Паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы уагъдцæуæг хæрзаудæн акци «Бæллицты фонтан»  дарддæр кæны йæ куыст æмæ дзы хайад исынц нæ горæты цæрджытæ.

«Бæллицты фонтан»-ы фыццаг уазæг уыд Президент Бибылты Анатоли. Уый фæстæ та хæрзаудæн акцийы хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, йæ хæдивæг Бекъойты Геннади, афтæ ма Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан æмæ закъондæттынадон æмбырды депутат Бибылты Ацæмæз.

Акцийы хайадисджытæ æрцахстой фæйнæ æртæ чысыл науы сывæллæтты  фыстæджытæ-фæндæттимæ, цыран уыдон Митын Дадамæ разæнгардæй фыссынц сæ куырдиæтты тыххæй, æнæзивæг æмæ коммæгæс кæй уыдзысты, уымæй йын ныфс æвæргæйæ.

Пухаты Эрик банысан кодта, зæгъгæ, ахæм акцитæ циндзинад хæссынц сывæллæтты зæрдæтæн, фадат сын дæттынц аргъæуттыл æууæндынæн.

«Ног аз у иунæг бæрæгбон, кæцымæ сывæллæттæ фенхъæлмæ кæсынц æнæрхъæцæй, фенхъæлмæ кæсынц диссæгтæ æрцæуынмæ. Æмæ мах, хистæр кары адæймæгтæ хъуамæ æппæт дæр аразæм, цæмæй уыцы диссаг æрцæуа. Уадз, сывæллæтты зæрдæты, куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр цæра аргъæуттыл, Митын Дадайыл æууæнк», – загъта Хицауады Сæрдар, æмæ йæ бафæндыд, цæмæй алы сывæллон дæр Ног азыл сæмбæла, чи йæ уарзы, уыдоны ‘хсæн.

Йæ рады Бекъойты Геннади банысан кодта, зæгъгæ, йын æхсызгон у æххуысхъуаг бинонтæн баххуыс кæнын. «Ног азмæ лæвæрттæ кæнын у хъарм æмæ хæрзиуæгон традици. Æмæ уыцы хъармдзинадæй цух ма хъуамæ уой сывæллæтты хæдзары, интернаты сывæллæттæ. Махæн нæ бон у уыдонæн мидбылхудт, амонд балæвар кæнын, сæ бæллиц сын сæххæст кæнын æмæ уый та стыр хъуыддаг у.  Уадз, æмæ иунæг сывæллон дæр Ног азы ма баззайæт æнæ лæварæй. Æмæ, сæйраджыдæр та, уадз, алкæцы сывæллон дæр банкъарæт йæ алыварс адæмы уарзондзинад», – банысан кодта вице-премьер.

Хæрзаудæн акци  «Бæллицты фонтан» паддзахадон телерадиокомпани «Ир» уадзы ныр æртыккаг хатт. Æмæ азæй-азмæ акцийы хайад исы фылдæр хайадисджытæ. Сæ Митын Дадатæм æнхъæлмæ кæсынц ноджы 200 сывæллоны фыстæджытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.