Харебаты Ацæмæзы кой рагæй хъуыстон, куыд курдиатджын нывгæнæг, афтæ. Уый райгуырд Цхинвалы 1958 азы 29-æм сентябры. Каст фæцис нæ горæты 2-æм астæуккаг скъола. Ацæмæз хæрзчысылæй, сабидонмæ ма куы цыд, уæд бауарзта ныв кæнын. Йе ‘мкарæнты зæрдæмæ тынг цыдысты йæ конд нывтæ æмæ-иу æм æппынæдзух хатыдысты, цæмæй сын кодтаид иу кæнæ иннæ цæрæгойы нывтæ. Æмæ Ацæмæз дæр сæ хъыджы никуы бацыд, йæ чысыл къухтæй-иу сын скодта æндæр æмæ æндæр цæрæгойты нывтæ æмæ-иу сын æй зæрдæхæларæй балæвар кодта.

Райдиан кълæсты ахуыр кæнгæйæ, лæппу фидарæй аскъуыддзаг кодта, нывгæнæг кæй суыдзæн, уый. Йæ ныййарджытæ – зынгæ ирон фыссæг Харебаты Леонид æмæ хæдæфсарм, уæздан, æцæг ирон сылгоймаг Кокойты Рая, кæцы йе ‘ппæт цард снывонд кодта рæзгæ фæлтæры хъомыладæн, сразы сты сæ фырты фæндыл æмæ йæ бакодтой сывæллæтты нывгæнæн скъоламæ. Йæ фыццаг ахуыргæнæг уыд зынгæ ирон нывгæнæг Тугъанты Махарбегæн йæ фырт Энвер. Райдайгæ нывгæнæгæн уый бацамыдта нывгæнæн аивады сусæгдзинæдтæ. Каст æй куы фæцис, уæд бацыд Тугъанты Махарбеджы номыл нывгæнæн ахуыргæнæндонмæ. «Ахуыргæнæндоны хæдзарон хæслæвæрдтæй иу уыд этюдтæ ныв кæнын. Ацыдтæн-иу паркмæ æмæ-иу  уæлтæмæн æнкъарæнтимæ райдыдтон ныв кæнын. Иу нывы фæдыл мæ сайдта æндæр ныв æмæ-иу  къуыримæ скодтон дæс-фынддæсгай нывы. Уый иумиагæй сисгæйæ бирæ фылдæр уыд, æнæхъæн курс-иу цы сныв кодтой, уымæй», – йæ зæрдыл æрлæууыд Ацæмæзæн. Ахуыргæнæндоны йæ ахуыргæнджытæ уыдысты ахæм зындгонд нывгæнджытæ, куыд Хъотайты Григол, Санахъоты Барис, Цхуырбаты Витали, Саулохты Мурат, Зассеты Хазби, Гуыцмæзты Петя æмæ æндæртæ. Йæ дипломон куыст «Преемственность поколений»-йæн  ын къамисы уæнгтæ скодтой стыр аргъ. Йæ къухдариуæггæнæг уыд Хъотайты Григол.

Ахуыргæнæндон тынг хорз нысæнттыл каст фæуыны фæстæ 1978 азы æнтыстджынæй фæлварæнтæ радта  И.Репины номыл Санкт-Петербурджы аивæдты академимæ. Уым ахуыр кодта 1983 азы онг.  Ацы горæты ахуыр кæнгæйæ, æркодта цардæмбал æмæ йын фæзынд хъæбултæ дæр. Уый фæстæ æрыздæхт Цхинвалмæ æмæ кусын райдыдта нывгæнæн ахуыргæнæндоны æмæ уыцы иурæстæджы куыста Аивадон фонды дæр. Уыцы азты зынгæ скульптор Хетæгкаты Роланд æвзонг нывгæнæгæн радта йе ‘рмадз æмæ Ацæмæз йæ фылдæр рæстæг æрвыста уым алыгъуызон нывтæ фæлдисгæйæ. Фылдæр уарзы Райгуырæн Ирыстоны пейзажтæ, хæххон цæрджыты цардуаг æвдисын. «Мæ зæрдæмæ цæуы ме ‘нкъарæнтæ, мæ эмоцитæ, царды тыххæй мæ хъуыдытæ, мæ философи кæттагыл æвдисын. Адæймаг райгуыры бæрæг программæимæ æмæ йæхи фæндагыл куы ацæуы, уæд ын йæ сæххæст кæнын бантысы. Арæх мæм хъуыдытæ, фæлгондзтæ фæзынынц фынæйы рæстæджы. Æмæ куы райхъал уай, уæд сæ уайтагъд хъуамæ афыссай, науæд дæ айрох уыдзысты.  Мæ конд нывты бавæрын мæ уд æмæ мæ уарзондзинад. Ахсджиаг мын у мæхимæ ахасты дæр раст уæвын. Фæнды мæ, цæмæй мæ куыстыты цы энерги æвæрын, уыдон позитивонæй æндавой мæ алыварс адæмыл», – радзырдта Харебайы фырт.

Харебаты Ацæмæзы куыстытæн равдыстытæ уыд куыд йæ райгуырæн Цхинвалы, афтæ уæрæсейаг горæтты, фæсарæнты дæр. 2015 азы апрелы мæйы Цхинвалы киноконцертон зал «Чермен»-ы фойейы уыд йæ куыстыты персоналон равдыст, цыран æвæрд æрцыдысты 85 нывы. Мадзалы РХИ-йы Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Цхуырбаты Тамерлан банысан кодта, зæгъгæ, Ацæмæз у ирон адæмы æцæг фырт, æцæг нывгæнæг. Хæстон цауты хайадисæг уæвгæйæ æмæ уæззау азтæм нæ кæсгæйæ, зæгъ, йе сфæлдыстад иуран нæ лæууыд, фæлæ фæлдыста æмæ фæлдыста…

Равдыстытæ ма йын уыд Канадæ æмæ Псковы. 2017 азы ноябры мæйы йын персоналон равдыст уыд Санкт-Петербурджы Некрасовы номыл библиотекæйы, цыран равæрд æрцыдысты 50 нывæй фылдæр. Уыдон тынг фæцыдысты равдыстмæ æрбацæуджыты зæрдæмæ. Харебаты Ацæмæзы нывты тыххæй дзургæйæ, петербургаг аивадзонæг, Эрмитажы европæйаг нывкæнынады хайады сæргълæууæг Михаил Анкин банысан кодта, зæгъгæ, йæ нывты æнкъардæуы уæрæх зæрдæйы ахаст æмæ арф мидис. Курдиатджын ирон нывгæнæ-джы тыххæй Анкин фыста журнал «Аврора»-йы дæр.

Ацæмæзы нывтæ, æцæгæйдæр, сты мидисджын. Уыдис ын ахæм ныв дæр: Арвы дуар байгом æмæ дзы зæхмæ дыууæ Иры астæуты æрцыд сыгъзæрин фæндаг. Уыцы фæндагыл урс, ирон дарæсы, йæ зæрдæ йæ къухы рухс тæмæнтæ калы, афтæмæй æрцæуы Къоста – зæд. Ацы ныв йæ рæстæджы балхæдта Хуссар Ирыстоны Культурæйы хайад, фæлæ йæ хъысмæт нæ рауад авторы фæндиаг. 1991 азы январы гуырдзиаг фыдгæнджытæ Хуссар Ирыстоны хицауады хæдзар куы бацахстой, уæд Къостайы ныв сæууæрстой сæ къæхты бын, стæй йæ кардæй ныллыгтæ кодтой…  Фæлæ йæ нывгæнæг скодта дыккаг хатт æмæ йæ схуыдта «Лæвар – мæ фыдæн». Ирон адæм рагæй хъусынц арв æмæ зæххы кæлæны кой. Ацæмæз ын сарæзта йæ фæлгондз. Асæй у чысыл, дидинæджы тау зæххы кæлæны уæхсчытыл афтæ æвæрд у, æмæ лæг зæгъдзæн, цыма зæххы кæлæны  уæхсджытыл къала бæлас банцой кодта, йæ разы бындз æмæ йæ базырты аууон дæр разынд нывгæнæ-джы дæсны къухты фæрцы. Бирæ бантыст нывгæнæгæн. Райгуырæн Ирыстоны темæ зыны йе ‘ппæт куыстыты дæр. Æрдз ныв кæна, уæд ын Ирыстонæй рæсугъддæр дунетыл нæй, адæймаджы ныв кæна, уæд дæр ын ирон лæг, ирон сылгоймагæй рæсугъддæр нæй. Ирыстоны уыны дунеты рæсугъддзинад. Ирыстоны арв ын у кувæндон.

Æнæ скæнгæ мын нæй Харебаты Ацæмæзы хæстон фæндаджы тыххæй дæр. 1989 азы 23-æм ноябры Гамсахурдиа сæ сæргъы, афтæмæй гуырдзы Цхинвалмæ стæры куы æрбацыдысты, уæд уыдонæн сæ фидар риутæй фæндаг чи æрæхгæдта, уыцы хъайтар лæппутæй иу уыдис Ацæмæз дæр. 1990 азы 6-æм январы гуырдзиаг «милици» æхсæвыгон Цхинвалмæ куы æрбабырстой æмæ горæты уынгты сабыр цæрджыты куы цагътой, уыцы хабар фехъусгæйæ, Ацæмæз уайтагъд æрмидæг Ленинградæй, йæ ныййарджытæн йæхи нæ равдыста, афтæмæй æрлæууыд лæппуты фарсмæ æмæ хæцыд знаджы ныхмæ. Дыууæ къуырийы бæрц рацыдаид, афтæ иу бон йæ фыд Леонидæн йæ хæлар, мидхъуыддæгты органты раздæры кусæг Санахъоты Чермен афтæ зæгъы, зæгъгæ, дам, æгайтма дæ фырт Ацæмæз дæр Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытимæ ис. Уый æнахуыр диссаг фæкаст Леонидмæ, уымæн æмæ фыд ацы хабарæн ницы зыдта æмæ Чермены бафæдзæхста, зæгъгæ, йын йæ мадæн мацы зæгъ, адæргæй, зæгъ, исты кæндзæн. Фæлæ фæстæдæр, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ мад Рая дæр базыдта, йæ фырт Ирыстоны хъахъхъæнджытимæ кæй ис, уый æмæ йæхицæй бабуц, ахæм фырт кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй.

1989 азы 9-æм апрелы Тбилисы æрцæугæ трагикон цауты фæстæ чидæртæ бахъавыдысты магазин «Фарн»-ы цур уыцы цауы амæттæгты номыл дур сæвæрынмæ. «Махмæ, Цхинвалы фæсивæдмæ уый сæвзæрын кодта æнæразыдзинад. Нæ тыхтæ æрбаиу кæнгæйæ, æз æмæ мæ хæлæрттæ Челдыты Георги (Гельды), Дзуццаты Владимир (Коко), афтæ ма кæстæр фæлтæры минæвæрттæ Тедеты Ибрагимы сæргълæудæй, нæ бон бацис сæ ныхмæ фæлæууын æмæ нæ бауагътам уыцы бынаты цырт  сæвæрын, уымæн æмæ йæ зыдтам, йæ фæстæ цы расайдзæн, уый». Иу ныхасæй зæгъæн ис афтæ, æмæ-иу куыддæр Цхинвалы гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд фендыгъддæр, афтæ-иу Ацæмæз уайтагъд æрхæццæ Ленинградæй. Йæ хæстон фæндагыл бирæ дзурæн ис, уыцы нымæцы 2008 азы августы хæсты фæдыл дæр, фæлæ алцæйы тыххæй иу уацы æрдзурæн нæй. Уый йæ хайбавæрд бахаста Ирыстоны сæрибардзинады сæрыл тохы хъуыддагмæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ гентæ сæхион кæй бакодтой. Курдиатджын поэты лæппу Ацæмæз йæхæдæг дæр фыссы æмдзæвгæтæ уырыссаг æвзагыл. 1995 азы йе ‘мдзæвгæтæ мыхуыр æрцыдысты газет «Южная Осетия»-йы. Уыцы хабар йæ зонгæтæн уыд бынтон æнæнхъæлæджы, уымæн æмæ ничи зыдта æмдзæвгæтæ фыссы, уый. Йе ‘мдзæвгæтæ кæсгæйæ зæгъæн ис, Ацæмæз кæй у арф æмæ ирд курдиаты хицау. Æмдзæвгæтæн дæр, йæ конд нывтау, сæ сæйрагдæр темæ у йæ уарзон Ирыстон. 2015 азы йын Санкт-Петербурджы равдыст куы уыд, уæд йæ альбом «Свирель Ацамаза»-йы кæрон мыхуыр æрцыдысты йе ‘мдзæвгæтæ дæр.

Æрæджы РХИ-йы Президенты Барамындæй Харебаты Ацæмæзæн лæвæрд æрцыд РХИ-йы сгуыхт нывгæнæджы кадджын ном.

Ацы аз  29-æм сентябры курдиатджын нывгæнæг Харебаты Ацæмæзыл æххæст кæны 60 азы æмæ фæнд кæны юбилейон равдыст саразын. Юбилейон равдыст саразын та йæ къухты бафтдзæн, кæд æм нæ республикæйы хицауад йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кæна, уæд. Хуыцау зæгъæд, æмæ йын бантысæд уыцы равдыст саразын. Нæ зæрдæ йын зæгъы дарддæры сфæлдыстадон æнтыстытæ.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.