Цæгат Ирыстоны разамынд сæ разы сæвæрдтой бæлвырд хæс, цæмæй Стыр Фыдыбæстæйы Уæлахизы 77 азы бæрæгбоны мадзæлттæ ацæуой бæрзонд æмвæзадыл.

Дзæуджыхъæуы уал бæрæгбоны агъоммæ æрымысыдысты,  хæстæй чи нал сыздæхт, уыдоны рухс нæмттæ. Хæстон Намысы горæт Дзæуджыхъæуы Намысы мемориал æмæ аллейæмæ дидинджытимæ æрбацыдысты республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Хицауады Сæрдары хæдивæг Тугъанаты Ларисæ, авиацийы отставкæйы инæлар Къаболаты Солтан, Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, æхсæнадон организациты разамонджытæ, республикæйы тыхы структурæтæ æмæ ведомствоты минæвæрттæ…

Кадджын æмбырды архайджытæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты зынгхуыст хæстонты рухс нæмттæ мысынæн иу минут æдзæмæй алæууыдысты, стæй Намысты цыртдзæвæнтыл сæвæрдтой дидинджытæ.

Куыд зонæм, афтæмæй Цæгат Ирыстон дæр иумæйаг Уæлахизмæ бахаста стыр бавæрæн. Республикæйæ хæсты архайдта 90 мин адæймаджы бæрц. Уыдонæй сæ цард радтой 45 мины, ома, алы дыккаг хæстон дæр. Нæ чысыл Ирыстонæй 79 хæстоны та систы Советон Цæдисы хъайтартæ.

«Йæ цард Фыдыбæстæйæн чи снывонд кодта, уыдонæй алчи дæр у кад æмæ намысы аккаг, сæ рухс нæмттæ та сты фидæны фæлтæртæм сыгъдæгæй хæссинаг æмæ мысинаг. Уыдонæй алчи дæр йæ цардыл нæ ауæрдгæйæ, хæстæгæй-хæстæгдæр кодта не стыр Уæлахизы бон», – загъта йæ раныхасы Къаболаты Солтан.

Куыд ма фыстам, афтæмæй, Уæрæсейы знæгты фыддæрадæн, ацы аз  Уæлахизы бæрæгбон уæрæхдæрæй сбæрæг кæныныл архайы республикæ. Бæрæгбоны бирæ алыхуызон мадзæлттæ аразынæй уæлдай ма, горæты уынгты алы къахдзæфæн æвæрд баннертæй кæсынц нæ кадджын ветеранты къамтæ. Бафиппайын хъæуы уый æмæ раздæры азтæй уæлдай, хуыздæр сын балæггад кæныны нысанæн, æппæт баннертæ дæр æвæрд æрцыдысты лæвар.

Дзæуджыхъæуы уынгты та знон, цыппæрæм майæ ацыд Уæлахизы трамвай-музей æмæ цæудзæн 14 маймæ. Трамвай æддейæ фæлгонцгонд у Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы тырысатæй, йæ фæрстыл ис бæрæгбонимæ баст цымыдисаг нывтæ, фыстытæ…  Кæй фæнды, уыдонæн сæ бон у трамвайыл сбадын æмæ Уæлахизы стыр ахадындзинад хуыздæр банкъарын. Трамвай-музейы æвæрд экраныл æвдыст цæуынц хæстон темæйыл кинонывтæ, зарджытæ… Цы алыхуызон экспонаттæ дзы ис, уыдон æвдисынц хæсты æвирхъау трагеди. Волонтертæ та адæмыл хъуамæ байуарой 15 мин Георгиаг лентæйы.

Ноджыдæр ма иу арфæйаг акци арæзт цæуы Цæгат Ирыстоны. Республикæйы скъолаты кълæстæн лæвæрд цæуынц хъæбатырты нæмттæ. Ныридæгæн дзы фæзынд сæдæгæйттæ. Уыцы куыст дарддæр цæуы.

Сæйрагдæр у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантыл аудын канд Уæлахизы бон нæ, фæлæ æрвылбон дæр.

ЗЫНГХУЫСТ  ХÆСТОНТЫ  КАДÆН

Украинæйы сæрмагонд операцийы Ирыстонæй чи архайы, уыдонæй Уæлахизы сæраппонд ныридæгæн сæ цард радтой 67 лæппуйы. Нæ чысыл Ирыстонæн уый стыр трагеди у, фæлæ цы гæнæн ис. Ацы лæп-путæ сæ хæс уæлдайджынтæй сæххæст кодтой Фыдыбæстæйы раз.

Уæрæсейы Президент Владимир Путины Указæй, æрæджы респуб-ликæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло ацы лæппутæй фондзы сæ мæлæты фæстæ Лæгдзинады ордентæй кæй схорзæхджын кодта, ууыл ма фыстам.

Уымæй цалдæр боны фæстæ ахæм хæрзиуджытæ радтой Михаил Скоков, Олег Ковальчук, Игорь Леонов, Харебаты Алан, Мæргъиты Артур, Александр Железов, Коцты Эльбрус, Бахъаты Андрей, Сергей Суслов, Гæгуылаты Георги æмæ Шахин Ахмедовæн сæ мæлæты фæстæ.

Ныр та уыцы хæрзиуджыты аккаг систы фараст зынгхуыст хъæбатыр лæппуйы Мæздæджы, Кировы æмæ Рахизфарсы районтæй.  Сæ мæлæты фæстæ Лæгдзинады ордентæй хорзæхджын æрцыдысты Вадим Дубаделов, Мысыккаты Чермен, Милдзихты Эдуард, Игорь Ковалев, Акоп Казарян, Александр Коваленко, Осман Ибрагимов, Беслан Лукожев æмæ Гулаты Мæирбег. Хъæбатырты хæрзиуджытæ райсынмæ æрбацыдысты се ‘намонд ныййарджытæ æмæ хиуæттæ. Фæйнæ милуан сомы та райстой фæмардуæвджытæн се ‘ппæты бинонтæ дæр.

Сергей Меняйло куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы разамынд æфхæрд бинонтæн æххуыс кæндзæн алцæмæй дæр.

Нæ  уацхæссæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.