28-æм марты уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты дæсæм сессийы æртыккаг рабадт. Уагъта йæ Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Рабадты Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Плиты Александр уынаффæ кæнынмæ рахаста, «Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы ‘хсæн хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы тыххæй» Бадзырд сратификаци кæныны тыххæй» РХИ-йы закъоны проект. Бадзырдыл къухтæ æрфыстой дыууæ бæстæйы президенттæ 2018 азы 19-æм декабры. Плиты Александр куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уый хауы нæ паддзахадты цардархайды æппæт фадгуытæм дæр æмæ йæ, æнæдызæрдыгæй, хъæуы ратифкаци кæнын.

Закъоны проект ист æрцыд æмхъæлæсæй.

Уый фæстæ Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынды фæдыл парламентон комитеты сæрдар Тедеты Нонæ æркæсынмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон гербы тыххæй» РХИ-йы Конституцион закъоны проект.

«РХИ-йы Конституцийы 17-æм статьяйы дзырдæуы, зæгъгæ, паддзахадон символтæй официалонæй спайда кæныны фæтк фидар кæны Конституцион закъон. Фæлæ ныртæккæ архайы «РХИ-йы Паддзахадон гербы тыххæй» 1998 азы 29-æм декабры райсгæ РХИ-йы Закъон, кæцы ныхмæвæрд у архайæг Конституцимæ. Уый фæдыл бакуыст æрцыд ацы Конституцион закъоны проект, кæцы бæлвырд кæны Паддзахадон гербæй официалон æгъдауæй пайда кæныны фæтк, афтæ ма дзы РХИ-йы æмбæстæгтæ куыд хъуамæ пайда кæной, уыцы фæтк дæр», – загъта профилон комитеты сæрдар.

Ацы закъоны проект дæр депутаттæ райстой æмхъæлæсæй.

Бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Коцты Жаннæ депутаттæн фехъусын кодта, РХИ-йы Национ бангы директорты советы скондæй Джиоты Жаннæйы ракæныны тыххæй, РХИ-йы Æфснайæн бангы сæрдарæй йæ кæй снысан кодтой, уымæ гæсгæ, æмæ Национ бангы директорты советы скондмæ Болататы Аланæйы бакæныны тыххæй РХИ-йы Национ бангы фæндон. Депутаттæ æмхъæлæсæй рахæцыдысты РХИ-йы Национ бангы къухдариуæгады фæндоны æвварс.

Коцты Жаннæ сессийы рабадтмæ рахаста ноджы иу фарст «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы дыккаг хайы 221-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект, кæцы йæ ныхæстæм гæсгæ, фадат ратдзæн ирон адæмы традицион аивад чи размæ кæнынц, уыцы райдайгæ амалиуæггæнджытæн базары хъуыддæгтыл фæцайдагъ уæвынæн, уымæн æмæ уыдон æртæ азы æмгъуыдмæ сæрибар цæудзысты æппæт хуыз хъалонæй дæр, æфтиагæй хъалонæй дарддæр. Афтæ ма уый банысан кодта, зæгъгæ, закъоны проект хауы æрмæстдæр срегистрацигонд амалиуæггæнджытæм.

Гасситы Петр загъта йæ хъуыды ацы фарсты фæдыл. Уый банысан кодта, зæгъгæ, адæмон æрмгуыстады къабазы чи архайы æмæ аивад чи фæлдисы, уыдоны æрмæст хъалонтæй сæрибар кæнын нæ хъæуы, фæлæ сын хъæуы æххуыс кæнын, сæ дарддæры рæзты тыххæй сæ хъæуы  разæнгард кæнын.

Закъоны проекты тыххæй сæ хъуыдытæ загътой депутаттæ Гæбæраты Юри, Харебаты Сергей, Чилæхсаты Владимир æмæ Диакъонты Амиран. Хъæлæсæппæрсты рæстæджы закъоны проект ист не ‘рцыд.

Ацы комитет ма æркæсынмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы дыккаг хайы 232-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект. «Ацы проекты хынцыд цæуы фæсарæйнаг æм-бæстæгтæн сфидаргонд авансон фиддоны бæрц 1000 сомæй 2000 сомы онг фæфылдæр кæнын», – загъта Коцты Жаннæ. Закъоны проект ист æрцыд æмхъæлæсæй.

Коцты Жаннæ ма сессийы рабадты æркæсынмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы дыккаг хайы 465-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект. РХИ-йы Хъалонты æмæ фиддонты комитет фæндон бахаста 465-æм статьяйы 12-æм пункт баххæст кæнын æмæ хъæууон цæрджыты зæххы хъалон фидынæй ссæрибар кæныны тыххæй.

Закъоны проект депутаттæ райстой æмхъæлæсæй.

Депутаттæ ма æмхъæлæсæй райстой  «Æнæзмæлгæ исадыл, уыимæ бадзырдтæ æмæ кадастрон хыгъды барты паддзахадон регистрацийы тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проекты тыххæй. Закъоны проект æркæсынмæ рахаста Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Инал. Йæ ныхæстæм гæсгæ, закъонмæ бафтыдтой, Юстицийы министрад цы паддзахадон лæггæдтæ кæны, уыдоны тыххæй паддзахадон фиддонтæ, кæцытæ хынцыд цæудзысты РХИ-йы Паддзахадон бюджетмæ.

Сессийы ма æркастысты «Республикæ Хуссар Ирыстоны хæрзаудæн архайды æмæ волонтерондзинады тыххæй» закъоны проектмæ.  Фарст уынаффæмæ рахаста Национ политикæ, зонад, ахуырад, культурæ, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юри. Уый банысан кодта, зæгъгæ, хæрзаудæн архайд хъуамæ фидар æрцæуа закъонæй. За-къоны проект депутаттæ райстой æмхъæлæсæй.

Уымæй дарддæр ма, РХИ-йы Парламенты сессийы уынаффæмæ гæсгæ РХИ-йы Централон æвзарæн къамисы скондæй раконд æрцыдысты Лалыты Залинæ (РХИ-йы юстицийы министрæй нысан кæй æрцыд, уымæ гæсгæ) æмæ Туаты Артур (йæхи фæндонмæ гæсгæ). Сæ бынæтты нысан æрцыдысты Годжыцаты Гултамзе æмæ Джиоты Фатимæ.

Сессийы рабадты депутаттæ æркастысты æндæр фарстытæм дæр.

Депутат Диакъонты Амиран æрæмбырдуæвджыты зæрдыл æрлæууын кодта æрæджы Гуырдзыстоны тæхæг аппараттæ (дронтæ) Хуссар Ирыстоны уæлдæфон тыгъдад кæй фехæлдтой, уыцы цауы тыххæй. Диакъоны фырт фæндон бахаста ацы фарст республикæйы хицауады æмæ хъахъхъæнынады министрады раз æрæвæрыны тыххæй, цæмæй ист æрцæуой мадзæлттæ  дарддæр Хуссар Ирыстоны территоримæ ахæм æрбатахтытæ ма бауадзыны тыххæй.

Йæ рады, депутат Тедеты Бахва фæндон бахаста Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты депутат Тедеты Дзамболаты инициативæйы æвварс рахæцыны тыххæй, кæцы цæгатирыстойнаг закъондæттынадон органы рабадты ралæууыд Уæрæсейы территоримæ Хуссар Ирыстоны транспортон фæрæзты æрбаласыны фæтк фæхуымæтæгдæр кæныны фæндонимæ.

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.