Ацы тыхст æмæ уырыд заман ма йæхи бахъахъхъæнынæй уæлдай йæ адæмы, кæстæрты сомбоныл чи тыхсы, нæ истори, нæ культурæ, нæ удварны хæзнатæ чи нæ рох кæны, фæсивæды сыл чи ахуыр кæны, уыдоны хъæбатыртæ схонæн ис.

Æрæджы Хæстон Намысы горæтты Цæдисы (уыдонмæ хауы Дзæуджыхъæу дæр) майданæй хорзæхджын æрцыд Хъæбæлоты Билары номыл сывæллæтты сфæлдыстадон Республикон Галуаны коллектив. Ахæм кадджын хæрзиуæджы аккаг ссис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы темæмæ йе стыр бавæрæны тыххæй. Коллектив карантины уавæрты стыр куыст бакодтой рæзгæ фæлтæры патриотон хъомылады. Программæ «Марафон Победы»-йы фæлгæтты архайдтой галуаны цыппарсæдæ ахуырдзауы. Уыдон онлайн хуызы уагдоны сайтыл, стæй социалон хызæгты мыхуыр кодтой Уæлахизы темæйыл видеофыстытæ, æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, зарджытæ, хæстон къамтæ, нывтæ, хъæбатырты тыххæй бæрæггæнæнтæ… Дæрддзæгмæ хуызы семæ архайдтой æмæ сын амыдтой галуаны ахуыргæнджытæ. Горæты администраци уыцы куыстæн скодта æмбæлгæ аргъ.

«Патриотон хъомылад сывæллæттимæ куыстæн  у йæ сæйраг бындур æмæ йæм здахæм стыр æргом. Уый руаджы рæзгæ фæлтæр хуыздæр зонгæ кæнынц нæ истори, нæ культурæимæ. Тынг æхсызгон нын у нæ зæрдиаг куыстæн аккаг аргъ кæй æрцыд, уый», загъта Галуаны директор Мзокты Аллæ.

Мзокты Аллæ коллективы Кадджын хæрзиуæг – майдан райста Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Икъаты Русланбеджы къухæй. Куыд банысан кодта, афтæмæй йыл уый ноджыдæр сæвæрдта стырдæр бæрндзинад æмæ дарддæр архайдзысты ноджы зæрдиагдæрæй.

   Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.