Ног азы размæ хорз традици ссис хæрзаудæн акци «Бæллицты фонтан». Æххуысхъуаг бинонты сывæллæттæ, сидзæртæ æмæ интернаты цы сывæллæттæ цæрынц, уыдоны фæндæттæ сæххæст кæнынмæ фыццаджыдæр тырнынц хицауады минæвæрттæ.

«Бæллицты фонтан»-æй къаннæг наутæ систой Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ Хицауады Сæрдары хæдивæг, Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади.

«Хорз хъуыддаг у сывæллонæн диссæгтыл йе ‘ууæнк сфидар кæнын æмæ йын йæ сабийы бæллиц сæххæст кæнын, кæцы æз аразын æхцондзинадимæ. Сывæллæттæ сты, хуыздæрæй нæм цы ис, уыдон æмæ сæ чысыл куы  бахъæлдзæг кæнæм, уæд уымæн аргъ нæ уыдзæн», – загъта Пухаты Эрик.

Уый ма рæзгæ фæлтæрæн загъта æрбалæугæ ног азы амонд, æнæниздзинад æмæ æнтыстджын ахуыры фæндиæгтæ.

Бекъойты Геннади «Бæллицты фонтан»- æй систа дыууæ амондджын билеты – планшет æмæ гироскутер балæвар кæныны фæндæттимæ.

«Уадз æмæ алы сабийæн дæр йæ бæллиц сæххæст уа, уадз æмæ кæддæриддæр хъуыса сывæллæтты худын. Мæн ныр дæр уырны Митын Дада æмæ ногазон диссæгтæ, уымæ гæсгæ мæ фæнды сывæллæтты уыцы æууæнчы фарс æрбаллæуын», – загъта Бекъойты Геннади, æмæ Ирыстоны сывæллæтæн йæ цæст бауарзта бирæ амондджын ногазон бæрæгбонтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.