад кæй райсы ацы мадзалы, æмæ сын стыр бузныджы ныхæстæ загътой. Ныридæгæн сæххæст ис 50 сывæллоны бæллиц æмæ мæ ныфс ис, Ног азы æрлæудмæ иннæ сидзæрты бæллицтæ дæр кæй сæххæст уыдзысты.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.