Æмбæстæгты куырдиæттæм æркæсыны фæстæ РХИ-йы Парламенты депутат Цоциты Игорь æмæ Парламенты Сæрдары уынаффæгæнæг Гæбæраты Инарæ бабæрæг кодтой æххуысхъуаг дыууæ бинонты.

Битеты Даникы бинонтæ сты авд адæймаджы, уыдонæй æртæ сты сывæллæттæ. Цæрынц Æфсæнвæндаджы уынджы 6-æм хæдзары. Бинонтæн нæ фаг кæны цæрæнбынат, уымæй дарддæр ма тæдзы сæ хæдзары æмбæрзт дæр, кæцы хъыгдард баййæфта 2008 азы августы хæсты рæстæджы æмæ сæхи бон нæу хæдзар сцалцæг кæнын.

Бинонты хистæры ныхæстæм гæсгæ, уый 2008 азы хæсты фæстæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бахатыд æххуысмæ паддзахадон алыгъуызон органтæм. Æрбацыдысты-иу сæм, сбарстой-иу хæдзары æмбæрзт, ныфс-иу сын бавæрдтой йæ саразынæй æмæ-иу хъуыддаг ныхæстæй фæцис. «Фондз азы размæ мæн нал уырныдта, хицауад мын баххуыс кæндзæн, уый, æмæ сæм нал цыдтæн. Фæлæ мæ хойы уæддæр цыдæр ныфс уыд æмæ бахатыд республикæйы Парламентмæ. Æниу мæ ныр дæр нæ уырны, истæмæй нын баххуыс кæндзысты, уый», – дзуры Битеты Даник.

Уый ма радзырдта, зæгъгæ, хæрзчысылæй фесæфта йæ фыды, æмæ 2008 азы августы хæсты рæстæджы та знаджы нæмыгæй фæмард йæ мад. Йæ хойы цардæмбал та амард автокатастрофæйы æмæ уый фæстæ йæ сывæл-лæттимæ цæры семæ. Фæлæ ууыл бинонты æнамонддзинæдтæ нæ фесты. Æрæджы йе ‘нæниздзинадмæ гæсгæ йæ куыст фесæфта Даник йæхæдæг. Ныр æй хъæуы йæ зæрдæйыл тагъдыл операци саразын. «Мæхицæн мæ бон нæу мæ проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын. Куыст мын нал ис, æмæ æнæ æхцайæ та ныры рæстæджы ницы сараздзынæ. Фæлæ диссаг куы æрцæуа æмæ нын исты æххуыс куы бакæной, уæд сæ фæуыдзæн æгæрон бузныг», – загъта уый.

Битеты бинонтæ цы уавæры цæрынц, уый фенгæйæ, парламентаритæ æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ сын æцæгæйдæр, хъæуы æвæстиатæй баххуыс кæнын. Уыимæ Гæбæраты Инарæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сын хъуамæ раджы баххуыс кодтаиккой.

Депутат Цоциты Игорь ныфс бавæрдта бинонтæн, зæгъгæ  сын сæ проблемæйы тыххæй фехъусын кæндзæн республикæйы къухдариуæгадæн, цæмæй сын баххуыс кæной сæ хæдзары æмбæрзт раивынæн.

«Абон мах нæхи цæстæй федтам, ацы бинонтæ тынг уæззау уавæрты кæй цæрынц æмæ сын æххуыс кæнын кæй хъæуы, уый. Мæхирдыгæй, æз æппæт дæр сараздзынæн, мæ бон цы у, уый, цæмæй сын баххуыс кæной», – загъта депутат. Йæ рады спикеры уынаффæгæнæг Гæбæраты Инарæ банысан кодта, зæгъгæ, Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георгийы раз æрæвæрдзæн фарст Битеты Даникы æнæниздзинады тыххæй, цæмæй йын рахицæн кæной квотæ операци саразыны тыххæй.

Уый фæстæ парламентаритæ бабæрæг кодтой бирæсывæллонджын бинонты, кæцытæ цæрынц æххуырст фатеры Исахъы уынджы. Æхсæз сывæллоны мад Къораты Каринæ радзырдта, зæгъгæ  сын сæхи сæрмагонд хæдзар кæй нæй, уымæ гæсгæ дæргъвæтин рæстæджы цæрынц æххуырст фатеры. «Мах лæууæм рады цæрæнуат райсынмæ, фæлæ нæ рад нырма рæхджы не ‘рцæудзæн. Уымæн æмæ бирæсывæллонджын бинонты номхыгъды мах стæм 144 номыр. Æмæ æххуырст фатерæн фидын та дарддæр нæ бон нал у», – загъта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ уый нæ кусы, йæ кæстæр сывæллоныл нырма 6 мæйы йедтæмæ кæй нæ цæуы, уымæ гæсгæ. Йæ цардæмбал бакусы, куы йæ баххуырсынц, уæд, нæй йын стабилон куыстмызд. Уымæ гæсгæ, бинонтæн се ‘фтиаг тыххæйты фаг кæны сывæллæтты дарынæн.

«Æз нæ домын комкоммæ мын ныр-тæккæ рахицæн кæной фатер, фæлæ мын рæстæгмæйон цæрæнуатæй уæддæр баххуыс кæнут, уымæн æмæ йæ æз нал зонын, дарддæр цы саразон, уый», – йæ ныхасмæ бафтыдта бирæсывæллонджын мад.

Цоциты Игорь банысан кодта, зæгъгæ, Къораты бирæсывæллонджын бинонты проблемæйыл уынаффæ кæндзысты æмбæлон органтæ æмæ бацархайдзыстæм, куыд гæнæн уа, афтæ ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныныл.

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.