Горӕт Цхинвалы ӕмӕ районты милицийы управлениты фадыгон инспектортæ фембæлдысты цæрджытимæ. Кӕд ӕмӕ сæвзӕргӕ фарстытӕн сӕ фылдӕр хай милицийы куыстмӕ нӕ хаудтой, уӕддӕр бынӕттон цӕрджытӕ сӕ тыхстдзинад раргом кодтой ацы ӕмбырдты. Горӕт Цхинвалы ӕмӕ хъӕуты цӕрджытӕн ис алыхуызон проблемӕтӕ. Бынӕттон администрацийы минӕвӕрттӕ кӕд зонгӕ уыдысты цӕрджыты домӕнтимӕ, уӕддӕр активон хайад райстой ӕмбырдты ӕмӕ сдзуапп кодтой цæрджыты бирӕ ахсджиаг фарстатæн.

Рагæй фæстæмæ Ирыстоны егъаудæр хъӕуты, брæттæ кæм не ‘мбæлы, ахæм рæтты калын у проблемон фарст æмæ нырма дæр скъуыддзаг не ‘рцыдис кӕронмӕ. Фадыгон инспектортæ цæрджытыл азилынц æмæ сын æмбарын кæнынц, æнæмбæлон ран брон калыны тыххæй фæткхалджытæ кæй хæссынц бæрндзинад. Фӕлӕ, хъыгагӕн, бирӕ ӕмбӕстӕгтӕ сӕ хъус нӕ дарынц сыгъдӕгдзинадмӕ. Бирӕ рæтты фенӕн ис брæтты кӕритӕ. Ардӕм ӕрӕмбырд вӕййынц ставдкъах фос ӕмӕ хуытӕ, фӕхӕрынц полиэтиленон целлофантӕ ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон брӕттӕ. Арæх фенæн вæййы ахæм ныв дæр, æмæ машинæйы рудзынгæй раппарынц сæ брон æмæ фæндаджы былтæ байдзаг вæййынц алыхуызон целлофан æмæ пластикон мигæнæнтæй. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ не ‘мбæстæгтæй кæмæндæрты сæ культурæ нæй æмбæлон æмвæзадыл.

«Ставдкъах фос æнæхъусдард сты алы хъæуы дæр æмæ æрвылаз дæр разиан кæнынц хуымгæндтæ æмæ цæхæрадæттæн. Адæм тынг тыхсынц, фæлæ сæ тыхстдзинад сæхи аххос у. Раздæр хъæуты дæр фылдæр адæм цардис, фос дæр фылдæр дардтой, быдыртæ дæр иууылдæр бæстон куыст уыдысты, фæлæ хæдзарон фос никæй хъыгдардтой. Ныр сæ сæрмæ нал хæссынц фыййау цæуын, уæгъдæй ауадзынц сæ фос æмæ дзæгъæл фос кæнæ хуымгæндты хиздзæнис кæнæ цæхæрадæттæм бырсдзæнис. Адæм кæрæдзийæ не ‘фсæрмы кæнынц, кæрæдзийы куыстæн аргъ нæ кæнынц æмæ сæм уый фæдыл рауайы хъаугъатæ. Ацы фарст æрмæстдæр аскъуыддзаг уыдзæн уæд, кæд æмæ фыййау райдайой цæуын. Сæ фос сын хизынмæ нæдæр милицийы кусджытæ аскъæрдзысты, нæдæр – бынæттон администрацийы кусджытæ.

Куыд горæт Цхинвалы, афтæ ма районты хъæуты дæр ис дзæгъæл куыйтæ. Уыдонæй бынæттон цæрджытæ тæрсынц æмæ æдæрсгæйæ нæ вæййы сæ бон сæ цурты ацæуын. Бынæттон администрацийы минæвæрттæ ныфс бавæрдтой, æввахс рæстæджы кæй аскъуыддзаг уыдзæн ацы фарст.

Хъæддаг сырдтæ хъæуты цæрджыты хæдзарон фосæн хæссынц стыр зиан. Уый фæдыл хъæуты цæрджытæ равдыстой сæ катайдзинад. Домдтой, цæмæй сын истæмæй баххуыс кæной. Милицийы кусджытæ бамбарын кодтой цæрджытæн, зæгъгæ, кæд искæмæ ис цуанон æхсæнгарз, уæд ын закъонмæ гæсгæ райсæд гæххæттытæ. Сæ бацæттæ кæнын зын нæу, стæй милицийы кусджытæ сæхимæ исынц гæххæттытæ бацæттæ кæныны процедурæ. Синагуры хъæуы цæрджытæ куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ, æхсæнгарз кæмæ ис, уыдонæн дæр бар нæй, цæмæй сæ пайда кæной арæнгæрон зонæйы. Ӕмæ æрмæст Синагуры хъæуы цæрджытæ не ‘взарынц ахæм зындзинæдтæ, фæлæ æппæт арæнгæрон хъæуты цæрджытæ дæр. Ӕхсæнгарз кæмæ ис, уыдон ма стыр зындзинæдтæ æвзарынц нæмгуытæ балхæныны хъуыддаджы. Нæй, кæм сæ балхæной, ахæм магазин. Цы проблемæтыл ма дзырдтой хъæууон цæрджытæ, уыдон уыдысты, дæрддаг хъæуты бирæ рæтты телефоны сигнал рæстмæ кæй нæ ахсы, æвзæр боныгъæдты бирæ хъæуты электроэнерги кæй ахицæн вæййы, телцæджындзтæ кæй базæронд сты, уый аххосæй.  Дзырдтой бирæ æндæр фарстатыл дæр. Бынæттон администрацийы минæвæртты ныхæстæм гæсгæ куыст цæуы къорд проблемæтæ аскъуыддзаг кæныныл, фæлæ сæ иугæндзон аиуварс кæнынæн фадат нырма нæй. Нæ бæстæйы къухдариуæгад стыр хъусдард здахы адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ æмæ ныридæгæн ис æнтыстытæ дæр.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.