РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы къухдариуæгадæй цы æмбырд уагъд æрцыд, уым уынаффæ кодтой районты уынгтæ сыгъдæг кæныны проблемæйыл, кæцы сæвзæрд цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады фадыджы ног нормативон-барадон документтæ сфидар кæныны фæстиуæгæн.

Æмбырды хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг  экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади, профилон министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæн-джытæ, районты сæргълæуджытæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй фарон декабры мæйы фидар æрцыдысты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады лæггæдты фæдыл экономикон æгъдауæй сфидаргонд тарифтæ, кæцыты бындурыл районты администрацитæн 2019 азы рахицæн кодтой æхцайы фæрæзтæ, уыдоны нымæцы уынгтæ сыгъдæг кæнын æмæ цардуагон брæттæ ласынæн.

Районты администрациты сæргълæуджыты ныхæстæм гæсгæ, ацы лæггæдтæ бакæнынæн хъæуы фылдæр æхцайы фæрæзтæ, уымæн æмæ ног нормативон документацийы цы территоритæ фыст æрцыдысты, уыдонæй æфснайæн территоритæ сты фылдæр.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады бахæсмæ гæсгæ арæзт æрцыд кусæгон къамис ацы фарстатæ скъуыддзаг кæныны тыххæй, кæцыйы скондмæ цыдысты республикæйы районты, Юстицийы министрады, Экономикон рæзты, Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады дæлхæйтты минæвæрттæ.

Æмбырды рæстæджы бæрæг æрцыд, фыццаджы уал кæй хъæуы сбæрæг кæнын æнæхицау фæзуæттæ, уыдонæн техникон паспорт саразын æмæ сæ сæвæрын районты Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадты управлениты хыгъды сæвæрын.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.