Ис ахæм адæймæгтæ æмæ искæуыл цъыф куынæ калой, куынæ йыл мысой алыгъуызон дамдумтæ, уæд сын цард ад нæ кæны. Искæуыл исты æрбаймысын сын вæййы чъылдым аныхæгау. Нæ фыдæлтæ ахæм дам-думгæнджытæй дзырдтой: «Се ʻвзагæй сæ чъылдымтæ ныхынц». Ныры дуджы ахæм миниуджытæй бирæтæ цух не сты, исынц дзы уды æхцондзинад. Ныхас зæгъ æмæ йыл ма ахъуыды кæн, цы у йæ нысаниуæг, стæй ма зонай, ныхас бæхыл бады. Æмæ бæхыл раджы бадт, ныр та интернеты æвиппайды апырх вæййы зæххы цъарыл æмæ йæ алчи кæм фембары, раст у æви искæй чъизи кæнынц. Æммыст уыцы «геройты», «стыр ахуырты», «стыр патриотты» бафæрс, кæм уыдысты нырмæ? Ирыстон куы сыгъд, уæд сæ йæ сæр æддæмæ чи радардта, чи сæ рахызт фæсивæды ʻхсæнмæ, кæм æмбæхст уыдысты? Æргом цæмæннæ дзурынц? Чысыл æрсабыр стæм, нæ бын хъарм кæнын райдыдтам æмæ нын уыдæттæ зонд амонын райдыдтой. Кæм уыдысты, нæ чысыл паддзахады фондз азы дæргъы наркобизнесментæй нæ сæр уынгæджы куы уыд, уæд? Кæд патриоттæ стут, уæд уæ искуы исчи йæ дзых уæддæр фæхæлиу кодтаид, æстæм азы хæсты фæстæ дунейы æхца куы ʻрцыд, уæд сæ исчи (не «стыр ахуыртæй» дæр) галы богъ уæддæр ныккодтаид, адæм цатырты куы цардысты, сæ мæрдтæ мæнгагъуыстытæй куы хастой… Дунейы фæллой нæм куы цыд суанг фæсарæнтæй дæр æмæ сæ иугай адæймæгтæ сæхи куы бакодтой…Нæуæдзæм азты хæсты фæстæ цы фесты уый æппæт æхца, адæмæн кæмдæрты ам тъæпп уым тъæппытæй куы ацарæзтой «домики на куринных ножках»? Уый æппæт фæллой уæ цæмæннæ исчи агуры, ацы «патриоттæ». Адæм ахæм уавæрæй сфæлмæцыдысты æмæ фæлыгъдысты, гаффуттæй аззадыстæм, хъæутæ федзæрæг сты. Мæхи хæдзарæн иу милуан цыппар сæдæ дæс мин уыд лæвæрд æмæ йæ фылдæр мæхæдæг фæцарæзтон. Уæддæр ног къухдариуæгады цæрæнбон бирæ. Бадзæ-бæхтæ мын æй кодта. Æрмæст уый бамбæрста адæймаджы рис. Æмæ æрмæст æз нæ, мæ хуызæттæ Ирыстоны сæдæгæйттæ уыдысты æмæ уæд хæдзæрттæ арæзтой, ам чи нæ цард, уыдонæн. Кæцæйдæрты-иу радзырдтой: «Мæ фыды фыдæн ма уым йæ хæдзары сисы хæлдтæ зынынц æмæ мын дзы хæдзар саразут». Ахæм ныхæстæ уæды телеуынынады фыццаг лæджы дзыхæй райхъуыстысты, æнæрастæй кæй сарæзтой 70 хæдзары. Сæ хицæуттæ сæ хæдзæртты дæгъæлтæ райстой, радтой сæ фатерты æмæ сæ абон дæр фатеры мызд исынц, сæхæдæг дзы иунæг æхсæв дæр не сбон кодтой. Æцæг дзы кæмæндæрты сæ мæрдтæ ардæм æрластой, ам сын сæ ног хæдзæртты схист кодтой сабæттæгты тыххæй. Никуы дæр гæрах фехъуыстой, никуы дæр Ирыстоны рис базыдтой, афтæмæй дæлæмæ дæр симынц æмæ уæлæмæ дæр. Хæстфæллад адæм та мæстæй фæйнæрдæм скъуыдтæ кодтой. Ахæм хъуызил лæгтæ ма зæххытæй зæхджындæр систы. Ныууæй сæ кодтой ныры къухдариуæгады размæ фондз азы дæргъы, фæлæ дзы 10 сотих чи куырдта, уыдонæн дзы нæ лæвæрдтой. Соцсеты «геройтæ», ахæмтыл фыссын хъæуы, æргом сæ хъæуы, адæмы фосыл нымайын нæ хъæуы. Чидæр кæмдæр иу агуывзæ сæн анызта кæнæ хъæрæй сдзырдта, йæ ныв ын цавæрдæр чызгыл нындадз æмæ йыл цъыф кал. Ау, уыцы адæймаг кæмæндæр пъа кодта æмæ фотограф сæ цуры къæп-пæввонгæй лæууыд?! Исчи нæ исты куы фæаразы, уæд ыл йæ цуры балæууыны бæсты алы хъылма калæм. Уыцы миниуæг уæйгæнджытæн сæ туджы ис. Сорос йæ доллартæ уæлдæфы нæ калдта. Цæуынц ахæмтæ не ʻхсæн сæрбæрзондæй æмæ æфсæрмы дæр нæ зонынц.

Соцсеты Владимир Путины къуыдайрагау сдзурын кæнын цы нысан кæны? Цæмæй суа Хуссар Иры ныхмæ.

Ацы мæнг патриоттæ, уæйгæнджытæ куыд тынг рæхсынц марг тауынмæ. Цымæ уыцы сценæ чи сарæзта, уый йын йæ нысаниуæгыл æппын нæ ахъуыды кодта? Нæ мæ уырны! Йæ нысан у адæмы схæццæ кæнын!

Иу зондджын лæг банымадта, хæсты размæ Цхинвал саразыныл цас бахъуыд уый æмæ йын рауадысты 17 миллиард сомы, йæ сæндидзынæн та æрæрвыстой æртæ хатты фылдæр æмæ цы фесты, иунæг сæ давджытæ йæ зонæг. Дыууæ фаззон æфсымæрæй (уырыссæгтæ) куыстой ГУП-ы, иу дзы, йæ сæрыл ныххæцгæйæ-иу арæх фæлхатт кодта: «Миллиард æмæ дзы æрдæг йедтæмæ нæ рауагътой пырх хæдзæрттæ сæндидзын кæнынæн æмæ цæуыл хъуамæ аххæссой». Уайтагъд æй йæ бынатæй асырдтой.

Уæдæй абонмæ цас рацыд? Цас баззад пырх хæдзæрттæ æмæ ма сæм исчи бавнæлд-та, цалынмæ сæм Бибылты лæппу не ʻрыв-нæлдта, уæдмæ? Æрмæст хæдзæртты сæртæ цас раивтой! Æмæ хъуамæ ноджы саразой.

Бибылты лæппуйы размæ цал уынг сарæз-той фондз азы дæргъы æмæ ныр дыууæ азæй чысыл фылдæр та цал уынг сарæзтой, æх-хуысхъуаг бинонтæн цас баххуыс кодтой, æмæ уæд та?

Экономикæ æмæ хъæууон хæдзарады размæцыдæн 2012 азы хицæнгонд æрцыд 826 милуан сомы. Цы фесты? Исчи уæ сæ кой скодта? Ныр æфхæрд, дæлдзиныг адæм чысыл сулæфыдысты ног къухдариуæггæнæ-джы фæрцы æмæ ацы мæнг, ура «патриот-тæн» сæ уд схауы, чеуылты йыл бакалой цъыф, ууыл у сæ мæт. Чи кусы, уымæ вæййы цухдзинæдтæ, хур дæр æнæ сау тæппытæ нæ вæййы, фæлæ уæ кæд уæ адæмæн, къухдариуæгадæн исты хорздзинад фæнды, уæд æй зæгъут æргом, бамбарын ын æй кæнут. Куыд хуыздæр у, уый зæгъут æмæ ма байхъуса, уый мæн нæ уырны! Патриот адæмы пайдайæн фæфыссы.

Ацы уац ахæм æнкъарæнтимæ уымæн фыссын, æмæ мæхиуылдæр мысыдысты алыгъуызон зæрдæмарæн ныхæстæ. Уæлдайдæр та-иу, исты чиныг куы ныффыстон, уæд: «Махæй адавта фразеологизмтæ», «Мæнæй адавта синонимтæ» æ.а.д. Ахæм дам-думтæ уымæн мысыдысты, æмæ бынтондæр дард уыдысты ирон æвзаджы актуалон фарстытæй. Уыдис дзы ахæмтæ, куы-иу домдтой æмавтортæ сæ куы скодтаин. Æмæ куыд? Цæттæ куыст хæларзæрдæйæн балæвар кæн!.. Æмæ-иу куынæ сразы дæн, уæд хистæртæм ардауæн æвзаг хæссын райдыдтой. Мæ диссертаци бахъахъхъæныны рæстæ-джы ардауæн æвзæгтæ хæссын райдыдтой Тбилисмæ дæр æмæ сыл уым æххы ту кодтой.

Дам-думты бæсты кусын хъæуы. Искæй хорздзинад  дæ куы фæнда, уæд та йæ фарсмæ балæуу æмæ йын йæ рæдыд бараст кæн! Бамбарын ын æй кæн!

Кæд уæ фæнды, æвзагæй чъылдым ныхджытæ, иууылдæр соцсетыл ауыгъдæй баззайут! Хъыгаг уый у, ницы аразгæйæ, уæ къæхтæ кæм не сты, уæ сæртæ уырдæм цæмæн хæссут?

ДЗАБИТЫ Зарбег

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.