Лæджы куыд фæфæнды, йæ хъуыддæгтæ æрвылхатт афтæ нæ рауайынц. Царды фæндагыл бирæ вæййы ныхдуртæ, къуылымпыдзинæдтæ. Уыдонæй иуæй-иу адæймæгтæ æнцонтæй фæтæрсынц. Сæ мидбынаты фæстæмæ-размæ фæцоппай кæнынц. Фæагурынц æнцондæр ахизæнтæ, кæнæ та сæ йæ уацары бакæны æнæныфсхастдзинад æмæ зæрдæдзурæнты фæвæййынц.

Фæлæ алчи афтæ нæу, нæ фæагуры надвæндæгтæ, æнцондæр ахизæнтæ, фæлæ йæхæдæг бацархайы ахæм фæндæгтæ айгæрдыныл. Мæнгæй нæ баззадис адæмы ‘хсæн ахæм ныхас, зæгъгæ, ахæм хъуыддаг нæй æмæ адæймаджы цы бафæнда æмæ цы нæ сараза.

Раст уыцы адæймæгтæй у Знауыры районы Оконайы хъæуы цæрæг æвзонг куыстуарзаг лæппу Пухаты Мамукъа дæр. Куыстуарзаг бинонты ‘хсæн хъомыл кодта æмæ йæ чысылæй фæстæмæ банкъардта куысты ад, зæххæй кæй цæуы сой, уый. Æмæ æдзух йæ ныййарджыты фарсмæ уыд сæ цæхæрадоны куыстытæ бакæныны рæстæджы. Ныр йæхæдæг йæхиуыл куы феввæрсыд, уæд сфæнд кодта йæ тыхтæ йæхæдæг сфæлварын. Зæххы куыст кæнгæйæ æмбæрста, боныгъæд алы хатт кусæджы къух кæй нæ аразы.  Хатт ахæссы тæвд бонтæ æмæ байтыдтытæн тынг ратых кæнынц хуры тынтæ, афтæ сын ратых кæнынц дæргъвæтин къæвдатæ дæр. Уымæ гæсгæ Мамукъа сфæнд кодта хъæрмуат саразын. Уыцы рæстæджы райдайгæ фермертæн арæзт æрцыд æххуысы программæ. Æркастысты Мамукъайы куырдиатмæ дæр æмæ йын æххуысы хуызы лæвæрд æрцыд 63 мин сомы. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, фаг нæ уыд, цы хъæрмуат арæзта, уымæн. Бафтыдта ма  йæм йæхи фæрæзтæ дæр æмæ йæ сарæзта. Ныссагъта дзы пъамидоры садзæнтæ æмæ райста йæ фыццаг тыллæг. Уæй та сæ акодта бынаты. Мамукъа куыд зæгъы, афтæмæй сæ горæтмæ æрласын æмæ сæ уым ауæй кæнын зын у. Иуæй дæ рарвит-барвит кæндзысты иу бынатæй иннæмæ, аннæмæй та сæ асламæй чи балхæны æмæ сæ дывæрæй чи фæуæй кæны, уыдон сæ стыхсын кæнынц, цæмæй сын сæ къапеччытыл радтай. Уымæ гæсгæ пайда дæр у бынаты сæ ауæй кæнын.

Пухайы фырт æрмæст хъæрмуат саразыныл не ‘рлæууыд. Мыддард райтынг кæныны тыххæй дæр кредиты хуызы райста æхцайы фæрæзтæ 500 мин сомы. Мыддард райтынг кæнын пайдайыл нымайы Пухайы фырт æмæ балхæдта мыды чыргъæдтæ. 100 бæрц ын уыдаиккой, фæлæ йын дзы мæлгæ дæр акодта. Ныр бацархайдта, цæмæй уыдон æдыхст зымæг арвитой.

Бирæ хорз фæндтæ ис ноджыдæр Пухайы фыртмæ. Уый ма фæнды сæндон ныккалын æмæ кæсагдард райтынг кæнын дæр.  Бантысæд ын сæ сæххæст кæнын.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.