Хи стауыны тыххæй йæ нæ зæгъын. Ныхас æрæфтыд, дæлдæр кæй кой ракæнынмæ хъавын, уый адæймагдзинад æмæ æвзыгъддзинады тыххæй. Цæвиттон, ацы хуыцауысконд адæймагимæ куы базонгæ дæн, уæд ын чъызгæйæ бамбарын кодтон, фæндырæй цæгъдын бирæ кæй уарзын æмæ мæм чысыл куы фæкæсис, зæгъгæ. Уый йæ мидбылты æхсызгон худт бакодта æмæ сразы мæ фæндоныл. Фæлæ æз та райдианы тыхсгæ кодтон, уымæн æмæ 27-аздзыдæй бирæтæ систы зынгæ музыканттæ æмæ ма мæнæй исты рауайдзæн, æртасдзысты ма ме ‘нгуылдзтæ фæндыры амонæнтыл. Фæлæ ацы æмгаруарзаг æмæ йæ дæсныйадыл иузæрдион адæймаг зындзинæдтæй нæ фæтарст æмæ мæм бæстон æрдардта йæ хъус. Фæстæдæр ма каст фæдæн Мæскуыйы аивæдты адæмон университет фæсаууонмæ æмæ ахуыры рæстæджы ам дæр мæ фыццаг ныфсы адæймаг уыд. Æмæ чи фæуыдзæн нымад, Джыгкайты Сергей (Хаджумар) аивады рухс тынтæй кæй барæвдыдта, сæ зæрдæтæ кæмæн барухс кодта æмæ абон дæр кæны, уыцы кæстæрты.

Аивады тых æгæрон у, хуры хъарм тынтæй уæлдай та уæвгæ нæу æмæ уымæ гæсгæ йæхимæ тынг æлвасы, цæргæсы базыртау уæнгтæ сæхи хæрдмæ сивазынц. Æмæ уæд аивадæн табугæнæгæн нал вæййы æрæнцой, хъуамæ иууылдæр хъустæ æмæ цæстытæ фестай æмæ йæм тавай дæхи, цины æнкъарæнтæй суыдзынæ хъæлдзæг. Хаджумар астæуккаг ахуырад нæ горæты дыккæгæм астæуккаг скъолайы райста, горæты дæр дзæвгар бынæтты фæкуыста, фæлæ уæддæр рагæй фæстæмæ йæ уарзон хъæу – Сатихъарыл нæ ивы йæ зæрдæ, уый хоны йæ райгуырæн, йæ фыдæлты уæзæг. Уымæн æмæ йын хъæууон уæлдæф æмæ æрдзы ад ницы кæны. Ныр дæр Сатихъары æрбынат кодта, ардыгæй рараст вæййы горæтмæ, цæмæй аивады, ном-хуындæй та фæндыры æхцон зæлты ад банкъарын кæна, зæрдийæ йæ чи бауарзта, фылдæр дзы йæ дарддæры цардвæндагæн ирон фæндыр чи равзæрста, уыцы æвзонг кæстæртæн. Уымæн æмæ зоны, кæддæриддæр кæстæрмæ кæй хъæуы къух фæдаргъ кæнын, ахуыры хъуыддагыл æй баф-тауын. Йæхæдæг ма абон дæр æрæмысы, йæхицæн ын фæндырыл цæгъдыны сусæгдзинæдтæ чи нæ хæлæг кодта, уыцы фæндыр-дзæгъдджытæ ныр дзæнæттæгтæ Цъæхилты Хаджи æмæ Гаглойты Павелы. Йæ къухмæ фæндыр та исгæ раджы ракодта, уартæ ма хæрз чысыл куы уыд, уæд æмæ аивадуарзджыты зæрдæтæ рухс кодта йæ цагъдæй. Цыппæрдæс азы йыл цыд æрмæстдæр, нæ горæты Культурæйы хæдзары кусын куы райдыдта, уæд. Уæд дзы директорæй та куыста Гасситы Барис,уымæ уыд æгæрон курдиат аивадмæ æмæ коллектив дзыллæты ‘хсæн парахат кодта йæ аивады тых.

Фæстæдæр Джыгкайы фырт йе ‘мбæстагон хæс кадимæ бафыста Советон Æфсады рæнхъыты. Æфсадæй æрыздæхыны фæстæ бирæ нæ фæхъуыды кодта йæ дарддæры цардвæнда-джы тыххæй, уымæн æмæ йæ зыдта, аивад, фæндырæй йын фæиппæрдгæнæн кæй нæй, уый. Уымæ гæсгæ ахуыр кæнын райдыдта Дзæу-джыхъæуы аивæдты ахуыргæнæндоны хоро-дирижерон хайады æмæ зæрдиагæй æрæвнæлдта зонындзинæдтæй йæхи схотыхджын кæнынмæ. Ныр дæр ма стыр æхсызгонæй æрæмысы, сæ зонындзинæдтæ йын рæдауæй чи амыдтой, уыдон-Лолаты Андрей, Кокойты Агуындæ, Мукагъаты Петр, Калманты Земфирæ æмæ иннæты. Хаджумар йæ ахуыр хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци 1971 азы, æрцыд йæ райгуырæн Хуссар Ирыстонмæ æмæ кусын райдыдта йæ дæсныйады фæдыл. Уыцы рæстæджы область цух уыд дæсны кадртæй æмæ уымæ гæсгæ куыста цалдæр бынаты. Зæгъын хъæуы, Джыгкайы фырт цы куыстмæ бавнæлдтаид, уый талф-тулфтæй нæ амыдта, алы суинагмæ дæр ардта фæндаг æмæ сæ хотыхджын кодта аивадæй. Æрмæст ын йæ куысты бынæттæ куы ранымайæм, уæддæр бæрæг у, ацы диссаджы адæй-магмæ аивады сæраппонд дзæвгар тых æмæ æвзыгъддзинад кæй ис, йæ зонындзинæдтæ кæй нæ хæлæг кæны, фæлæ сæ рæдауæй кæй лæвар кæны рæзгæ фæлтæрæн, уый. Ксуисы астæуккаг скъола, хъæууон клуб, Совпрофы Культурæйы хæдзар, Дзауы скъола-интернат, Анахарсисы номыл республикон библиотекæ, Цхинвалы 7-æм астæуккаг скъола, 131-æм профтехахуыргæнæндон, Арцеуы хъæууон клуб æмæ æндæр рæтты баззад йæ куысты фæд.

Хаджумар йæ дæсныйадмæ гæсгæ зарджыты ахуыргæнæг у, æмæ диссаг нæу, йæ аивадон къухдариуæджы разамындæй, Цхинвалы районы Ксуисы астæуккаг скъола район æмæ уæды областон олимпиадæты кæддæриддæр раззаг бынæттæ кæй ахста, уый. Уæлдæр æрхæсгæ коллективтæй сæ фылдæры уыд фæндырдзæгъдæг, сæ аивадон разамонджытæ уыцы коллективтæн уыдысты Гуыцмæзты Хъазбег, Хъоцыты Феликс, ныр дзæнæттæгтæ Гаглойты Хазби æмæ Гæгойты Шота. Кафджыты ансамблтæн фæндыр-дзæгъдæг уæвгæйæ,йæ хъус лæмбынæг дардта ацы дæсны хореографты амындтытæм æмæ тагъд йæхæдæг дæр кафты сусæгдзинæдтæ амонын райдыдта скъоладзаутæн. Куыд æвзыгъд ра-зынд кафты аивад амонынмæ, уый бæрæг у уымæй дæр, æмæ йæ хæдархайгæ къордтæ алы хатт дæр уыдысты раззаг бынæтты. Иу рæстæджы Гуырдзыстоны, Зугдиды районы Рохайы уагъд цыдысты фæсивæдон бæрæг-бонтæ, хайад дзы иста Ксуисы астæуккаг скъолайы кафджыты хæдархайгæ аивадон коллектив дæр Джыгкайты Х. разамындæй æмæ сын уыд хорз æнтыст. Хуссар Ирыстонæй уым уыд нæ минæвар инæлар Джиоты Къоста æмæ йын йæ æнтыстыты тыххæй фæарфæтæ кодта. Дзауы скъола-интернаты кусгæйæ та кафджыты къорд хайад райста фæсивæдон æркаст-фестивалы. Хъæууон скъолайы куы куыста, уæд кæстæрты канд кафт æмæ зарды аивадыл нæ цайдагъ кодта, фæлæ ма сын æвæрдта къаннæг спектакльтæ æмæ скетчтæ. Абон Хаджумар буц у, йæ раздæры ахуыргæнинæгтæй бирæтæ аивады зын, фæлæ кадджын фæндагыл кæй æрлæу-уыдысты, уымæй. Ахæмтæ сты Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры артисттæ Къуезерты Фатимæ, Тъехты Уасил, Дыгъуызты Жаннæ, ансамбль «Симд»-ы раздæры кафджытæ Цæндиаты Терезæ, Тъехты Иван, Мæлдзыгаты Инал, Бестауты Илья, Томайты Умар, Хуыгаты Эдуард (ныртæккæ та кусы Хъæрæсе-Черкесскы ан-самбль «Кавказ»-ы). Дзæуджыхъæуы Хъæууонхæ-дзарадон институты кафыд йæ раздæры ахуыргæнинаг Мамытаты Æхсар, Тедеты Геба каст фæци хореографион студи, фæстæ-дæр та кафыд Черкесскы ансамблтæй сæ иуы, Лæууойты Радик ахуыр кодта музыкалон скъолайы фæндыры хайады. Цалдæр азы размæ цыбыр рæстæгмæ фæндырæй цæгъдыныл сахуыр кодта йе ‘рвад Джыгкайты Радикы æмæ ныртæккæ та ахуыр кæны Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны аккордеоны хайады. Джыгкайы фырт ныр цалдæр азы кусы нæ горæты Аивæдты лицейы æмæ йæ зонындзинæдтæ рæдауæй амоны, ирон фæндыры зæлтæ йæ зæрдæмæ æввахс чи айста, уыцы курдиатджын ахуыргæнинæгтæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнцон нæу фæндырыл амонын, дзæв-гар тых æмæ фæразондзинад домы, фæлæ Хаджумар зындзинæдтæй нæ тæрсы, уайтагъд йæ фæллад æрбай-сæфы, йæ кæстæртæ размæ куы акъахдзæф кæнынц, уæд. Ныртæккæ дæр ам ахуыр кæны, сомбон стыр ныфс кæмæй ис бавæрæн, ахæм курдиатджын фæлтæр. Уыдон та сты Уалыты Регинæ, Гæбæраты Ирбег, Гæззаты Иринæ, Табуты Дианæ, Саламты Гела æмæ æндæртæ. Уыдонæй сæ иутæ фæнд кæнынц фæндыры дæсныйады фæдыл уæлдæр ахуыргæнæндæтты сахуыр кæнын.

Хаджумар йæ царды аивады фæндагыл кæй æрлæууыд, уымæй у райгонд. Хатт рауайы афтæ, æмæ йæ хорз куысты тыххæй хорзæхты аккаг чи вæййы, уый фæсвæд аззайы. Хаджумарæн дæр рагæй æмбæлы сгуыхт кусæджы ном радтын, фæлæ ууыл бынтондæр нæ тыхсы. Йæ иууыл стырдæр хорзæхтæ сты, кæй схъомыл кодта æмæ ныр дæр кæны, уыдон кадимæ кæй дарддæр кæнынц æмæ кæндзысты ирон аивады тых. Уым ис йæ иууыл стырдæр хорзæх .

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.