Аивадон адæймаджы цæс-тæнгас бирæбæрцæй хицæн кæны хуымæтæджы адæймаджы цæстæнгасæй. Иуæй-иу хатт æрдзы уыцы-иу нывтæм кæсгæйæ аивадон адæймаг рафæлгъауы æнæкæрон хуыз ахорæнтæ, хуымæтæджы адæймаг та сæ æххæстæй нæ фæуыны,. Уый уымæн афтæ у æмæ аивадон куыстыл хæст адæмæн сæ цæстæнгас у бирæ уæрæхдæр. Æппæт уыдæттæ æмбарынгæнæн æвзагæй, сис æмæ гæххæты руаджы йæ бон кæмæн у равдисын, ахæм адæймæгты иу дзырдæй схонæн ис курдиатджын адæймæгтæ.

Ахæм курдиатджын адæймаг схонæн ис, Ирыстонæн кадгæнæг, ирон сылгоймаджы фарнхæссæг, æфсарм æмæ æгъдауджын æрыгон чызг Хъæцмæзты Каринæйы. Каринæ ма хæрзчысыл куы уыд, уæд равдыста, кæй йæм ис æрдзæй ратгæ курдиат. Уый бирæ уарзта аив нывтæм кæсын, карандастæй хъулæттæ кæнын, фæлæ йыл нырма дыууæ-æртæ азы йедтæмæ кæй нæ цыд, уымæ гæсгæ йын йæ ныййарджытæ ницы нысаниуæг лæвæрдтой. Каринæ куыд рæзтис, афтæ йæ цымыдис ныв кæнынмæ нымæг нæ, фæлæ тынгæй тынгдæр кодта. Цыппар азы йыл куы цыд, уæд сныв кодта уасæг æмæ йын рауад тынг хорз. Уыцы ныв ссис Каринæйы  ныййарджытæн «зондамонæг» æмæ сфæнд кодтой  сæ чысыл хуры тырнындзинадмæ сæ хъус æрдарын.

«Каринæ тынг бирæ уарзта ныв кæнын, уæлдайдæр та- бæхты нывтæ кæнын. Кæд-иу алыхатт тынг хорз нæ рауадысты, уæддæр-иу уыдысты зæрдæ-мæдзæугæ. Уый бæрæг уыд, йæ конд нывтæ-иу æппынæдзух скъолайы равдыстыты конд кæй уыдысты, уымæй дæр.  6- азы йыл куы сæххæст, уæд æй  азы бакодтам Сывæллæтты ныв-гæнæн ахуыргæнæндонмæ, уым ын йæ куыстытæ федта зындгонд нывгæнæг Саулохты Мурат æмæ тынг фæцыдысты йæ зæрдæмæ, ай мæнæ цæттæ нывгæнæг куы у, уæд ма йæ мæнмæ та цæмæн æрбакодтат, зæгъгæ».

Уыцы дзырдтæ æвзонг чызгæн фесты ныфсдæттæг æмæ Каринæ æрæвнæлдта йæ бæллицтæ æххæст кæнынмæ. Ахуыргæнæндоны ахуыр кæнгæйæ, Каринæ равдыста йæ курдиат, йæ арæхстдзинад ныв кæнынмæ æмæ уыдæттæ æнкъаргæйæ, ноджы фидардæрæй райдыдта тырнын аивады бæрзæндтæм. Æр-вылхатт дæр иу хайад райста æрыгон нывгæнджыты равдыстыты, конкурсты æмæ-иу райста призон бынæттæ. Уыцы нывтæй бирæтæ ныртæккæ сты Каринæйы ныййарджыты хæдзары къултыл, æмæ уыдонмæ кæс-гæйæ, бирæты уырнгæ дæр нæ бакæндзæн, кæй сты æхсæз аздзыд сабийы конд.

 

1998 азы Цхинвалы уагъд æрцыд æвзонг нывгæнджыты конкурс. Каринæ уырдæм бавдыста цалдæр нывы, фæлæ йе ‘мкарæн Букуылты Аленæимæ цы ныв бацæттæ кодтой – Хетæгкаты Къостайы ныв, уый райста фыццаг бынат. Фæстæдæр уыцы ныв æрвыст æрцыд Германимæ, стæй та Канадæ-мæ æппæт дунейы нывгæнджыты равдыстмæ. Уым дæр та райста фыццаг бынæттæ. Уыцы ныв фæстæмæ нал æрæрвыс-той, баззад Канадæйы фæлæ уыйхыгъд Каринæ æмæ Аленæйæн æрæрвыстой Нывгæнджыты æппæтдунеон конкурсы уæ-лахиздзауты бæлвырдгæнæн-тæ, зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ æхцайы премитæ.

2004 азы Каринæ Сырх дипломыл каст фæци Цхинвалы Тугъанты Махарбеджы номыл нывгæнæн ахуыргæнæндон æмæ сфæнд кодта йæ ахуыр Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты адарддæр кæнын. Каринæйы ныййарджытæ нæ разы кодтой йæ хъуыдыйыл æмæ йæ фарс куынæ ‘рбалæу-уыдысты, уæд уый йæхи конд нывтæй ауæй кодта иу цалдæр æмæ уыдонæй райсгæ æхцайы фæрæзтæй араст ис Цæгат Ирыстонмæ. Радта йæ гæххæт-тытæ Хетæгкаты Къостайы номыл  Паддзахадон университетмæ æмæ иу фæлварæн тынг хорз нысаныл ратгæйæ, ссис ахуыргæнæндоны аивæдты фа-культеты студенткæ. Университеты ахуыр кæнгæйæ, Каринæ уæлдай тынгдæр йæ зæрдыл бадардта, 3-аг курсы ма куы ахуыр кодта, уæд Мæскуыйæ кæй æрцыд реставратор-нывгæнæг Юрий Кузнецов æмæ университеты къухдариуæгадæй æрдомдта аивады факультеты студенттæй æртæйы, цæ-мæй йын уыдон баххуыс кодтаиккой  республикæйы цалдæр объекты среставраци кæны-нæн. Уыдоны ‘хсæн уыд Каринæ дæр. Афтæмæй Каринæ хайад райста Цæгат Ирыстоны Тугъанты Махарбеджы музейы реставрацигæнæн куыстыты.

4-æм курсы ахуыр кæнгæйæ, 2008 азы Каринæ куыд хуыздæр студент, афтæ хуынд æрцыд Дзæуджыхъæуы «Модæты институт»-мæ ныв кæныны ахуыргæнæгæй. 2009 азы Кари-нæ Сырх дипломыл каст фæцис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет æмæ уый фæстæ та бацыд кусынмæ Дзæуджы-хъæуы аивæдты лицеймæ. Куыста ма ЮНЕСКО-йы, чиныгуадзæн рауагъдад ирон æвзагыл цы чигуытæ уагъта, уым иллюстраторæй.

2012 азы ссис Уæрæсейы Федерацийы Нывгæнджыты цæдисы уæнг. У ма Цæгат Ирыстоны Нывгæнджыты цæдисы уæнг дæр. Ныртæккæ Каринæ-йæн ис тынг бирæ хорзæхтæ æмæ грамотæтæ, алыгъуызон равдыстыты хайад кæй иста, уый тыххæй.

Аивадон рæзты къæпхæнтыл хизгæйæ Каринæйæн цы тæлмæнтæ баззад йæ хъуыдыты, уыдоны тыххæй йæхæдæг зæгъы: «Сæйраджыдæр мæ фæнды бузныг зæгъын, мæ аивадон фæндæгтыл мыл цы хæрзгæнджытæ амбæлд, чи мæ разæнгард кодта, мæ куыстытæн мын аккаг аргъ чи кодта, æппæт уыдонæн. Уыдон, сæйраджыдæр сты мæ ныййарджытæ æмæ уый фæстæ та нывгæнæн ахуыргæнæндоны мæ фыццаг ахуыргæнджытæ – Саулохты Мурат, Зассеты Сæрмæт æмæ бирæ æндæртæ. ЦИПУ-йы лектортæ Чилæхсаты Магрез, Мæргъиты Таймураз æмæ Бедойты Шалва.  Райдайæны, мæн, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ уыд стыр ныфс, кæй сæххæст уыдзысты мæ бæл-лицтæ. Архайдтон уал сабийы æрмдзæфæй æмæ-иу цин кодтон мæ чысыл æнтыстытыл дæр. Цæгат Ирыстоны университетмæ бацæугæйæ, мæн афтæ тынг хорз айстой, æмæ мæм уæд фæзынд ноджы фидардæр ныфс, кæй мын бантыс-дзæн æппæт дæр.  Мæ фыццаг бæллиц уыд университет Сырх дипломыл каст фæуын, уый фæстæ та Уæрæсейы Федерацийы Нывгæнджыты цæдисы уæнг суæвын æмæ уыдон мæ къухты бафтыдысты æнæкъуыхцыйæ».

Каринæ Цæгат Ирыстоны йæ цард баиу кодта уæгъдибар хъæбысхæстæй бирæ ерысты уæлахиздзау, перспективон æмæ æнтыстджын спортсмен Уалыты Русланимæ. У амондджын хъæбулты мад. Каринæ æмæ Русланы сæ цардвæн-дæгтæ сæ уарзон Ирыстонæй ахастой дард, сты Францы, фæлæ уым дæр сты сæ Ирыстонæн кадгæнæг. Руслан хайад райсы спортивон ерысты. Кари-нæ та дарддæр кæны йæ уарзон куыст. Йæхæдæг куыд зæгъы,  афтæмæй йыл фæсарæнтæм ацыд бандæвта æрмæстдæр хуыздæрæрдæм.

«Францмæ фыццаг хатт куы æрцыдтæн, уæд уарыд тынг къæвда. Уый мæнæн тынг фæцыд мæ зæрдæмæ. Ахæм боныгъæд цыма фыццаг хатт федтон, афтæ йыл цин кодтон æмæ ссис мæ куысты ног темæ райдайыны стимул. Мæ цæстæнгас æнæнхъæлæджы фæивта царды æппæт нывтæм дæр æмæ уый ирдæй разынд мæ дарддæры куыстыты. Уæдæй фæстæмæ мæ куыстыты æз арæхдæр æвдисын къæвдабоныгъæдтæ. Уымæй æдде ма æз уæрæхдæрæй райдыдтон пайда кæнын ирд ахорæнтæй, фылдæр кусын райдыдтон хъæлдзæг æмæ райдзаст царды нывтæ æвдисыныл. Уыцы фæивдтытæ мæнæн уыдысты æнæнхъæлæджы. Афтæ æнæнхъæлæджы ма мын уыд, ам Францы хæрз чысыл уæвыны фæстæ мæ 2016 азы кæрон Брюсселы уагъдцæуæг нывгæнджыты равдыстмæ куы фæхуыдтой, уый»,- загъта Каринæ.

Каринæ хайад райста Брюсселы ногазон равдысты, цыран уый бавдыста Ирыстоны цардуагыл конд нывтæ æмæ ссис уæлахиздзау. Ныр та йæхи цæттæ кæны апрелы мæйы Францы ног равдыстмæ. Кари-нæйæн нæ зæрдæ зæгъы æнæ-низдзинады æмæ æнтыстыты  фæндиæгтæ.

Хуыгаты Милена

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.