Президент Гаглойты Алан бацыд «Дзарцъем»-ы æфсæддон полигонмæ, цыран хуссарирыстойнаг скъолаты хистæркъласонты ахуыр кодтой æхсæнгарзæй æхсыныл æмæ сæ зонгæ кодтой, РХИ-йы Хъахъхъæнынады  министрады чи сты, уыцы специалон æмæ хæстон техникæйы хуызæгтимæ.

Паддзахады сæргълæууæгимæ ма уыдысты хъахъхъæнынады министр Марат Павлов æмæ горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Ромео.

Хистæркъласонтæн ахуыртæ организаци æрцыдысты президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ æмæ сæ уагътой æртæ боны дæргъы.

Знон, ахуырты фæстаг боны, Гаглойты Алан уыдис ахуырты теоретикон хайы, цыран хистæркъласонты ахуыр кодтой автомат æмбырд кæнын æмæ равзарыныл, афтæ ма хæцæнгарзæй æхсыны фæдыл практикон ахуырты дæр.

Полигоны 90 хистæркъалсонæн уыдис автоматæй æхсыны фадат æмæ 25 очкойæ фылдæр чи æрæмбырд кодта, уыдонæн ма бар радтой егъаукалиброн пулеметæй фехсын дæр.

Президент ныхас кодта хистæркъласонтимæ, цымыдис кодта сæ хъуыдымæ ахуырты тыххæй.

«Сымах иууылдæр стут бæдæйнæгтæ. Тагъд рæстæджы сымах хъуамæ равзарат уæ фидæны професси, бирæтæ уæ ахуыр кæнынмæ ацæудзысты Уæрæсемæ æмæ уæ тынг курæг дæн, цæмтæмæ уæ райгуырæн бæстæмæ æрыздæхат цæттæ специалисттæй, мах та нæхи рады сымахæн æппæт уавæртæ дæр сараздзыстæм, цы зонындзинæдтæ райсат, уыдон реализаци кæнынæн. Сымах стут Ирыстоны фидæн», – загъта Гаглойты Алан.

Ахуырты фæуды фæстæ паддзахады сæргълæууæг йæхæдæг дæр равдыста йе снайперон дæсныдзинад.

Дарддæр хистæркъласонтæм æнхъæлмæ каст быдырон къæбиц.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.