«Куыстуарзаг бинонтæн тас ницæмæй у, цыфæнды экономикон кризис куы уа, уæддæр», – афтæ райдыдта немæ йæ ныхас Цхинвалы районы Ксуисы хъæуы цæрæг Бестауты Тенгиз.

Республикæйы разамынад архайы, цæмæй бæстæйы экономикæ сæндидза. Уый нысанæн фермерон хæдзарадтæ саразын кæй фæнды, уыдонæн ныр цалдæр азы лæвæрд цæуынц хатырон кредиттæ, исынц æндæр хуызы æххуыстæ дæр. Ацы азы дæр лæвæрд цæудзæн кредиттæ 50 амалиуæггæнæгæн. Хицæн фермертæн ис æнтыстытæ, фæлæ уæддæр уадиссаг хъуыддаг нырма не ‘ггуырсы йæ бынатæй. Бирæтæ кредит куы райсынц, уæд уæлæнгай митæ  акæнынц, уый фæстæ, ома, мæ куыст куыд æмбæлы, афтæ нæ ацыд, уый æфсонæй æрдæгыл ныууадзынц сæ хъуыддаг.

Фæлæ æцæг фæллойгæнæг зоны, зæххы куыст куы уарзай, уæд дын æнæмæнг кæй ратдзæн фæстиуæг. Бестауты Тенгизы бинонты адæм зонынц, куыд куыстуарзаг æмæ фæллойгæнæг адæм, афтæ. Сæ уавæртæ сæ куыд амонынц, сæ архайд дæр афтæ у. Сæрдæй, зымæгæй бинонтæн æрæнцой нæй, се ‘взонджы бонтæй нырмæ. Тенгиз æмæ йе ‘мкъай Наирæ халсæрттæ æмæ дыргътæ æлхæнгæ никуы кæнынц. Дарынц фос, кæнынц  мыддарды куыст дæр. Бинонтæ архайынц иумæ, сæ дыууæ лæппуйы дæр сæм фæкæсынц. Цалдæр азы размæ та сарæзтой хъæрмуат. Уым цы тыллæг æркæнынц –  басгæрдæг, цæхæрайы сыфтæ, цъæх хъæдындз, цывзы, пъамидоры садзæнтæ, уыдон æрласынц горæты базармæ æмæ сæ уым цæстыфæныкъуылдмæ æрбауæй кæнынц.

Хъæрмуат саразын сын æнцон нæ уыд, уый тыххæй дыууæ азы размæ хицауадæй райстой кредит, фæлæ уыцы фæрæзтæ фаг нæ уыдысты æмæ бинонтæ сæ машинæ дæр ауæй кодтой. Хъæрмуатæн æфсæйнаг конструкцитæ æрластой Цæгат Ирыстонæй. Йæ фæрстæ йын бамбæрзтой лексанæй. Донхæры дон ам рауагътой æмæ хъæрмуаты æвæрд цы боцкъатæ ис, уыдоны байдзаг кæнынц, цæмæй, дон куы аскъуыйа, уæд хъуаг ма баййафой. Фыццаг аз уадиссаг тыллæг нæ райстой, уымæн æмæ бинонтæ рæстмæ нæма зыдтой хъæрмуаты тыд халсæрттæм базилын. Ныр сæ ныфс ис бирæ фылдæр тыллæг райсынæй. «Нæ горæты цалдæр кæрдзынгæнæгимæ бадзырдтам æмæ сæ ныр цалдæр мæй ифтонг кæнæм цæхæрайы  сыфтæ æмæ басгæрдæгæй», – зæгъы Наирæ.

Уый ма зæгъы, зæгъгæ сæм бынатмæ дæр цæуынц горæтæй æлхæнджытæ. Сæ халсæрттæ æмæ дыргътыл минералон хъацæнтæ нæ кæнынц, æрмæстдæр – фаджыс. Стæй ма, дам, нæ климатон уавæртæ дæр хорз кæй сты, уый дæр сын сæ къух аразы. «Ныртæккæ сæрибар зæххытæ бирæ ис, фæлæ техникæйæ цух кæй стæм, уый тыххæй бирæ фæфыдæбон кæнæм. Лæгдыхæй цас хъуамæ бакусай. Бæргæ мæм бирæ фæндтæ ис, мæ бон байтауын у картоф дæр. Хицауад мын техникæйæ кæд аххуыс кæна, уæд мæ бинонтимæ уыцы куыст дæр кæнин», – загъта Тенгиз.

Бестауты Тенгиз æмæ йæ бинойнаг Наирæйы хуызæн куыстуарзаг бинонтæн æмбæлы баххуыс кæнын. Бæргæ сын сæхи техникæ куы уаид, фæлæ нырма уыйбæрц ницы бакуыстой, цæмæй йæ сæхи фæрæзтæй самал кæной. Бинонты хистæр куыд зæгъы, афтæмæй саразид ноджыдæр иу ахæм хъæрмуат. Зæгъы, зæгъгæ, хъæрмуат цы æхцайы фæрæзтæй сарæзта, уыдонæй йын 250 мин сомы радта Хицауад хатырон кредиты хуызы. Йæ машинæ дæр райста уыйбæрц. Хъæрмуат саразыныл ын ацыд 500 мин сомы бæрц. Уыцы хæрдзтæ нæма бамбæрзта, фæлæ уæддæр йæ архайдыл нæ фæсмон кæны.

Ахæм куыстуарзаг бинонты, æцæгдæр, хъæуы сæхи техникæ, цæмæй сæ куы бахъæуа, уæд дзы  сæ куыст кæной…

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.