РХИ-йы Парламенты депутат Уалыты Розæ æмæ Парламенты Сæрдары уынаффæгæнæг Гæбæраты Инарæ бабæрæг кодтой Цхинвалы цæрæг Козаты Махары бинонты, кæцыйæн хъæуы йæ цардуагон (цæрæнуатон) уавæртæ фæхуыздæр кæнын.

«Ацы бинонты проблемæты тыххæй мах базыдтам æрæджы æмæ аскъуыддзаг кодтам æвæстиатæй  сæвзæргæ уавæры растдзинад бынаты бабæрæг кæнын», – загъта Уалыты Розæ.

Куыд рабæрæг, афтæмæй Козаты Махар цæры йæ 15 аздзыд фыртимæ. Йæ цардæмбалимæ  у хицæн, æниу уый дæр арæх абæрæг кæны йæ фырты. Уыдон цæрынц  фанерæйæ блоктæй арæзт чысыл хæдзары. Куыд хæдзары къултæ, афтæ йе ‘мбæрзт æдтейæ фидаргонд у згъæр пластинæтæй. Хæдзар æвæрд у фæйнæджытыл, кæцытæ иуæй иу рæтты бамбыдысты æмæ  згъæлы къæхты бын. «Зæххы фадыг самал кæнынæн мын баххуыс кодтой ме ‘ввахс хиуæттæ. Кæм цардаиккам уый нын кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ мæн бахъуыд  фæйнæджытæй рæстæгмæ цæрæнуат саразын. Куыдфæстагмæ ацы арæзты цур бындур ныккалдтон ног хæдзарæн. Фæлæ хæдзары арæзтад адарддæр кæнын мæ бон нал ссис, арæзтадон æрмæджытæ балхæнынæн мын æхцайы фæрæзтæ кæй нæ фаг кодта, уый аххосæй», – загъта Козаты Мухар.

Хæдзары мидæгæй ис æртæ чысыл хатæны, кæцыты хъарм кæнынц пецтæй. Йæ проблемæтæ радзургæйæ, уый бахатыд, цæмæй йын баххуыс кæной æмæ йын рахицæн кæной æнæмæнгхъæуæг арæзтадон æрмæджытæ капиталон хæдзары арæзтады тыххæй. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ 1992 азы Козайы фырт гуырдзиаг-ирон конфликты хæстон архайдтыты рæстæджы кæй фæцæф. Уымæн нæмыджы схъис сæмбæлд йæ зæрдæйы цур æмæ йæ вертолетыл аластой Дзæуджыхъæумæ, цыран хос кодта дæргъвæтин рæстæджы. Фæлæ йын йæ рæстæджы арæзт не ‘рцыд сахъатдзинад æмæ нæ лæууы РХИ-йы цæфтæ æмæ инвалидтæн æххуысы фонды хыгъды дæр. Рауад афтæ, æмæ хæсты ветеран æмæ инвалид баззад æнæ паддзахадон æххуысæй.

Сæ рады, йын Уалыты Розæ æмæ Гæбæраты Инарæ ныфс бавæрдтой, республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы сæрдар Тадтаты Алан æмæ РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петримæ кæй аныхас кæндзысты æмæ цы гæнæн уа, уый  кæй сараздзысты, цæмæй йын рахицæнгонд æрцæуой арæзтадон æрмæджытæ хæдзары арæзтад адарддæр кæныны тыххæй.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.