Нæ бæстæйы экономикæйы йæхи сæрмагонд бынат ис хъæууон хæдзарадæн.  Республикæйы разамынад исы мадзæлттæ цæмæй йæ къахыл слæууа ацы фадыг. Фермерон хæдзарадты къухдариуæггæнджытæн лæвæрд цæуынц хатырон кредиттæ, исынц æндæр хуызы æххуыстæ дæр, фæлæ уавæр уадиссаг не ‘ггуырсы йæ бынатæй. Æцæг, хицæн фермертæн ис æнтыстытæ, фæлæ уыдон иугæйттæ сты.

Уыдон сты куыстуарзаг адæймæгтæ, кæцытæ зындзинæдтæй нæ тæрсынц, сæ уавæртæ сæ куыд амонынц, афтæ архайынц.

Цхинвалы районы Хелчуайы хъæуы цæрæг Хуыгаты Хаджумары дæр адæм зонынц куыд куыстуарзаг адæймаг, афтæ. Сæрдæй-зымæгæй 60 аздзыд нæлгоймаг æрæнцой нæ зоны. Йæхи куы базыдта, уæдæй нырмæ кæны кусгæ. Хаджумар æмæ йе’мкъай Джульеттæ æлхæнгæ ницы кæнынц. Сæ куыствæллойæ сæ хæдзарад у хъæздыг. Канд халсæрттæ сæм нæй, фæлæ ма алыгъуызон дыргътæ: фæткъуы, кæрдо, бал, цым, æхсæртæ, алтъами, мæнæргъы, æрыскъæф. Дарынц фос, кæнынц мыддарды куыст дæр. Бинонтæ иумæ рацæуынц кусынмæ, зонынц зæххы куыстæн йæ аргъ.

Цалдæр азы размæ та сæхи фæрæзтæй сарæзтой хъæрмуат. Уым цы тыллæг æркæнынц – басгæрдæг, цæхæрайы сыфтæ, цъæх хъæдындз, цывзы, памидорты садзæнтæ  уыдоны æрласынц горæты базармæ æмæ сæ уым æрбауæй кæнынц. Хорз зылд хъæрмуаты фæзуат у 400 квадратон метры. «Кæй зæгъын æй хъæуы, фыдæбон дзы бирæ ис, фæлæ æнæ кусгæ дæр ницы ис. Алы куыст дæр хъæуы зæрдиагæй æмæ уæнгрогæй æххæст кæнын æмæ æрмæстдæр уæд вæййы фæстиуæг», – зæгъы бинонты хистæр.

Хъæрмуат саразын сын æнцон нæ уыд, уый тыххæй бинонтæ ауæй кодтой сæ машинæ. Æфсæйнаг конструкцитæ æрластой Цæгат Ирыстонæй. Йæ фæрстæ æмбæрст сты лексанæй. Донхæры дон æм рауагътой æмæ хъæрмуаты æвæрд цы боцкæтæ ис, уыдоны байдзаг кæнынц, афтæмæй донхæр цæуы. Фыццаг азты уадиссаг тыллæг нæ райстой, уымæн æмæ рæстмæ нæма зыдтой хъæрмуаты тыд халсæрттæм базилын.Ныр сæ ныфс ис бирæ фылдæр тыллæг райсынæй. Ныртæккæ нæ горæты бирæ кæрдзынгæнджыты ифтонг кæны цæхæрайы сыфтæ æмæ басгæрдæгæй Хаджумар йæ хъæруаты фæрцы.

«Нæхи æркæнгæ халсæрттæн сæ гъæд бирæ хуыздæр у. Мах сыл минералон хъацæнтæ нæ кæнæм. Дзырддæр ыл нæй, уый тыххæй махæн нæ къух кæй аразынц нæ климатон уавæртæ. Зæххытæ мæм бирæ ис, фæлæ хи техникæ куыннæ уа, уæд зын у кусын лæгдыхæй. Мæнмæ бирæ фæндтæ ис, мæ бон байтауын у картоф дæр. Хицауад мын техникæйæ куы баххуыс кæнид, уæд мæ бинонтимæ уыцы куыст дæр бакæнин», – зæгъы уый. Хуыгаты Хаджумары хуызæн зæхкусджытæ нæм фылдæр куы уаид, уæд сæрибарæй ифтонг цæуиккам хи æркæнгæ дыргътæ æмæ халсæрттæй.

Уый хуызæн куыстуарзаг адæймæгтæн æмбæлы баххуыс кæнын дæр.Уæд хъæрм-уат хæдзарадты нымæц фылдæрæй-фылдæр кæнид. Хаджумар куыд зæгъы, аф-тæмæй хъæрмуат саразыныл уый бахардз кодта æхцайы фæрæзтæ 8 милуан сомы бæрц. Уыцы хæрдзтæ нæма бамбæрста, фæлæ уæддæр нæ хъаст кæны. Сæйраг у уымæ техникæйæ фæкæсын.

Иуныхасæй, ахæм фæллойуарзаг бинон-тæн тас ницæмæй у, цыфæнды экономикон кризис куы уа, уæддæр. Уый нæ, фæлæ ма ныфс сты нæ горæты цæрджытæн дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.