Райдианы уыдон бабæрæг кодтой Дзукъаты Лалийы бинонты. Уыдон æххуырст хæдзары цæрынц Набережнаяйы уынгыл. Фондз сывæллонджын мадæн, йæ сывæллæттæй æртæ сты æркæнгæ. Уыдонæн сæ мад кæй амард   уымæ гæсгæ сæ Дзукъаты Лали æрбакодта йæхицæн. Уый Парламенты Сæрдарæн радзырдта йæ проблемæты тыххæй: «Хисæрмагонд цæрæнуат нын кæй нæй, уымæй дарддæр ма мын нæй искуы бакусыны, уавæр дæр. Сывæллæттæм æппынæдзух цæст дарын кæй хъæуы. Æгуыст кæй дæн, уый тыххæй æвзарæм материалон зындзинæдтæ уый аххосæй. Æххуырст хæдзары цæргæйæ дæр нæ уавæртæ мæгуырау сты, фæлæ хуыздæр уавæртæн та фатер æххуырсыны аргъ зынаргъдæр у. Сымахмæ дæр мæхи уы-мæн баппæрстон, цæмæй мын баххуыс кæнат», – дзырдта бирæсывæллонджын мад.

Уый ма куыд дзырдта афтæмæй сывæллæттæ нæ цæуынц рæвдауæндонмæ æмæ ма суанг скъоламæ дæр. Сывæллæттæн хицауадæй æххуысы æхцайæн цы фараст мин сомы исы, уыдон не сты фаг  сабиты зымæджы бонтæм срæвдз кæнынæн.

Сылгоймагмæ байхъусын æмæ йын йæ хæдзары уавæр сахуыр кæныны фæстæ Гасситы Петр загъта: «Бирæ ис ахæм проблемæтæ паддзахады, аскъуыддзаг кæнын кæй хъæуы, сæйраг дзы у цæрæнуæттæ сæндидзын кæныны фарст. Уыцы нымæцы бирæсывæллонджын бинонты цæрæнуатон фæзуæттæ рауæрæх кæнын æмæ рады лæуджытæн хæдзæрттæ рахицæн кæнын. Хъыгагæн, ныртæккæ цæрæнуатæй сымах сифтонг кæнынæн ницы уавæртæ ис республикæйы. Алкæцы фарстмæ дæр хицæнæй бавналгæ у, мæн ныфс ис, 2018 азы республикæйы къухдариуæгад раст фæндæттæ кæй рахæсдзæнис, уыдонæй алкæй фæдыл дæр. Абон уал мах нæ исæм нæхицæй бæрндзинад, парти «Иугонд Ирыстон» фæлтæргай сымахæн бакæндзæнис æххуыс», – дзырдта Парламенты Сæрдар.

«Иугонд Ирыстон»-ы сæргълæууæг Тадтаты Алан балхынцъ кодта Парламенты спикеры ныхæстæ æмæ загъта: «Нæ парти æмбæлон æххуыс бакæндзæнис сымахæн, райдианы уал уын фиддзыстæм уæ фатеры æхца мæйгай, цалынмæ уын сæрмагонд фатерæн исты амал кæнæм, уæдмæ. Цæмæй уæ сабитæ сывæллæтты рæвдауæндонмæ дæр æмæ скъоламæ дæр цæуой, уый тыххæй та уæм фæкæсдзыстæм финанстæй.

Уый фæстæ та Парламенты сæргълæууæг æмæ парти «Иугонд Ирыстон»-ы раздзог бабæрæг кодтой Дзабиты Александры бинонты. Уыдон цæрынц Черепичнаяйы уынджы. Ам, бинонтæ радзырдтой сæ зæрдæрисгæ фарсты тыххæй. «Ныр 30 азы бæрц цæрæм ахæм æдзæллаг уавæрты. Ныр нын фæзынд чысыл сабитæ, иу хатæн йедтæмæ нын кæй нæй, уый тыххæй сабитæ хуыссынц астæрдыл. Сабитæй иу у гуырцæй сахъатджын. Æз ныртæккæ æгуыст дæн, кæд хæрзарæзтады комбинаты куыстон, уæддæр. Сабитæ фæкæсынцух кæй уыдысты, уымæ гæсгæ, мæ куыстæй мæхи ссæрибар кодтон. Аивгъуыйгæ азты дæргъы цы бирæнымæц куырдиæттæ фæфыстон хицауадмæ, уыдонæн ницы тых уыд. Хæдзар мæхи тыхтæй сæндидзын кæныны уавæртæ мын нæй. Курæг уæ дæн, цæмæй нын баххуыс кæнат, æндæр кæдæм бахатæм, уый нын нæй», – дзырдта æвадат бинонты хицау.

Парламенты сæргълæууæг Дзабиты Александры бинонты уавæр бынаты сахуыргæнгæйæ, фæндон рахаста, цæмæй сын цадæггай баххуыс кæной сæ хæдзар сæндидзын кæнынæн. «Балхæндзыстæм дын арæзтадон æрмæджытæ, цæмæй дæхицæн хæдзар саразай. Фæлæ уал уæдмæ «Иууон Ирыстон» сымахæн рахицæн кæндзæнис цæрæн вагон, цыран сывæллæтты уавæртæ бæрæг фæхуыздæр уыдзысты», – зæрдæ бавæрдта Гасситы Петр бинонты хистæрæн.

Парламенты спикер ма цымыдис кодта Дзабиты Александрæн зæххы фадыг ис æви нæ, цæмæй йын фидæны уым арæзт æрцæуа хæдзар.

Уазæгты Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.