Адæймаджы зæрдæйæн куыд нæ у æхсызгон, нæ фæсивæды, нæ рæзгæ фæлтæры æнтыстытæ бонæй бон фылдæр кæй кæнынц, уыцы хъуыддаг. Сæйраджыдæр уымæн æмæ кæстæры æнтыст кæддæриддæр баст у нацийы фидæнимæ. Бæлас талайæ тасы, адæймаг та сабийæ, – фæзæгъы æмбисонд, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ныртæккæ нæ сабитæн царды бæрзæндтæм тырнынад куы уа, уæд уыдонæй ис ныфс бавæрæн, кæй сын бантысдзæн рæсугъд фидæн саразын.

Цхинвалы Колыты Аксойы номыл Аивæдты лицейы 6-æм къласы ахуыргæнинаг Дзабиты Георги хæрзчысылæй равзæрста йæ фидæны дæсныйад æмæ йын ныридæгæн ис æнтыстытæ. Æртæ азы ма йыл куы цыд, уæд райдыдта цымыдис кæнын ныв кæнынмæ, æппынæдзух домдта карандастæ, фæлæ чысыл кæй уыд уымæ гæсгæ йын уæлдай нысаниуæг никуы радтой йæ ныййарджытæ. Георгийыл цыппар азы дæр æххæстæй  нæма цыд, афтæмæй сныв кодта цавæрдæр тымбылæг, йæ мидæг уыд пистолет æмæ йыл æддейæ та æруагъта дæргъæй дæргъмæ сырх хахх. Йæ мад  Пæррæстаты Зæринæ куыд зæгъы, афтæмæй йæ куы бафарстой, цы нысан кæны йæ конд ныв, уæд сæ йæ дзуапп баппæрста дисы: «Мæнмæ афтæ фæкаст, кæмдæр федта ахæм ныв æмæ йæ уырдыгæй раныв кодта, фæлæ мын куы загъта, зæгъгæ, уый нысан кæны, хæдзары мидæг мигæнæн дарæн нæй, уый тæссаг хъуыддаг у, зæгъгæ, уæд мæ дисæн кæрон дæр нал уыд, ахæм æнахъом саби уыдæттыл куыд хъуамæ хъуыды кæна»,- радзырдта Зæринæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, арæхстдзинадæй дарддæр Георги ам равдыста йæ арф хъуыдыкæнынад дæр.

Сабиты рæвдауæндоны дæр Георгийы конд нывтæ кæддæриддæр хицæн кодтой куыд сæ аивдзинадæй, афтæ  сæ мидисæй дæр æмæ-иу ын сæ хъомылгæнджытæ сæвæрдтой хуыздæр куыстыты æмрæнхъ.

Райдиан кълæсты ахуыр кæнгæйæ, Георги ноджы хуыздæр базыдта ахорæнтæ æвзарын, семæ архайын æмæ йæ куыстытæ дæр бæрæг фæхуыздæр сты. Дыккæгæм къласы кодта йæ радон цымыдисон ныв «Чындзæхсæв». Уым æрыгон нывгæнæг æвдисы йæ æвæрццаг ахаст рагон ирон национ æгъдæуттæм. Ныв «Чындзæхсæв»-ы равдыста ивгъуыд  æнусты  ирон чындзæхсæв рагирон хъæуы. Нывы фæлгæндзтæй иу – ирон чындзы уæздан бакастæй æрыгон авторæн бантыст сылгоймаджы æгъдау, æфсæрмдзаст æмæ хиуылхæцындзинад  равдисын.  2016 азы Цæгат Ирыстоны уагъд цыд сабиты сфæлдыстадон конкурс «Диалог культур», цыран хайад истой Уæрæсейы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны 12 азы кары онг сабиты аивадон куыстытæ. Дзабиты Георги йæ конд ныв «Чындзæхсæв»-ы фæрцы ацы конкурсы, номинаци «Графикæ»-йы ссис 1-аг къæпхæны дипломы хицау.

Ивгъуыд аз Георгийы конд ныв «Беркъа» бавдыстæуыд республикæйы сабиты ‘хсæн Цхинвалы Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны уагъдцæуæг национ темæйыл конкурсмæ æмæ та уый дæр райста фыццаг бынат.  Уыцы аз ма Дзæуджыхъæуы уагъд цыд  сабиты аивадон куыстыты конкурс «Рисуют дети Осетии». Конкурсы темæ уыд «Театр». Хайад дзы райстой Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, Мæскуы æмæ Санкт-Петер-бурджы аивадон скъолаты ахуыргæ-нинæгтæ. Георгийы конд ныв «Скоморохи» уыцы конкурсы номинаци «Живопись»-ы авторæн æрхаста фыццаг бынат.

Ныридæгæн тынг бирæ сты Георгийы хорзæхтæ йæ аивадон æнтыстыты фæдыл. Уыдон ын лæвæрд æрцыдысты алыгъуызон конкурсты, куыд нæ республикæйы, афтæ уымæн æддейæ дæр. Æрыгон нывгæнæг йæ алы куысты дæр сæйраг хъусдард здахы ирон национ æгъдæуттæ, рагфыдæлты царды уавæртæ, бæрæгбонтæ æмæ æндæр ахæмтæ равдисынмæ. Иу ныхасæй, цымыдис кæны йæ адæмы истори æмæ культурæ зонынмæ. Уый, сæйраджыдæр, у йæ миддунейы йын йæ райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад кæй ис.

Георгиимæ ныхас кæнгæйæ ис рахатæн, йæ бæллицтæ ирд, рæсугъд кæй сты, æмæ сæм фæндвидарæй кæй тырны, у æгъдауджын, хорз зондахастыл лæуд. Уыцы миниуджытæ зынынц, йæ куыстыты цы ирд хуызтæй пайда кæны, уыдоны дæр.

Георги райгонд у йæ ахуыргæнджытæ Дзæгъиаты Альбинæ æмæ Кæсойты Лаврентæй: «Уыдоны руаджы æз ахуыр кæнын ныв кæнынады аивады сусæгдзинæдтæ. Дæн сæ стыр бузныг ахæм аудгæ ахасты тыххæй», – зæгъы уый.

Курдиатджын лæппу цымыдис кæны фæсарæйнаг нывгæнджыты куыстытæм дæр, зæгъæм, зонгæ у Ван Гогы æмæ Поль Гогены сфæлдыстадимæ. Йæхи куысты  ары  Ван Гогы куыстытимæ æнгæсдзинад, зæгъæм, æрвгъуыз æмæ бур хуызтæй арæх кæй пайда кæны, уый.

Аивадæй Георги, дарддæр, цымыдис кæны спортмæ дæр, у Бекъойты Булаты æрыгæтты футболон командæ «Спартак – Цхинвалы» хъазæг æмæ йын уым  дæр ис æнтыстытæ. Ныридæгæн Георги фидарæй зоны йæ фидæны дæсныйадæн кæй равзардзæн архитектурон факультет æмæ йæ зæрды ис йæ райгуырæн бæстæйæн ацы къабазы лæггад кæнын.

Æрæджы Георги кæронмæ бакодта йæ ног ныв «Ирон хъæуы нывзынд цады доны» æмæ та ныр дæр фæнд кæны ног куысты сæр æрлæууын.

Сæххæст уæд дæ фæндтæ æмæ дæ бæллицтæ, Георги, дæ архайдæй райæнт дæ ныййарджыты зæрдæтæ, кады хъæбул дæ рауайæд дæ уарзон  Ирыстонæн.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.